Уæлахизы боны цытæн Дзæуджы-хъæуы гом турниры æнтыстджынæй сæхи равдыстой Хуссар Ирыстоны теннисисттæ. 11-аздзыд спортсменкæты ‘хсæн пьедестал иууылдæр бацахстой Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ. Уый тыххæй хъусын кæны Стъолы теннисы федерацийы президент Джиоты Мириан. Уæлахиздзау ссис Хъуылымбегты Виктория, дыккаг бынат бацахста Лалыты Азата æмæ æртыккаг бынатыл та ацыд Габуты Илонæ. Ацы кары къорды лæппуты ‘хсæн та бронзæ майдан бафтыд Ролан Кулешовы къухты.

14 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Цхинвалмæ сыгъзæрин майданимæ æрæздæхт Балдан Дашиев. Чызджыты ‘хсæн та бронзæйон призертæ систы Майя Касрадзе æмæ Къуылыхты Заринæ.

Ацы æнтысты фæрцы  æртæ спортсмены дæр бахаудтой Цæгат Ирыстоны æмбырдгондмæ æмæ йе сконды хайад райсдзысты Цæгат Кавказы Федералон зылды ерысты «Шаг в будущее»-йы.

Спортсменты бацæттæ кодтой Джиоты Мириан, Уалыты Иринæ, Остъаты Лидия, Кæсойты Изетæ æмæ Ларисæ.

Джиоты Мириан ма куыд хъусын кæны, афтæмæй бузныг зæгъынц Хицауады сæрдар Джуссойты Константинæн ерыстæм ацæуынæн сын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй.

Хуриты Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.