Хуссарирыстойнаг теннисисткæтæ систы, 16 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменкæты ‘хсæн Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты уæлахиздзаутæ. Уый тыххæй хъусын кæны уæлдæр спортивон дæсныйады тренер Джиоты Мириан. Ерыстæ уагъд цыдысты Налцыччы. Нæ спортсменкæтæ архайдтой Цæгат Ирыстоны æмбырдгонд командæйы сконды. Цхинвалмæ бронзæйон хорзæхтимæ æрцыдысты Къуылыхты Зæринæ,  Касрадзе Майя, Тедеты Алинæ, Хъуылымбегты Виктория æмæ Мария Харчилава. Æртыккаг бынат бацахсыны фембæлды карз тохы фæуæлахиз сты Дагъыстаны командæйыл.

Спорстменкæты бацæттæ кодтой тренертæ Уалыты Иринæ, Остъаты Лидия æмæ Джиоты Мириан.

«Райгондæй баззадыстæм нæ хъомылгæнинæгты архайдæй. Уæлдайдæр та дагъыстайнаг чызджытимæ куыд ахъазыдысты, уымæй. Нæ теннисисткæтæ нырма хæрз æвзæнгтæ сты, фæлæ сын уæддæр бантыст сæхицæй хистæр ныхмæлæуджыты рамбулын», – банысан кодта Джиоты Мириан.

Ныр та хуссарирыстойнаг теннисисткæтæ сæхи цæттæ кæндзысты, 12 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменкæты ‘хсæн Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионатмæ. Уый уагъд цæудзæн 31 марты дагъыстайнаг горæт Хъызлары.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.