Хуссар Ирыстоны Президенты æххæстбарджын минæвар, сывæллæтты барты фæдыл омбудсмен Джиоты Аэлитæ Мыхуыр æмæ информацийы комитетмæ фæуазæг йæ фыццаг пресс-конференци ауадзынмæ. Журналисттæн радзырдта йæ хæслæвæрттæ æмæ фидæны закъоны проекттыл. «Нырма мæйы бæрц дæн ацы бынаты. Ахуыр кæнын документаци, æрзылдтæн, мæ куыст кæимæ хъуамæ нывæндон, уыцы организацитæ æмæ уагдæттыл. Сабитыл аудындзинад æмæ рухс фидæныл архайын уыдзæн мæ сæйраг мæт. Стыр фæрæзтæ хардз цæуы паддзахады æрдыгæй дæр сывæллæтты хæрзиуæгæн. Арæзт цæуынц ног рæвдауæндæттæ, скъолатæ, ирхæфсæн æмæ спортивон фæзтæ. Фæлæ нырма, хъагагæн, бирæ саразын хъæуы, цæмæй сывæллæттæн уа хорз, бæллиццаг фидæн. Æз фæнд кæнын æрзилын республикæйы районтыл, цæмæй æввахсдæр базонгæ уон алы сывæллоны проблемæимæ дæр. Мæ сæйраг нысан та у, цæмæй Ирыстоны фæзына сывæллæтты реабилитацион центр. Цæгат Ирыстоны ис диссаджы центр, уырдæм рæстæгæй-рæстæгмæ ацæуынц нæ сывæллæттæ реабилитацимæ, фæлæ уый фаг нæу. Ныридæгæн мæ хъуыдытæ æмæ нывæзтытимæ зонгæ у нæ президент. Разы у, кæй аскъуыддзаг кæндзæн  мемæ  уыцы фарстатæ. 8-æм июны мæнæн фембæлд уыдзæн Уæрæсейы Федерацийы омбудсменимæ. Уырдæм мæхи цæттæ кæнын бæстонæй. Ныфс мæ ис,  фæстæмæ хорз фæстиуджытимæ кæй æрыздæхдзæн», – дзырдта Джиоты Аэлитæ.

Сывæллæтты омбудсмен радзырдта 1-æм июны боны цытæн цы мадзæлттæ бацæттæ кодта, уыдоны тыххæй дæр. «Хорз мадзал бацæттæ кæнын нын бантыст интернаты. Аниматортимæ иумæ бацæудзыстæм сывæллæтты рынчындонмæ. Гуырæн хæдзары 1-æм июны цы сабитæ райгуырдзæн, уыдон ныййарджытæ дæр райсдзысты лæвæрттæ. Афтæ ма, Сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæзиан, уыдоны  сывæллæттæ  райсдзысты æхцайы фæрæзтæ. Бабæрæг кæндзынæн Донецкæй нæм цы лигъдон сывæллæттæ ис, уыдон дæр», – загъта омбудсмен.

 

Скъола-интернаты

Сывæллæтты омбудсмены пресс-конференци æмæ сабиты цинæн арæзт бæрæгбон

Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон боны цытæн Хуссар Ирыстоны Сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын Джиоты Аэлитæ Цхинвалы скъола-интернаты ахуырдзаутæн сорганизаци кодта хъæлдзæг бæрæгбон хиирхæфсæн программæимæ. Нæ чысыл æмбæстæгтæм бынатмæ фæуазæг сты аниматортæ æмæ сæ хъазын кодтой. Сывæллæттæ  музыкæйы æхццон зæлтимæ кафыдысты æмæ зарыдысты Чебурашкаимæ  æмæ уый фæстæ хайад истой конкурсты. Скъолайы бæстыхайы ма организацигонд æрцыд аквагримы бынат дæр æмæ кæй фæндыд, уыдонæн сæ цæсгæмттыл нывтæ кодтой алыгъуызон ахорæнтæй.

Джиоты Аэлитæ раарфæ кодта æппæт сывæллæттæн дæр æмæ сын йæ цæст бауарзта фидар æнæниздзинад æмæ сабырад, цæмæй сæ æнæмæт рæстæг æрвитой хъæлдзæгæй. «1-æм июны куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ нæ бæсстæйы дæр банысан кæнæм Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бон. Уый у иууыл хуыздæр æмæ æнæхин сывæллæтты бæрæгбон, кæцы хæссы æрмæстдæр æвæрццаг эмоцитæ. Мах ахæм бæрæгбоны, стæй æндæр бонты дæр хъуамæ уæм нæ сывæллæтты фарсмæ æмæ сын æххуыс кæнæм сæ царды фæндæгтыл. Скъола-интернаты ахуыр кæнынц тынг хорз сывæллæттæ, уыдон ам хъомыл кæнынц хæларæй, кæрæдзи уарзгæйæ. Уый та у фæзминаг хъуыддаг. Уадз æмæ уæ цæсгæмттыл æрмæстдæр хъазæд мидбылхудт», – загъта сывæллæтты омбудсмен.

Бæрæгбонон мадзалы кæрон скъола-интернаты сывæллæттæн æрæвæрдтой адджын фынг æмæ зæрдылдарынæн систой сæ къамтæ дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа,

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.