Турчы цæрæг ирон адæмæй фыдыуæзæгæй уазджытыл зæрдиагæй чи сæмбæлы, уыдонæй иу у Пухаты Жале. Бакастæй куыд аив у, афтæ рæсугъд у йæ удысконд дæр. Йæ фыдæлты туг кæй дадзинты згъоры, уыдоны уынд ын кæддæриддæр æхсызгон вæййы. Уымæн сæм арæх æрцæуы æмæ семæ адджын ныхас фæкæны йæ мадæлон æвзагыл.

Жалейæн Турчы ис мыдадзын фигурæты музей. Уый у, ахæм куыст фыццаг чи райдыдта кæнын ацы паддзахады, уыдонæй сæ иу.

Сахат дæр ын фаг нæ вæййы Жалейæн, цæмæй йæ музейы тыххæй æххæстæй радзура. Дзургæ та фæкæны стыр æхсызгонæй, йæ цæстытæ цины æрттывд фæкæнынц. Æмæ дзы кæй нæ фендзынæ музейы… Æгас зæххы къорийыл йæ ном кæмæн анæрыд, уыдонæй иу дæр фæстейæ нал ныууагъта. Уæрæсейы зынгæдæр адæймæгты сурæттæ дæр дзы бынат ссардтой. Иуæй-иннæмæ се ‘хсæнты цæуы Жале æмæ сæ алкæйы тыххæй дæр цыдæр цымыдисон хабæрттæ радзуры. Йæ куыстæй нæ фæллайы.

Пухаты Жале йæхиуыл куы феууæндыд, уæд ын  Стамбулы арæнтæ фаг дæр нал кодтой. Афтæмæй йæ музейы диссæгтæ Турчы цы ран нал балæууын кодта, иу ахæм нал баззад. Кæмфæнды сæ ма фенæнт, адæм сыл сæ цæст æрæвæрынц. Стыр разæнгардæй дæр æм уымæн фæхъусынц Жалемæ.

Талынг агъуыстыты, сæрмагонд рухсы фæрцы Пухаты Жале ивгъуыдмæ анывæзта историйы фидар тæгтæ. Хуымæтæджы нæ дзырдæуы, ивгъуыд кæмæн нæй, уыдонæн сæ фидæн дæр бæллиццаг нæ вæййы, зæгъгæ. Жале цы адæмы минæвар у Турчы, уыдонæй хуыздæр  чи хъуамæ æмбара ацы хъуыдыйы мидис. Йæ алыварс ма ирон адæмæй чи ис, уыдон фидарæй хæцынц фыдæлты ‘взаг æмæ ‘гъдауыл. Афтæ цы бон нал уа, уыцы бон сын сæ фæд дæр ничиуал ссардзæн. Афæдзæй-афæдзмæ сын уый зындæр у. Уымæ гæсгæ йæм исчи Ирыстонæй куы ‘рцæуы, уæд Жалейы цинæн кæрон нал вæййы.

Музейы экспонатты тыххæй радзурын йе ‘рвылбонон куыст у Пухаты Жалейæн. Фæлæ йæ сæйрагдæр хæсыл æндæр хъуыддаг нымайы – адæмы удварн  хъæздыгдæр кæнын. Зæгъæн ис, æмæ Турчы цæрджыты базонгæ кодта аивады ног хуызимæ. Диссагæн æм цæуынц æнæкæрон Стамбулы алы рæттæй. Уæвгæ, цæмæн канд Стамбул? Арæх Жале йæ музеимæ йæхæдæг дæр ацæуы Турчы æндæр горæттæм. Адæмы зæрдæмæ афтæ фæцæуынц йæ куыстытæ, æмæ ма йæ ногæй бацагурынц. Æмæ та сæм ногæй ацæуы. Æмæ алы ран дæр фæнысан кæны, Пухаты Жале ирон чызг кæй у.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.