Зынаргъ хæлæрттæ! Цытджын ныййарджытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ сæрмагондæй мæхи номæй уын арфæ кæнын сывæллæтты уарзондæр бæрæгбон – Сывæллæтты хъахъхъæныны боны цытæн.

Ацы бæрæгбон у нæ чысыл æмбæстæгты æмæ йедзаг у мидбылхудт, циндзинад, сывæллæттæн хорз арфæтæй. Фæлæ уый нæ нысан кæны, нæ чысыл хурты æрмæст ацы бон хъуамæ уарзæм æмæ аудæм. Мах алыхатт цæттæ стæм æмæ хæсджын стæм кæдфæнды дæр сæ фарсмæ æрбалæууын, æххуыс сын кæнын, бæрндзинад хатæм фидæны фæрныгады, амондджын сабийы бонтыл.

Цæмæй сывæллонæн уа амондджын сабибонтæ, уый тыххæй хъуамæ райгуыра æмæ хъомыл кæна фæрнджын бинонты ‘хсæн. Æппæты сæйрагдæр  миниуджытæ уый райсы ныййарджытæй, сæ уарзондзинад, æнувыддзинад, æмбарындзинадæй. Ныййарджытæ æппæт тыхтæ радтынц сабийы гармонион, æппæтварсон æххæст рæзтæн. Алы сывæллонæн дæр хъуамæ фадат уа медицинон æххуыс, хорз ахуырад райсынмæ, фадат ын уа йæ бæллицтæ сæххæст кæнынæн.

Сывæллæттæ сты нæ царды мидис, нæ фидæн. Мах сæрыстыр стæм не ‘взонг курдиатджын сывæллæттæй, æмæ сын хъуамæ аккаг фæндаг саразæм царды, цæмæй уыдон суой Райгуырæн зæхх уарзæг æцæг патриоттæ.

Мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй алы сывæллон дæр уа æнæниз æмæ амондджын, алкæмæн дæр уа хорз сæрдыгон улæфт æмæ æнæферохкæнгæ тæлмæнтæ. Уадз æмæ æххæст цæуой сывæллæтты бæллицтæ, сæ мидбылхудт та рæсугъд кæнæд дуне.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты Сæрдар ÆЛБОРТЫ Алан

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.