Бӕрӕг куыд у, афтæмæй Хуссар Ирыстоны Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты нывгæнджыты равдыстыты залы октябры мӕйы байгом ӕрцыд Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы адӕмон нывгӕнӕг Чилæхсаты Магрезы куыстыты равӕрд «Возрождение», зӕгъ-гӕ, ахӕм номимӕ. Курдиатджын нывгæ-нæджы куыстытӕ фылдӕр сты национ те-матикӕйыл. «Мӕ куыстыты ӕнӕмӕнгдӕр хъуамӕ уа ирон царды комулӕфт»,- зӕгъы йӕхӕдӕг нывгӕнӕг. Йӕ куыстытӕ ра-вæрд æрцыдысты Уӕрӕсе, Ирыстон, АИШ, Герман, Япон, Итали, Франц, Турк, Швейцари æмæ æндæр бæстæты стырдӕр музейты ӕмӕ сæрмагонд коллекциты. Нывкæнынады аивады размӕцыдмӕ йе стыр хайбавӕрды тыххӕй В. Путины Бара-мындмæ гӕсгӕ Чилæхсаты Магрез хор-зӕхджын ӕрцыд орден «Знак Почета»-йӕ.      Уый егъау хайбавӕрд бахаста национ ныв-кæнынады культурæмæ. Йӕ сфæлдыста-ды равдыста ирон хъӕуы хуымӕтӕг цард – йӕ зынвадат ӕрвылбонон цард, бӕрӕг-бӕттӕ, чындзӕхсӕвтӕ. Йӕ куыстытӕ кӕддӕриддӕр сты ныры дуджы темæтыл æмæ сты хъæугæ. Æрбацæуджыты размæ рахастæуыд аивады дæсныйы 120 куыс-тӕй фылдӕр. Уыдон ӕхсӕн сты: «Сырх уæлхæдзæрттæ», «Хæхты», «Сæумæрай-сом», «Зæлинæйы хуызист», «Зымæг», «Мысинаг», «Чындзæхсæв Цхинвалы» æмæ æндæртæ. Бæрæг куыд у, уымæ гæс-гæ куыстыты равдыст хъуамæ уыдаит 20 октябры онг, фæлæ равдыстмæ бирæ адæм кæй цæуы, уымӕ гӕсгӕ йӕ адард-дæр кодтой ноябры кæронмæ. Паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Чилæх-саты Магрезы куыстытæ стыр цымыдисдзинад сæвзæрын кодтой республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæм. Растдæр уымæ гæсгæ мах бар радтам, цæмæй равдыст дарддæргонд æрцæуа. Йæ ныхæс-тæм гæсгæ нывты равдысты æрбакондæй фæстæмæ залмæ æрбацыдысты дыууæ минæй фылдæр адæймаджы æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ХИПУ-йы музейы дуæрттæ кæддæриддæр гом сты аивад-уарзджытæн. «Ацы мæйы кæронмæ кусгæбонты 10.00 – 14.00 сахаты онг кæй фæнды, уыдонæн сæ бон у æрбацæуын æмæ фенын зынгæ ирон нывгæнæг Чилæхсаты Магрезы куыстытæ»,- банысан кодта уæл-дæр ахуыргæнæндоны ректор. Уый æрсидт, цæмæй равдыстмæ æрбацæуджытæ æххæст кæной профилактикон мадзæлттæ, ног коронавирусон инфекци кæй апарахат, уымæ гæсгæ, ома, хъахъхъæной маскæйон режим, къухты дезинфекци æмæ социалон дистанци.

Тедеты Вадим куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ХИПУ-йы музейон комплексы ныридæгæн æвæрд æрцыдысты аивады зынгæ дæсныты куыстытæ, куыд Уæрæсейы Федерацийы адæмон нывгæнæг Никас Сафронов, Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг Кæсойты Лаврентийы экспозици æмæ Савлаевты мыггаджы фоторавдыст. Йæ ныхæстæм гæсгæ ныхас цæуы Ирыстоны зынгæ нывгæнджытæ Джыгкайты Мурæт, Бедойты Шалва æмæ Пухаты Вадимы равдыстыты равæрдыл дæр.

КОКАЙТЫ Зæринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.