САБИТÆ – НÆ ЦАРДЫ ЦИН

Уый у ирд ӕмӕ рæсугъд бӕрӕгбон, махӕн нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны  бӕрндзинад сывӕллӕтты раз, кӕцытӕ ныл ӕууӕндынц, хъӕуы сӕ нӕ аудындзинад. Сывæллон куы райгуыры, уæдæй фæстæмæ мад цæры уый улæфтæй, йæ цæссыгæй æмæ йæ худтæй. Мады уарзондзинадæй хъарм кæны сывæллоны цард, мад æй сахуыр кæны уарзын Райгуырæн бæстæ æмæ йæхи æвзаг.

Кæй къонайæ райхъуысы сывæллоны кæуын, йæ худын, уыдон сæхи фæхонынц стыр амондджын. Сæ цинæн кæрон нал вæййы. Сывæллоны авдæн чи нæ аузы, уыцы бинонтæ сæхи фæхонынц æнамонд. Æмæ сын сæ мулк æмæ исбон дæр ад нал фæкæнынц. 

Махӕн нӕ зӕрдыл хъуамӕ лӕууа, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй сывӕллон рӕза ӕнӕниз ӕмӕ амондджынӕй, уарзой йӕ ӕмӕ йӕм хистӕрты ‘рдыгӕй уа хъусдард. Сабидуджы фарстатӕ, рӕзгӕ фӕлтӕры монон ӕмӕ хӕрзӕгъдауы рӕзт, алыварсон ахуырад ӕмӕ сфӕлдыстадон куысты уавӕртӕ аразын сӕрмагонд бынат ахсынц республикӕйы къухдариуӕгады ӕмӕ ӕхсӕнады социалон политикӕйы. Махмӕ арӕзт цӕуынц скъолатӕ ӕмӕ скъолайы агъоммӕ уагдӕттӕ, сывӕллӕтты ӕмӕ спортивон фӕзуӕттӕ, сӕрдыгон улӕфтыты рӕстӕджы горӕты ӕмӕ районты гом кӕнынц сӕрдыгон лагертӕ. Нӕ сывӕллӕттӕ уынын кӕнынц хорз фӕстиуджытӕ спортивон ерысты, предметон олимпиадӕты, сӕхи хорз равдисынц алыгъуызон сфӕлдыстадон фӕзуӕтты.

Сывæллæттæ сты нæ ныфс æмæ, аргъ кæмæн нæй, ахæм капитал. Разæй сæм æнхъæлмæ кæсы бирæ ирд цаутæ, фембæлдтытæ æмæ зонындзинæдтæ. Мах, хистæртæ, ацы нысаниуæгджын бон ноджы иу хатт хъуамæ ахъуыды кæнæм – цымæ æппæт дæр сарæзтам рæзгæ фæлтæрæн?.. Уымæн æмæ сывæллæтты хъахъхъæнын у нæ республикæйы алы чысыл æмбæстаджы физикон æмæ монон æнæниздзинадыл аудын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.