Рецензи филологон зонӕдты кандидат, профессор БИТАРТЫ ЗОЙӔЙЫ ахуыргӕнӕн чиныг “АБЕТӔ”-йы I-аг ӕмӕ II-аг хайы чингуыты тыххӕй

Профессор Битарты Зойӕ фӕстаг дӕс азы нӕ ахуыргӕнӕндӕтты, уӕлдайдӕр, скъолаты куыст йӕ къахыл, куыд ӕмбӕлы, афтӕ сӕвӕрын, ахуырдзау фӕсивӕды ахуыргӕнӕн чингуытӕй сифтонг кӕнын, нӕ мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ ирон нывӕфтыд литературӕйы ахуыргӕнджытӕн сӕ фарсмӕ балӕууыны тыххӕй цас тых хардз кӕны, уый ӕрмӕстдӕр нӕ мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ нӕ адӕмы сӕфтмӕ чи бӕллы, дӕлӕ нӕ фыдбоны сыхӕгтӕн америкӕйаг доллартыл чи куса, ахӕм мӕрддзӕст адӕймаг нӕ фендзӕнис, ӕндӕр ӕй ирон дзыллӕ ӕмӕ Ирыстоны патриот ма фӕхата, ма йыл бацин кӕна, уый гӕнӕн нӕй. Ӕмӕ уый сур ныхас нӕу. Уыцы хъуыддагӕн ӕвдисӕн сты Зойӕйы арӕзт “Абетӕ”-йы дыууӕ фыццаг чиныджы.

Чингуытӕн ӕрмӕст се ‘ддаг бакастӕй дӕр хурварс абады адӕймаджы зӕрдӕ: сабийы къухы чи сфидауа, иу фендӕй йӕ йӕхимӕ чи ӕрбалваса, ахӕм бакаст сын ис. Сӕхӕдӕг куыд фӕдзурынц: “тыбар-тыбур кӕнынц” – сӕ нывтӕн профессионализм кӕм нӕ фаг кӕны (нывгӕнӕджы ӕрмдзӕфӕй фылдӕр хатт фототӕ цымыдисондӕр, зӕрдӕмӕдзӕугӕдӕр сты), уым дӕр арвыроны хуызтӕ рӕвдауынц адӕймаджы цӕстӕнгас.

Чингуыты ис, ахуырдзау цӕуыл бацин кӕна, йӕ алыварс дуне цӕмӕй базона, ӕгӕрыстӕмӕй, йӕ мидбылты цӕуыл бахуда, ахӕм алыхуызон ӕрмӕг. Ӕмӕ сӕ автор сабитӕн тыхӕй нӕ хъары. Сӕхӕдӕг сыл, бынтон сӕ куынӕ фӕнда, уӕддӕр скъуырдзысты сӕ цӕстӕнгас. Фендзысты сӕ, базондзысты сӕ барвӕндӕй. Хорз уый у.

Чингуыты ӕнтыстыл ӕнӕмӕнг банымайын хъӕуы, иуӕй-иу ӕвӕлтӕрд кӕнӕ йӕ куыстмӕ бӕрнон ахаст чи нӕ дары, ахӕм чиныгаразджытӕ сӕ “фыдӕбон” сӕхи ӕнӕраны тексттӕ ӕмӕ “уацмыстӕй” куы байдзаг кӕнынц, уыцы хъуыддагӕй Зойӕ йӕхи кӕй хизы, уый дӕр. Ӕппынӕдзух йӕ хъус дары, нӕ хуыздӕр фысджытӕ сабитӕн цы чингуытӕ сфӕлдыстой, Фыдыбӕстӕйы уарзт, хъомыладон фарстытӕ, куыстуарзондзинад, нӕ алӕмӕтон ӕрдзыл цы ӕнӕмӕлгӕ хъуыдытӕ рахастой адӕмы рӕгъмӕ, се стыр аивад кӕм фенын кодтой (ӕцӕг дзы иудзӕв-гары, хъыгагӕн, зыны ӕвӕлтӕрд къухы фӕд ӕмӕ дӕлдӕр кӕнынц чингуыты нысаниуӕг), уыцы нывӕфтыд дзырдмӕ. Ӕмӕ уый ӕнтыстыл нымаинаг у. Уымӕн ӕмӕ чингуыты уыцы раппӕлинаг куыст уынӕм сӕрӕй кӕронмӕ.

Чингуытӕн сӕ ном сӕ уӕлӕ ис – “Абетӕ”. Скъолаты фыццаг къласонтӕ ардыгӕй хъуамӕ райдайой сӕ ахуырадон фӕндаг. Ӕмӕ куыддӕр I-аг чиныджы цъар рафӕлдахӕм, афтӕ нӕ цӕст ахӕссӕм ирон дамгъуатыл. Фӕлӕ 33-йӕ фылдӕр не сты, кӕд сӕ автор 34 хоны, уӕддӕр. Мӕгуырӕг “й” дамгъӕйы хъуыдыгӕнӕг нӕ фӕци – ӕрбайсӕфт нывгӕнӕджы аххосӕй. Ӕрмӕст разынд чиныджы фӕстаг цъарыл.

Фӕлӕ нӕ искӕй рӕдыдмӕ къӕппӕй лӕуд адӕмы ӕндӕр хабар фесхъиуын кодта. Автор зӕгъы: “Дамгъӕтӕ ё, ж, ш, щ, ъ, ь, э, ю, я сты уырыссаг ӕвзагӕй ӕрбайсгӕ дзырдты сконды ӕмӕ сӕ ирон ӕвзаджы нымайӕм уазджытыл” (1-аг чиныг, 138 ф.).

Ӕйтт, уӕдӕ! – фӕцъортт кодтам нӕ хъаматӕ, ды нӕ адӕмы зынгӕ хай цы “ш”-йыл дзурынц, уый хоныс уазӕг?!. – Ту-ту-ту, цымӕ ма Зойӕ удӕгас у? Мадымайрӕмӕй фӕдзӕхст фӕуӕд. Фӕлӕ махӕй куыд ферох ирон ӕмбисонд, сылгоймагыл цуанон дӕр кӕй нӕ рӕйы, уый тыххӕй. Ӕви нӕ хӕлӕг фӕкуырм кӕны? Зойӕйӕн чи радта уыцы бар искӕмӕй раздӕр цӕуа?

Уыцы дамгъӕтӕ ирон ӕвзагмӕ куыд ӕмӕ кӕцӕй ӕрбацыдысты, уый Зойӕ не ‘рымысыд. Ирон ӕвзагзонынады не ‘цӕг ахуыргӕндты куыстыты далӕ ХХ-ӕм ӕнусы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ сты, ӕмӕ сӕ чи нӕ бакаст, уый йӕ искӕй аххос цӕмӕн кӕны? Уагӕры афтӕ ма академиктӕ Абайты Васо ӕмӕ Ахвледиани, нӕ мадӕлон ӕвзаджы цыппӕргай мыртӕ иугай дамгъӕтӕй куыд нысан кӕнӕм, уый Битароны дзыхӕй куы схаудаид, уӕд, – табу уӕ фарнӕн, – фӕлӕ йӕ куыйтӕ дӕр нал хӕриккой.

Цы дамгъӕты кой нӕм ис, уыдон “уазджытӕ” сты, зӕгьгӕ, уымӕ та Зойӕ бынтондӕр ницы бар дары. Уый загъта зындгонд ирон поэт Хъодзаты Ӕхсар, куыд аивадон “термин”, афтӕ ӕмӕ нӕ лӕбурджытӕ сӕ цӕфхӕдтӕй се ‘рбадӕнтӕ хойыны бӕсты, цӕуыл дзурынц, уыцы чингуытӕ куы бакастаиккой, уӕд ыл фембӕлдаиккой. Ӕхсар зӕгъы: «Ы» йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ цӕгаты фӕндагӕй ӕрбазындысты аст барӕджы. Ӕвӕццӕгӕн, дард уыди сӕ балц – бӕхтӕ тых цыд кӕнынц хӕрды, барджытӕн – фӕлмаст цӕсгӕмттӕ. Бӕрӕг у, ардыгон не сты, уый: иуыл дӕр сӕ ирон дарӕс нӕй – нӕдӕр – цухъхъа, нӕдӕр – хъама. Разӕй цӕуы дӕргъӕлвӕст, къӕсхуыр лӕг, раст уӕртӕ нӕхи Е-йы ӕнгӕс, ӕрмӕст ыл – кӕсӕнцӕстытӕ. Иӕ фӕстӕ – цахӕмдӕр сахъ лӕппу, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ – фӕйнӕрдӕм уӕгъдӕппӕрст, цыма бӕхыл нӕ бады, фӕлӕ къӕлӕтджыныл…

Абеты фӕсивӕд сӕ размӕ рауадысты, сӕ бӕхтӕ сын бафснайдтой.

Фынгтӕм сӕ бахуыдтой. Дзӕбидыры сыкъайӕ сын ӕмбӕлӕггӕгтӕ авӕрдтой. Стӕй Абеты хистӕр Абе сыстад ӕмӕ загъта:

“Алы бон ӕгас цӕут, уазджытӕ. Амондджын къах ӕрбавӕрут! Фӕлӕ уӕ номӕй номмӕ куы базониккам, уый нӕ фӕнды. Саккаг кӕнут уӕ нуазӕнтӕ ӕмӕ нын уӕхи бацамонут”.

Уазджытӕй алчидӕр раарфӕ кодта, фысымтимӕ базонгӕ сты.

Сымах дӕр фӕнды сӕ базонын? Табуафси: Ё, Ж, Ш, Щ, Э, Ю, Я, Ь.”

Уыцы аивадон амалӕй спайда кодтон ӕз дӕр. Фӕлӕ сӕ аппарын,

Ӕхсар ӕмӕ Зойӕйау мӕнӕн дӕр мӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр кӕй никуы уыдис, уымӕн ӕвдисӕн – журнал “Ногдзау”-ы 2007-ӕм азы уырыссаг ӕвзагӕй ӕрбайсгӕ дамгъӕтыл сабитӕн цы базонӕнтӕ ныммыхуыр кодтон, уыдон. Сты ацы чиныджы дӕр (141 – 142 ф.) ӕмӕ фӕуд кӕнынц афтӕ:

Ё-тӕ, Ж-тӕ,

Ы-тӕ, Ш-тӕ,

Щ-тӕ, Э-тӕ,

Ю-тӕ, Я-тӕ,

“Ъ ” – хъӕбӕр нысан,

“Ь ” – фӕлмӕн нысан –

Бирæ ‘взӕгты

 уаз мыртæ

 Махмæ сты

 хуынд уазджытæ –

Тыхсты

къухаразджытӕ.

Уазӕгӕн хъӕуы лæггад.

Не ‘взаджы бӕрӕг – сӕ кад.

Базыдтам ныр А-бе-тæ –

Арвы дӕгъæл,

Ам нын дӕ!

Ӕвӕдза, уӕ хӕрзӕггурӕггаг – мӕн! Битарон “Ё“-тӕ, «Ш» -тӕ, “Щ” дамгъӕ нӕ аппӕрста – ам нын сты, ам! Ӕркӕсут ма I-аг чиныджы 143 фарсыл A. М. Шегрен ӕмӕ В. Ф. Миллеры алфавитты фӕстӕ нырыккон ирон ӕвзаджы алфавитмӕ. Кӕд иууылдӕр нымадӕй сты нӕхи къухы. Табу – не сфӕлдисӕгӕн!.. Ӕмӕ та йын ам дӕр дыууӕ дамгъӕцух куы разындысты…

Хъ” ӕмӕ “Я” дамгъӕтӕ ӕрбадӕлдзӕх сты. Ӕмӕ фӕстаг дамгъӕ дӕр цӕмӕннӕ, кӕд ыл чиныджы сӕрмагонд ӕмдзӕвгӕ ис, уӕддӕр (142 ф.), фӕлӕ дзы “хъ”-йы ныхмӕ куы ницы сирвӕзт, уӕд цы фӕци? Редакторӕй, корректорӕй, чиныгаразӕгӕй йӕ кӕимӕ амбӕхста?

Уыцы дамгъӕтӕ ӕрбайсгӕ кӕй сты, уый дӕр Зойӕ не ‘рхъуыды кодта – ӕркӕсут ирон ӕвзаджы грамматикӕйы чингуытӕм ӕмӕ нӕхицӕй дурын ӕнусы цӕрджытӕ ма аразӕм. Ӕви уыдӕттӕ поэты аив дзырд бакуыста, йӕ бонӕй йӕ уа?

Ӕндӕр хабар у, Зойӕйы чингуытӕ рӕстмӕ редакцигонд ӕмӕ корректурӕ кӕй не ‘рцыдысты (“уагдӕтты ахуыргӕнӕн чиныг” – 1-аг ф., “шашлыктӕ” – 140 ф.), 6-ӕм фарсыл картӕйы бынӕтты нӕмттӕ кӕм уырыссагау фыст сты, кӕм – иронау (нывгӕнӕджы аххосӕй?), бирӕ нӕмттӕ дзы раст кӕй не сты (“ололи” уыг нӕу, фӕлӕ – “хӕрдмӕдзог” – 61 ф., ), бирӕ терминтыл дзы кӕй нӕма ӕрцахуыр стӕм (“хӕдмӕлхор”, “схъӕлгуыр“… – 35 ф.), нывты, цы сты, уыдонӕй бирӕтӕ раст амынд кӕй нӕ цӕуынц (сӕныкк ӕмӕ уӕрыччы дӕркъ ӕмӕ далыс куы хоны – 79 ф., фӕрӕты – пъӕнӕз – 121 ф.) ӕ. а. д. Нӕ бон у, комкоммӕ автормӕ чи нӕ хауы, фӕлӕ йӕ цӕсты чи ӕппарынц, уыцы рӕдыдтытӕ нымайӕм ӕмӕ нымайӕм. Фӕлӕ чиныгӕн нырма нӕ къухы ис йӕ фыццаг рауагъд ӕмӕ дарддӕр ӕрбаддзӕн йӕ гаччы. Чиныгӕн йӕхи мидӕг куы у фыст:

Ис нӕ къухы “Дамгъуат ” –

Иу зӕл дæp дзы нæй дзæгъӕлæй.

Чы йæ сахуыр кæна тагъд,

Чиныг бакӕндзӕн дӕгъӕлӕй (139 ф.).

Уӕддӕр мах ӕндӕр хъуыддаг хъуамӕ “бакӕнӕм” – чи йӕ ныфс бахаста ӕмӕ ахӕм чиныг саразын йӕ къухы кӕмӕн бафтыд мах разӕй? Ӕви нӕ зонынц, мах ирӕттӕ кӕй стӕм ӕмӕ нӕ разӕй ацӕуӕг нӕ, фӕлӕ схуыфын дӕр кӕй никӕй уадзӕм?!. Уадз, не ‘мфаззон дӕр фестӕд.

Ӕмӕ ма ноджы иу хабар. Исчи мын фенын кӕнӕд, рӕдыд кӕм нӕй, ахӕм чиныг. Раджы кӕддӕр дам ӕй рауадзынмӕ хъавыдысты Англисы ӕмӕ йын баурӕдтой фондзыссӕдз редактор ӕмӕ иуахӕм та – корректортӕ. Цин кодтой: ныр фендзыстӕм ӕнӕрӕдыд чиныг. Фӕлӕ куы ныммыхуыр, уӕд кӕсынц ӕмӕ чиныджы тӕккӕ райдайӕны титулон сыфыл – рӕдыд.

Фӕлӕ нӕм нӕ ныхасы райдианы цыппӕркъахыг цуаноны кой кӕй ӕрхаудта, уый тыххӕй мӕ хъуыдыйы фестъӕлф-фестъӕлф кӕны Плиты Грисы ӕмдзӕвгӕ “Куыйтӕ” ӕмӕ йын йӕ кӕронӕн ӕнӕзӕгъгӕ нӕй:

Мӕ хӕлар! Куыйты ахаст зон:

Фӕндаггон лӕг егъау куы вӕййы,

Куы зыны дард ранмӕ бӕлццон,

Уӕд ыл фылдӕр куыйтӕ фӕрӕйы.

Ӕмӕ ахудынӕн нӕ классиктӕй ноджы дӕр ӕрхӕссӕм иу цӕвиттон. Уый дӕр – куыйты тыххӕй. Афтӕ йӕ зӕгъӕм – цыппӕркъахыг куыйты тыххӕй. Цӕвиттон, ныр та – Бестауты Гиуӕргийы сфӕлдыстадӕй:

Дысон та мӕм ралӕбурдтой куыйтӕ,

Алырдыгӕй: “мӕнӕ”, “мӕнӕ” кодтой.

Кастæн сын сӕ сӕтӕйдзаг хӕмхудтӕм,

Аивӕй мæ мидрихийы худтӕн;

Зонын, циу сӕ рӕйд ӕмӕ сӕ хылы сӕр:

Нал быхсынц, куыдз кӕй нӕ дӕн сӕхи хуызӕн.

Ахӕм цӕвиттонтӕ нӕ бон у хӕссӕм ӕмӕ хӕссӕм. Ӕмӕ уыцы “куыйтӕ” ӕцӕг цыппар къахыл нӕ фӕразгъор-базгъор кӕнынц кӕнӕ ӕрдӕгӕхсӕвты ног мӕймӕ тарстӕй нӕ фӕниуынц. Сӕхицӕй хуыздӕрты кӕй нӕ фӕбыхсынц, искӕй ӕнтыст сӕ кӕй фӕмары, уый сӕ фӕкӕны игӕрхӕлд. Грис ӕмӕ Бестауыл дӕр “сӕ сӕтӕйдзаг хӕмхудтӕй” ӕппынӕдзух уыцы хӕлӕджы охыл ниудтой.

Фӕлӕ сын цы ракодтой? Куыдз куыдзӕй баззайы, лӕг – лӕгӕй. Ауындзын сӕ чи кодтой, уыдон ма ӕрмӕст баззадысты Грис ӕмӕ Бестауы уацмысты, фӕлӕ – куыйтӕй. Сӕ нӕмттӕ ӕрнымайын дӕр, рӕстӕг куы ӕрцӕуа, уӕд зын нӕ уыдзӕн. Ӕмӕ кӕд нӕ фыдбоны сыхӕгты лӕггадгӕнджытыл нӕхи нӕ нымайӕм, фӕлӕ ӕцӕг лӕгтӕ, ӕцӕг ирӕттӕ стӕм, уӕд хъуамӕ ныууадзӕм нӕхицӕй ӕппӕлын, нӕ кӕрӕдзи хӕлӕджы охыл хӕрын, балӕууӕм нӕ кӕрӕдзийы фарсмӕ, ӕрымысӕм Къостайы фӕдзӕхст: “Цӕйут, ӕфсымӕртау раттӕм нӕ къухтӕ!” – ӕмӕ ӕркӕсӕм нӕ мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ нӕ Фыдыбӕстӕйы судзаг ӕмӕ дудаг фарстытӕм. Цӕмӕй сомбон нӕ фӕстагӕттӕн ӕлгъыстаг ма фӕуӕм.

 ХЪАЗИТЫ Мелитон

21.10.2019

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.