Хуссар Ирыстоны æддагон дунеимæ цы иунæг фæндаг иу кæны, уыцы фæндагыл та бахъуыд рæстæгмæ транспортон змæлд æруромыны сæр. Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады Хуыцаубоны изæрæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Транскамыл æдасæй цæуæн нæй, стыр митуарды фæстиуæгæн митзæйтæй тæссаг кæй у, уымæ гæсгæ. Райстæуыд уынаффæ, цæмæй фæндагыл транспортон змæлд урæд æрцæуа æбæлвырд рæстæгмæ, куыд хуссарæй цæгаты ‘рдæм, афтæ цæгатæй хуссары ‘рдæм дæр.

Фæлæ афтæ зæгъæн нæй, æмæ куыст нæ цæуы фæндаг миты уацарæй  тагъддæр ссæрибар кæныныл. Фæндаг асыгъдæг кæнын кæмæ хауы, уыцы службæтæ уайтагъд æрæвнæлдтой, нæ адæм «царды фæндаг» кæй хонынц, уыцы фæндаг ногуард мит æмæ митзæйтæй асыгъдæг кæнынмæ. Афтæ ирвæзынгæнджытæ дæр сæ хъус дарынц фæндагыл æдасдзинадмæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй уал, тъунелæн цæгатæрдыгæй фарс чи æрцыд, уыцы митзæйы бынат асыгъдæг кæнын бантыст фæндаджы уавæрмæ хъусдарджытæн, фæлæ бæрæг нæу, æнусон хæхты сæрæй ног митзæйтæ кæцæй фескъуыйдзысты, уый. Уымæ гæсгæ ахсджиаг у адæмы æдасдзинад бахъахъхъæнын, ахæм тæссаг фæндагыл цæуынæй хиуыл фæхæцын.

Кæд фæстаг рæстæджыты бирæ арæзт цæуы ацы фæндагыл транспортон змæлды æдасдзинады тыххæй, уæддæр дзы нырма ис, зæй æрцæуынæй тæссагдзинад чи æвзæрын кæны, ахæм бынæттæ. Куыд фæзæгъынц: æрдз тыхджын у, йæ бон калы. Ныфс нæ ис, ацы фæндагыл зæйтæй æдасдзинады фæдыл цы куыстытæ æххæст кæнынц, уыдон дарддæр дæр ахæм темптæй куы цæуой, уæд тагъд рæстæджы иуварсгонд æрцæудзæн, æрвылзымæг кæй æнкъарæм æмæ æвзарæм, уыцы фæндагон змæлды тасдзинад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.