Тынг хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой хуссарирыстойнаг теннисисткæтæ РЦИ-Аланийы чемпионаты. Бантыст сын фыццаг дыууæ бынаты бацахсын. Ерысты уæлахиздзау ссис Елбачиты Иринæ. Дыккаг бынат та бацахста Кокойты Амандæ. Уый тыххæй хъусын кæны РХИ-йы стъолы теннисы федерацийы президент Джиоты Мириан. Чемпионаты развæлгъау хъæзтыты фæстиуæгæн финалон хаймæ ахызтысты 6 спортсменкæйы. Уыдон уым кæрæдзиимæ акодтой фæйнæ иу хъазты. Елбачиты Иринæ рамбылдта йæ фембæлдтытæ иууылдæр æмæ бацахста фыццаг бынат. Хуссар Ирыстоны иннæ минæвар Кокойты Амандæ та фæхæрд æрмæстдæр Иринæйæн æмæ уымæ гæсгæ бацахста дыккаг бынат. Амандæйæн бантыст Цæгат Ирыстоны иууыл тыхджындæр теннисисткæ Светлана Лапинайы рамбулын. Уыдон фыццаг хатт нæ хъазыдысты æмæ алы хатт дæр сæ фембæлдтытæ рауайынц æндыгъд. Афтæ уыд ацы хатт дæр. Амандæ партитæм гæсгæ æмбылды кодта 1:2 хыгъдæй. Фæлæ йæ хъазт фæхуыздæр кодта æмæ рамбылдта 3:2 хыгъдæй.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ма ерысты  цыппæрæм бынат та  бацахста нæ командæйы иууыл æвзонгдæр теннисисткæ Джиголаты Аланæ.

«Тынг райгондæй баззадтæн нæ командæйы уæнгты архайдæй. Уæлдайдæр та уый тыххæй, æмæ нын карантинон мадзæлтты аххосæй уавæр нæ уыд рæстæгыл нæхи бацæттæ кæнынæн. Тренировкæтæ уадзын райдыдтам æрмæстдæр 10 боны размæ», – банысан кодта Джиоты Мириан.

Ацы æнтысты фæрцы хуссарирыстойнаг æртæ теннисисткæ дæр бахаудтой РЦИ-Аланийы æмбырдгонд командæмæ, кæцыйы сконды январы мæйы хайад исдзысты Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты.

Спортсменкæты тренертæ сты Джиоты Мириан æмæ Уалыты Иринæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.