Уагъд æрцыдысты РХИ-йы Президенты кубок рамбулыны сæраппонд турниры æрдæгфиналон хъæзтытæ. Фыццаг хъазты хъазæн фæзмæ рахызтысты Хъайтарты уынджы  æмæ Дыргуисы микрорайоны командæтæ. Дыууæ командæ дæр фылдæр хъусдард здæхтой сæ кулдуæрттæ бахъахъхъæнынмæ. Уымæ гæсгæ спортуарзджытæ не федтой бирæ голтæ. Фембæлды сæйраг рæстæг фæцис æмдыхæй 1:1 хыгъдæй æмæ командæтæн уæлахиздзау сбæрæг кæныны тыххæй бахъуыд пенальтитæ сæххæст кæнын. Ам æнтыстджындæр разындысты Хъайтарты уынджы футболисттæ, рамбылдтой 3:2 хыгъдæй æмæ ахызтысты финалмæ. 

Дарддæр та фембæлдысты Нæузæххонты уынджы æмæ Цхинвалы ветеранты командæтæ. Ветеранты сконды сæ бон не ссис ахъазын командæйы цалдæр сæйраг футболистæн. Уыцы хъуыддаг бандæвта сæ хъазтыл. Уыдон цæттæ нæ разындысты ныхмæлæуджыты хъазты темпмæ. Нæузæххонты уынджы хъазджытæн æнцонтæй сæ къухты æфтыд ветеранты иварон фæзмæ бахизын, фæлæ-иу хорз ахъазыд къулдуаргæс Сиукъаты Александр. Фæлæ уымæн дæр алы хатт йæ бон кæцæй суыдаит йæ командæйы ирвæзын кæнын. Æмæ сын кæд бантыст хъазты фыццаг æмбисæн бафæразын, уæддæр фембæлды дыккаг хайы пурти бахауд сæ кулдуары хызы æмæ хыгъд ссис 1:0. Нæузæххонты уынджы хъазджытæ ууыл æрлæууынмæ нæ хъавыдысты. Дарддæр дæр сын уыд пурти бакъуырыны бирæ хорз гæнæнтæ, фæлæ сæ не спайда кодтой. Фæстаг минутыл Ветеранты стæм атакæтæй сæ иу разынд фæстиуæгджын æмæ хыгъд ссис 1:1. Ногæй та финалмæ чи ахызтаит, уыцы командæйы хъысмæт скъуыддзаг кодтой 11-метрон цæфтæ. Ам та æрцыд Нæузæххонты уынджы командæйы къулдуаргæс Цхуырбаты Родионы рæстæг. Уый ныхмæлæууæг футболистты цæфтæй æрмæстдæр дыууæ пурти не ‘рцахста, фæлæ ма уыцы рæстæджы йæхæдæг дæр хорз сæххæст кодта пенальти æмæ уæлахиз æрхаста йæ командæйæн.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.