Ныртæккæ фæндагцалцæггæнæн куыстытæ цæуы Знауыры районы Принеу, Уелит æмæ Зиулеты хъæутæм.

Республикон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-ы генералон директор Мæхъиты Семен куыд зæгъы, афтæмæй арæзтадон куыстытæ æххæст цæуынц РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы хæслæвæрдмæ гæсгæ. Знауыры районы Уелиты хъæумæ фæндагмæ хæстæг ис дæс цæрæн пунктæй фылдæр. Сæ цæрджытæ рагæй тыхстысты фæндаджы мæгуырау уавæрæй. Раздæры асфальт фæндаг бынтон æдзæллаг уавæрмæ æрцыд. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу æй ацалцæджытæ кодтой Знауыры районы коммуналон службæтæ, фæлæ та-иу тагъд фехæлд. Ранæй-рæтты фæндаг уыйбæрц æдзæллаг уавæры уыд æмæ дзы рог машинæтæ зынтæй цыдысты. Фæндаджы иувæрсты арæзт цæуы донлæдæрсæн къанаутæ дæр, тагъд та йыл æвæрд æрцæудзæн асфальты фыццаг цъар.

Мæхъиты Семен куыд зæгъы, афтæмæй уый размæ та ахæм капиталон фæндаг арæзт æрцыд Мугуты хъæумæ. Ленингоры районмæ цы трассæ цæуы, уый дæр арæх фехæлы тæрккъæвдаты аххосæй. Рацæуы йыл цъыфы зæйтæ. Ахæм рæстæджы нал вæййы фæндагон бастдзинад Ленингоры поселок æмæ Цъинагары зонæмæ. Боныгъæд фадат куы радты, уæд «Дорэкспострой»-ы техникæ æмæ кусджытæ ацæуынц аварион зонæмæ æмæ ныссыгъдæг кæнынц цъыфы зæйтæ.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй ивгъуыд къуыри цъыфы зæйтæ бахъыгдардтой, Згъуыбир æмæ Сыбайы хъæумæ цы фæндаг цыд, уый дæр. Уырдæм ацыдысты Дзауы районы коммуналон службæйы кусджытæ. Лæбырд сыджыт ахафтой, фæлæ фæндаг бынтондæр кæй фехæлд æмæ зын аразæн кæй уыд, уый тыххæй сæм фæкастысты «Дорэкспострой»-ы кусджытæ дæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.