Нæ фыдæлтæм бирæ хорз æмæ тæхудиаджы æгъдæуттæ уыд. Уыдонæй бирæтæ абонмæ не ‘рхæццæ сты, нæ абоны царды сын бынат нал ис, фæлæ сæ уæддæр рох кæнын нæ хъæуы — хæсджын стæм, цæмæй зонæм æмæ нæ зæрдыл дарæм нæ фыдæлтæн сæ цардуаг. Уыдонæй сæ иу уыд туг исын æмæ дзуапп лæвæрдта дуджы домæнтæн. Тынг рагон у ацы æгъдау æмæ канд ирæттæн нæ уыд, фæлæ Кавказы цæрæг æппæт адæмтæм дæр.

Лæгмарды аххосæгтæ-иу бирæ уыдысты, фæлæ сæ сæйрагдæртыл нымад цыдысты зæххы кадавардзинад, социалон æмæ æхсæнадон быцæутæ, тыхы æмæ масты фæдыл ацæуын. Адæмы ‘хсæн хицаудзинад æвæрд кæй нæ уыдис, сæ бартæ паддзахы ‘рдыгæй закъонон æгъдауæй хъахъхъæд кæй нæ цыдысты, уымæ гæсгæ лæгмары ныхмæ адæм сæхæдæг истой æфхæрдæн мадзæлттæ — ома, туг тугæй фыст хъуамæ æрцыдаид, гъе та фидауыны фæндагыл хъуамæ ныллæууыдаиккой. Афтæмæй се ‘хсæн æрфидар тугисыны æгъдау æмæ нал фесæфт, цалынмæ æхсæндзарды фидар закъæттæм гæсгæ цæрын нæ райдыдтой, уæдмæ. Æмæ уый та йемæ хаста мæлæт, фылдæр хатт та — æнæаххос æвзонг адæй-мæгты мæлæт. Æмæ адæмы ‘хсæн дæр æрфидар ахæм хъуыды, зæгъгæ, туг исыны æгъдау уы-дис тынг мæгуырау фæзынд нæ адæмы рагон царды, фæлæ сыл хорзæрдæм дæр ницæмæй аудыдта, афтæ хъуыды кæнын дæр бынтон раст нæу. Уымæн æмæ нæ фыдæлты цард рагæй фæстæмæ дæр тухиаг уыд. Нæ цæстытыл ма ауайын кæнæм ирон адæмы хъизæмæрттæ æрдзы хивæнд миты ныхмæ, къуындæг, æвадат уавæрты цæрын, алыгъуызон знæгтæй хи бахъахъхъæнын. Ахæм фыдуавæрты та хъуыдис фидар уагæвæрд адæймагæй адæймаджы ‘хсæн, сыхбæсты, хъæубæсты, комбæсты ‘хсæн. Уыцы дуджы та адæймаг æмæ йæ мыггаджы кад бахъахъхъæныны фæрæзтæй сæ иу уыдис туг исын. Уый та нысан кодта, адæймаг йæ алы фыдракæндæн дæр дзуапп кæй хъуамæ дæтта æмæ уыцы æгъдау бирæбæрцæй урæдта фыдгæнæджы къух лæг амарынмæ. Фæлæ уæддæр тыхы дуг кæй уыдис, уымæ гæсгæ тыхджындæр мыггæгтæ, фыдыфырттæ æз лæгдæр æмæ æз ныфсхастдæрæй хызтысты æппæт афонты сæрты дæр æмæ тых хастой æдыхдæр мыггæгтæм. Цард фос æмæ зæххæй кæй уыдис, уымæ гæсгæ сын сæ тыхджындæртæ алы æфсæнттæй истой, уыдон разы нæ кодтой æмæ-иу се ‘хсæн тох рауад, æрцыд-иу лæгмæрдтæ. Чи иу фæтуджджын, уый цы мыггагæй амардта лæг, уыдон æй цæрын кæй нæ ныууадздзысты, æфхæрд кæй баййафдзæн, уый зонгæйæ-иу фæлыгъд æндæр хъæу, æндæр бæстæм. Ахæм туджджынтæ дæр-иу уыдис, æмæ-иу Хуссар Ирыстонæй Цæгат Ирыстонмæ, гъе та Цæгатæй Хуссармæ, кæнæ æндæр рæттæм чи алыгъд, цæмæй йæ йæ туджджынтæ ма ссарой. Уыдис-иу афтæ дæр, æмæ дыууæ мыггаджы сæ кæрæдзимæ хæцæнгæрзтæ куы райстой. Ахæм рæстæджы сæ кæд æндæртæ иргъæвтой, уæддæр сæ коммæ нæ кастысты. Æрмæстдæр-иу сылгоймæгтæ се ‘хсæн куы бацыдысты, уæд хъуамæ дыууæрдыгæй дæр ныууагътаиккой уыцы сахат сæ лæбурын. Лæбурæг лæгыл сылгоймаг куы ныххæцыдаид кæнæ йæ кæлмæрзæн куы систаид, уæд ма афтæмæй чи лæбурдтаид, уы-мæн уый стыр худинагыл нымад уыд. Ахæм кад уыд сылгоймагæн ирон адæмы ‘хсæн. Фæхылы мидæг дыууæрдыгæй кæд фæйнæ лæджы фæ-мард, уæд-иу уыцы мыггæгты æрбакодтой хъæуы астæумæ æмæ-иу сæ бафидауын кодтой, фæлæ-иу уæддæр хæрам зæрдæ дардтой кæрдзимæ. Уыдис ахæм цаутæ дæр, æмæ-иу лæг чи амардта, уый-иу алыгъдис, хатт-иу йæ бинонтæн дæр ницы бамбарын кодта, афтæмæй-иу йæхи æдас ран бааууон кодта. Мард кæй лæг фæцис, уыдон та-иу уайтагъд йæ фæдыл зилын райдыдтой æмæ йын кæд йæхиуыл нæ хæст кодтой, уæд-иу ын гæнæн уыд æмæ хабар хъусгæ дæр чи нæма фæкодта, ахæм хионы дæр амардтаиккой. Æмæ-иу сæрыстыр уыдысты, мах нæ туг уайтагъд райстам, зæгъгæ. Кæд тугисджытæ карз, æгъатыр уыдысты, уæд-иу чысыл саби, кæнæ зæронд лæджы дæр амардтой. Уый æгады хъуыддагыл нымад цыдис æмæ тæрхоны лæгтæ дæр уымæ лæмбынæгдæр кастысты. Ирон адæммæ ма æгадыл нымад цыдис, уыцы бон туг райсын къухы куынæ бафтыдаид, уæд уый дæр. Уымæй дарддæр ма-иу лæг кæмæй фæмард, уыцы мыггаг куыстмæ нæ уагътой лæгмар мыггаджы. Æмæ, зæгъгæ-иу куыстыты афон æрцыдис ахæм хабар, уæд-иу сæм адæм хатæг бацыдысты, цæ-мæй уыцы мыггагæн сæ фæллæйттæ æфснайыны фадат радтаиккой. Кæд-иу не сразы сты, уæд-иу адæм æрбамбырд сты æмæ-иу сæ зиуæй бакуыстой. Чи фæмард, уый æфсымæртæ æмæ мыггаг-иу хæлттæ сæппæрстой, туг исын кæмæ схаудаид, уый тыххæй. Уый хъуамæ амардтаид лæгмарæн йæхи, кæнæ йе ‘фсымæртæй искæй, гъе та йæ мыггаджы хуыздæртæй. Уыдис ахæм-тæ, кæцытæ сæ хæдзæрттæм нал цыдысты, ца-лынмæ сæ туг райстаиккой, уæдмæ. Бирæтæ та-иу уæдмæ сæхи дæр нал дастой. Уæдæ-иу ахæм цаутæ дæр бирæ уыд, тугисæг-иу йæхæдæг куы фæмард. Афтæмæй-иу лæгмарды цау ссис стыр æнамонддзинæдты райдиан, куыд дыууæ туджджыны ‘хсæн, афтæ дыууæ фыдыфырт, дыууæ мыггаджы ‘хсæн. Хъуыддаг æцæгæй афтæ кæй уыд, уый ирдæй зыны ирон литературæйы Къостайы уацмыс «Фатимæ»-йы дæр. Дзамболат йæхи уды хæрзиуæгæн амары Ибрагимы, фæлæ дзы ницы рамбулы. Уый хыгъд хъарм бинонты цард ныппырх — фæмард сæ хæдзардарæг, æнувыд цардæмбал æмæ уарзæгой фыд. Фатимæ сæрра, сæ хъæбул та бынтон сидзæрæй баззад.

«Туг исыны æгъдау нæ фыдæлты царды арф уидæгтæ кæй ауагъта, уый ирдæй зыны Коцойты Арсены сфæлдыстады дæр. Йæ радзырд „Фынддæс азы“, зæгъгæ, уым фынддæс азы фенхъæлмæ каст йæ марæджы чысыл лæппуйы байрæзтмæ, цæмæй йæ фидар, рæсугъдæй фена, афтæмæй йæ амара æмæ райса йæ маст. Æмæ йæ маргæ дæр акодта. Фæлæ йæхицæн йæ цард кæй фенад, уый дæр хорз бамбæрста. „Цы кæндзынæн дарддæр. Искæй ма хъæуы мæ цард“, — фарста йæхи æмæ Хъæвдын йæхи дæр амарын кодта чысыл лæппуйæн». Фыдæлтæ тынг хорз æмбæрстой, уыцы æгъдау зианхæссæг кæй уыд, фæлæ йæ дуг домдта æмæ йæ, худинагæй тæрс-гæйæ, уæддæр арæзтой. Туджджыны тыххæй сылгоймаджы ничи хъыгдардта, уымæ тызмæг сдзурын дæр ирон адæммæ худинаг уыд. Лæгмар-иу æцæгæлон ран йæхи куы бааууон кодта, уæд-иу кæй хæдзары æрцардис, уыдон æй хъахъхъæдтой.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ туджы аргъ æргъты сæр кæй лæууыдис. Уый бæрæггонд цыдис дыууæ хъуыддагæй — цас раст уыд, уымæй æмæ удыхъæдæй. Æнæниз лæгæн йæ туг зынаргъдæр уыдис æмæ тугмæ туг агургæйæ, æгуыдзæджы ничи мардта. Хъавыдысты хуыздæртæм, сæрæндæртæм. Тæрхоны лæгты уынаффæйыл кæд зианджынтæ разы уыдысты, уæд-иу туджджынтæ фынг æрæвæрдтой. Фæлæ тугмæ кæд туг истой, уæддæр сæ азымы ничи дардта. Туджы аргъæй уæлдай домын йæ фæдыл сайдта ног фыдракæнд. Æхсæны лæгты аххосæй, зæгъгæ, рæдыд æрцыд туг исыны уаджы, уæд туджджынты маст дæр истой уыдонæй. Уымæ гæсгæ архайдтой раст уæвыныл.

Нæ фыдæлты ацы æгъдауæн кæрон æрцыдис ивгъуыд æнусы ног социалистон дуджы æрбалæудæй фæстæмæ, адæм ахуыры фæндагыл куы ныллæууыдысты, паддзахадон æмвæзадыл бакуыстгонд закъæтты руаджы адæймаджы бартæ хъахъхъæнын хицауад йæ къухмæ куы райста, уæд. Тæрхоны лæгты баивтой барадхъахъхъæнæг органтæ. Афтæ туг исыны æгъдау баззадис ивгъуыды, нæ фыдæлты царды уагимæ, бынат ын нал ис не `хсæнады.

Æрмæгыл бакуыста ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.