Дзæуджыхъæуы театралон аивадон музейы байгом Уæрæсе æмæ Ирыстоны адæмон нывгæнæг, Уæрæсейы Нывгæнджыты цæдисы уæнг, Уæрæсейы театралон архайджыты цæдисы уæнг, К. Станиславскийы номыл паддзахадон премийы лауреат, аивæдты академийы æвзист æмæ сыгъзæрин майданты хицау, национ преми «Русская галерея 21 век»-ы лауреат, Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат Челæхсаты Магрезы театралон эскизты равдыст.

Экспозицимæ хаст æрцыдысты ахæм спектакльтæ, куыд: «Тимон Афинаг», «Амыран», «Паддзах Лир» æмæ æндæрты декорацитæм эскизтæ. Се ʻппæт куыстытыл дæр Магрез архайдта Ирон, Уырыссаг æмæ музыкалон театрты.

Спектакль «Тимон Афинский»-йы сценографийы тыххæй Челæхсаты Магрезæн саккаг кодтой К. Станиславскийы номыл паддзахадон преми. Фыдыбæстæйон культурæ æмæ аивадмæ йе стыр хайбавæрды, бирæазты дæргъы æнтыстджын архайды тыххæй УФ-йы президент Владимир Путин Челæхсаты Магрезы схорзæхджын кодта Кады орденæй. Афтæ ма йын саккаг кодтой Уæрæсейы Нывгæн-джыты цæдисы уæлдæр хорзæх — Александр Ивановы сыгъзæрин майдан.

Челæхсаты Магрезы конд нывтæ сты Уæрæсе, Ирыстон, АИШ, Герман, Япон, Итали, Франц, Турк, Швейцари æмæ æндæр бæстæты егъаудæр музейты æмæ хисæрмагонд коллекциты.

Музейы разамынд куыд зæгъы, афтæмæй ахæм хъæздыг сфæлдыстадон бынтæ бахъахъхъæнын уыд тынг ахсджиаг. Равдыст уыдзæн æрвылазон. Зындгонд нывгæнæджы сфæлдыстад хи цæстæй феныны фадат ис, кæй фæнды, уыдонæн се ʻппæтæн дæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.