Хъæрæсе-Черкесийы ис Хетæгкаты Къостайы номыл чысыл хъæу — Къостайыхъæу. Цæрынц дзы Цæгат Ирыстонæй рацæугæтæ. Хъæуы уæлдай хорздзинад уый мидæг ис æмæ бынæттон цæрджытæ абоны онг дæр хъахъхъæнынц сæ фыдæлты æгъдæуттæ, традицитæ æмæ сæ дæттынц фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Национ хæзнаты хъахъхъæнджытæ Цæгат Ирыстоны Къостайы æнæмæлгæ сфæлдыстадыл æнувыд адæймæгты фæхонынц сæ мадзæлттæм. Дзæуджыхъæуæй ацы бынатмæ алидзыны хъуыддаджы егъау нысаниуæг уыд фидæны зындгонд рухстауæг Хетæгкаты Елисбары фырт Леуанæн. Растдæр уый тыххæй, 1939 азы ацы хъæуы ном ивд æрцыд Хетæгкаты Къостайы хъæумæ. Уæдæй фæстæмæ бынæттон цæрджытæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц сæ райгуырæн къуымы хæзнатæ, æххæст кæнынц сæ фыдæлты традицитæ. Ахæм зæрдæйы уагимæ хъомыл кæнынц рæзгæ фæлтæры дæр. Фæлæ рæстæджы цыдимæ хъæуы национ сконд дæр ивд æрцыдис. Фембæлæн дзы ис хъæрæсейæгтыл, сомихæгтыл, æгæрыстæмæй, узбекæгтыл дæр. Цæрджыты æнгомдзинад æмæ хæларзæрдæдзинадмæ адæймаг бахæлæг кæны. Схонæн сæ ис иумиаг бирæнацион бинонтæ, кæцытæ сæ цины дæр æмæ хъыджы дæр сты кæрæдзийы фарсмæ.

Хъæуы фыццаг цæрджытæ, кæцы ныртæккæ хæссы Хетæгкаты Къостайы ном, Хъæрæсе-Черкесийы æрцардысты 150 азы размæ. Кавказаг хæст куы фæцис, уæд ирæттæ-хæххонтæ сфæнд кодтой ныртæккæйы Хъæрæсе-Черкесийы цы бирæ сæрибар зæххытæ уыд, уырдæм фæцæуын. Фидæны хъæумæ, 1869 азы бæрæгкæнынмæ бацыдысты паддзахы армийы афицер, поэт Къостайы фыд Хетæгкаты Леуанимæ. Куы раздæхтысты, уæд делегацийы уæнгтæ бынæттон хицауадимæ иумæ активонæй агитаци кодтой се ’мбæстæгты уыцы зæхмæ фæлидзыны тыххæй. Цæуын æм райдыдтой 1870-æм азы. Æрдæг мæймæ хъæуы æрцардис 149 хæдзары. Ирæттæн сæ фæндаг цыдис æндæр адæмыхæттыты зæххыл. Хæларзæрдæйæ сыл æмбæлдысты черкесæгтæ, хъæрæсейæгтæ æмæ уырыссæгтæ. Иу зындгонд æлдар сын, æгæрыстæмæй, цалдæр галы дæр балæвар кодта, цæмæй цы зæхмæ æрцыдысты, уый номыл куывд скодтаиккой. Ирæттæ æрбынат кодтой Хъобаны цæугæдоны галиу фарс, Шоайнаг дзуары алфæмблай. Бынат сæ зæрдæмæ уайтагъддæр фæцыдис. Кæд сын фыццаг рæстæджыты зын уыдис, уæддæр хъæу фондз азы фæстæ дидин калын райдыдта. Чидæртæ сæ хæдзæртты сæртæ æмбæрзын райдыдтой æрхуыйæ, ахæм бинонтæ нымад цыдысты фæрæзджынтыл. Цалдæр азы дæргъы хъæуы хистæр уыд Хетæкгаты Леуан. Фыццаг рæстæджыты официалон фыстæджыты хъæуы хуыдтой Шоайнаг, Шоаны хохы фарсмæ кæй уыд, уый тыххæй. Фæстæдæр хъæуы ном ивд æрцыд æмæ йæ схуыдтой Георгиевско-Осетинское.

Цæгат Ирыстоны Къостайыхъæуы. Цæрджытæ бахъахъхъæдтой ирон культурæ æмæ традицитæ. Зæгъæм, хъæуы чындзæхсæв куы вæййы, уæд æй саразынц раздæры æгъдаумæ гæсгæ. Цины бон бæхыл арвитынц хонæг цæрджытæн азилы æмæ сын фехъусын кæны, хъæуы цинддзинад кæй ис, уый. Уыдис-иу афтæ дæр æмæ-иу ног чындзы йæ фыды хæдзарæй ракодтой къахæй. Сиахсимæ-иу рацыд фæндзай адæймаджы бæрц, фæндырыл цæгъд-гæйæ æмæ заргæйæ. Ныр ног чындзмæ æрбацæуынц ма-шинæйыл. Ахсджиаг бынат дзы ахсы уæлæдарæс дæр. Чындз, æнæмæнгдæр, хъуамæ уа ирон национ уæлæдарæсы.

Къостайыхъæуккæгтæ стыр аргъ кæнынц лæппуйы райгуырды бæрæгбонон æгъдауæн дæр. Уый цытæн-иу скодтой куывд. Стыр бæрæгбонтæм Къостайы хъæумæ æрцæуынц уазджытæ. Октябры мæйы хъæуы цæрджытæ æрвылаз дæр банысан кæнынц Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон.

Барахъты Людмилæ у Къостайыхъæуы скъолайы иунæг ирон ахуыргæнæг. Ирон æвзаг ахуыр кæнынæн скъолайы дихгонд æрцыд къуыри дыууæ урочы, ирон литературæйæн — иу. Æвзаг æмæ литературæ ахуыры программæмæ хаст сты 1-9 кълæсты онг. Хистæр кълæс-тæн амонынц æрмæстдæр ирон литературæ. Хетæгкаты Къостайы уацмыстæй дарддæр ма сывæллæттæ зонгæ кæнынц æндæр авторты сфæлдыстадимæ дæр: Джыгкайты Шамил, Ходы Камал, Джусойты Нафи, Брытъиаты Елбыздыхъо, Мамсыраты Дæбе æмæ æндæрты. Скъоладзауты фылдæр хай сты хъæрæсейæгтæ æмæ ирæттæ, алчидæр сæ ахуыр кæны йæ мадæлон æвзаг.

Хетæгкаты Къостайы хъæумæ куы бахæццæ стæм, уæд мæ зæрдæйы цыдæр æхсызгон цины æнкъарæн фæзынд, мæ цæстытыл ауадысты Къостайы сабибонтæ, йæ дарддæры цардвæндаг. Уынджы цæугæйæ фехъусæн ис ирон ныхас. Уый зæрдæйæн уæлдай æхсызгондæр уыд. Къос-тайы хæдзар кæм уыд, уым ныртæккæ ис сывæллæтты цæхæрадон «Теремок». Къостайыхъæуккæгтæн нæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад æмæ бирæ азты цæрæнбон.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.