Хуссарирыстойнаг спортсменкæтæ РЦИ-Аланийы æмбырдгонды сконды хайад райстой 13 азы онг кæуыл цæуы, уыцы теннисисткæты ‘хсæн Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты стъолы теннисæй. Уый тыххæй хъусын кæны Уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы тренер Джиоты Мириан. Ерыстæ уагъд цыдысты дагъыстайнаг горæт Кизляры. Чемпионаты фыццаг финалы æртыккаг бынат бацахста тренер Остъаты Лидияйы хъомылгæнинаг Къуылыхты Заринæ. Ерысты дыккаг финалы та фыццаг ссис Майя Касрадзе, дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ та бацахстой Тедеты Алинæ æмæ Хъуылымбегты Виктория. Ерысты  «Уæлахизмæ тырнындзинады призæй» хорзæхджын æрцыдысты Майя Касрадзе æмæ Габуты Илонæ. Хорз ма архайдтой Цхуырбаты Ирмæ æмæ Лалты Азæ, фæлæ сын нæ бантыст призон бынæттæм бахауын. Кизляры администрацийы номæй Кады грамотæтæ лæвæрд æрцыдысты РХИ-йы æмæ РЦИ-Аланийы стъолы теннисы федерациты президенттæ Джиоты Мириан æмæ Бекъойты Эдвард.

Спортсменкæты бацæттæ кодтой Джиоты Мириан, Остъаты Лидия æмæ Уалыты Иринæ.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.