Фæбæрæг сты футболæй РХИ-йы Президенты кубок рамбулыны сæраппонд турниры æрдæгфиналисттæ. Финалы 1/4  хайы фыццаг хъазты фембæлдысты командæтæ «Дыргвис» æмæ «Малый Шанхай». Ацы хъазты фæуæлахиз сты Дыргуисы микрорайоны хъазджытæ 4:0 хыгъдæй. Æрвылхатт дæр республикон ерысты тыхджындæр командæты ‘хсæн вæййы ацы микрорайоны командæ.

Спортуарзджытæм стырдæр цымыдисдзинад сæвзæрын кодта дыккаг хъазт, цыран фембæлдысты цæрæн массив æмæ Хъайтарты уынджы командæтæ. Ерысты къордон стадийы ацы командæты сконд æмæ хъазтмæ гæсгæ дæр бæрæг уыд фаворитты номхыгъдмæ кæй хауынц, уый. Стæй ма Хъайтарты уынджы командæ у турниры ивгъуыд азы уæлахиздзау, æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт дæр араздзæн, цæмæй æппынкъаддæрæй ноджы иу азмæ сæхимæ ныууадзой сæйраг титул. Карз спортивон тох цыд хъазæн фæзы алы хайы дæр. Футболуарзджытæ федтой бирæ рæсугъд комбинацитæ. Футболисттæ цымыдисонæй æххæст кодтой иварон цæфтæ. Уыдонæн хорз гæнæнтæ уыд хыгъд байгом кæнынæн, фæлæ-иу пурти кулдуармæ нæ бауагътой куы хъахъхъæнджытæ, куы та кулдуаргæстæ. Уымæ гæсгæ сæраг рæстæг фæцис æмдыхæй – 0:0. 

11-метрон цæфтæ та хуыздæр сæххæст кодтой Хъайтарты уынджы футболисттæ æмæ фæуæлахиз сты 3:1 хыгъдæй.

Фæстæдæр та уагъд æрцыдысты финалы 1/4  хайы иннæ дыууæ хъазты. Цхинвалы ветеранты командæ æнцонтæй фæуæлахиз Знауыры командæйыл 6:0 хыгъдæй. Иннæ хъазты та Нæузæххонты уынджы командæ 4:0 хыгъдæй рамбылдта Шанхайы командæйы.

Ныр æрдæгфиналон хъæзтытæ уагъд æрцæудзысты абон, 5 декабры. Нырма уал хъазæн фæзмæ рахиздзысты Дыргуисы æмæ Хъайтарты уынджы командæтæ. Стæй та финалмæ ахизыныл тох кæндзысты Цхинвалы ветератæ æмæ Нæузæххонты уынджы командæтæ.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.