Нæ зынаргъ æмбæстæгтæ, Парламенты депутаттæ, зынаргъ уазджытæ!

Нæ бæстæйы Конституцийы домæнмæ гæсгæ республикæйы адæм æмæ Парламентмæ хатын паддзахады уавæры, æддагон æмæ мидæггагон политикæйы сæйраг здæхтыты фæдыл ныстуанимæ.

Абоны ныстуан мах сбастам нæ паддзахады историйы ахсджиагдæр бонимæ – Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады фæдыл Акт Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Совет цы бон райста, уыимæ.

Уыцы документы ис тугæй ныффæрæзт ныхæстæ:

«Республикæ Хуссар Ирыстон мæлæтæй тæссаг уавæры ба-хаудта Гуырдзыстоны республикæйы фыдракæндты, йæ залым æмæ гадзрахат миты аххосæй, ирон адæмы геноцид, нæ нацийы культурæ æмæ  адæмы  сæфты къахыл  кæй ныллæууын кодтой, уыдæттæ нымайгæйæ, ИНО-йы Статусы фæлгæтты … нациты хæдуагæвæрды барыл æнцойгæнгæйæ, Сæйраг Совет цытджын уагæй расидт Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ хæдбар паддзахад Хуссар Ирыстоны сырæзт».

Ивгъуыд азтæ равдыстой, ацы агъуысты 1992 азы 29 майы цы уынаффæ рахастой, уый иунæг раст уынаффæ кæй уыдис. Хæдбардзинад расидыны æртын фыццæгæм аз нæ республикæ нысан кæны, куыд фæд-фæдылонæй рæзæг, нымад суверенон паддзахад, афтæ.

Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн арфæ кæнын Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады фæ-дыл Акт райсыны боны тыххæй!

Мæ сæрæй ныллæг кувын нæ адæмæн æмæ хъысмæтскъуыддзаггæнæн документ райсæг Сæйраг Советы депутаттæн!

Абон ма мах ноджыдæр нысан кæнæм нæ паддзахады рæзты вазыгджын бон дæр – Цæгат Ирыстоны ССР-йы Сæйраг Советы уынаффæ Хуссар Ирыстоны республикæ банымайыны тыххæй. Уыцы уынаффæ ист æрцыд 1993 азы 6 мартъийы æмæ ирон адæмы иудзинад равдисыны хъуыддаджы уымæн уыдис егъау нысан, уыцы уынаффæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты ныфс æрфидар кодта, фæстæдæр та сси Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны банымады пайдайæн ахсджиаг аргумент. 1989-1992 азты æппæты зындæр бонты нæ цæгатирыстойнаг æфсымæрты æххуыс стыр ахсджиаг уыдис.

Æмæ абон ацы залы ис республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты делегаци Тус-къаты Русланы фырт Таймуразы сæргълæудæй. Стыр бузныг  зæгъын мæ фæнды, нæ бæрæгбоны бон немæ кæй стут! Цины уа æви хъыджы – мах кæддæриддæр уыдзыстæм иумæ! Абон ацы залы ис Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов. Цытджын Марат Минюры фырт, дæ номæй мах зæгъæм бузныг Уæрæсейæн нæ паддзахады банымады æмæ йæ бирæ хæрзты тыххæй.

  1. Ӕддагон политикæ

Ныстуаны мидисджын хаймæ рахизгæйæ, фыццаджыдæр мæ фæнды не ‘хсæнадæмон уавæры æмæ æддагон политикæйы фарстатыл æрлæууын. Мах цæрæм кардиналон  геополитикон ивддзинæдты рæстæджы æмæ абон цы историон цаутæ цæуынц, уыдон бæлвырд кæндзысты Европæ æмæ Азийы паддзахæдты фидæны контуртæ.

Ивгъуыд азы сæйраг цау уыдис Уæрæсейы Федерацийы сæрмагонд æфсæддон операци Украинæйы æмæ уыцы операци бандæвта дунеон процессты фылдæр хайыл.

Хуссар Ирыстоны республикæйæн ис дырыс бæлвырдгонд æддагполитикон приоритеттæ. Нæ сæйраг æмцæдисон у æмæ уыдзæн Уæрæсейы Федераци. Уæрæсейы ныхмæ агресси мах нымайæм куыд Хуссар Ирыстоны ныхмæ агресси, афтæ.

Хуссар Ирыстоны разамынад Сæрмагонд æфсæддон операцийы фарс рахæцыд йæ райдайæны фыццаг бонты. Не ‘фсæддонтæ æмæ бархионтæ уæрæсейаг салдаты цур уæд æрбалæууыдысты, нæ иумæйаг интерестæ бахъахъхъæныны сæраппонд коллективон Ныгуылæнæн марионеткæ чи сси, уыцы украинаг неонацизмы ныхмæ тохы.

Бирæ хъыг æмæ маст, бирæ адæмы фæхъуыд бавзæрстой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны адæм. Уымæ гæсгæ уæ курын, Донбассы сабыр царды сæраппонд сæ цард цы æфсæддонтæ радтой, уыдоны номыл иу минут æмырæй алæууæм.

Нæ бон цы у, уымæй ницы бавгъау кæндзыстæм, СӔО-йы архайджыты  æмæ фæмардуæвæг хæстонты бинонты цард фæрогдæр кæнынæн. Уыцы хъуыддаджы тыххæй сарæзтам Хъахъхъæнынады министрады цур æмбæлон  æхсæнадон организаци. Дарддæр та закъондæттынады æмвæзадыл ист æрцæудзысты сидзæр сывæллæттæн социалон æххуысы фæрæзтæ, се ‘хсæн уыдзысты ахуыр æмæ куыстмæ райсыны фæдыл æххуысы фæрæзтæ дæр. Республикæ Хуссар Ирыстон æххæстæй рахæцыд Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæты, Запорожье æмæ Херсоны областты Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыны æвварс. Æхсызгон нын у, Уæрсеимæ баиу уæвыны бæллицæн нæ хæлæрттæн кæй фæзынд геополитикон фадат æмæ уыцы историон моментæй кæй спайда кодтой.

Президент Гаглойты Аланы Ныстуан Республикæ Хуссар Ирыстоны адæммæ æмæ Парламентмæ

Уырны мæ, Хуссар Ирыстоны рад дæр рæхджы ралæудзæн.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы фоныл Гуырдзыстоны деструктивон тыхтæ базмæлыдысты, разæнгардæй архайын райдыдтой, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ дыккаг фронт байгом кæныныл.

Уымæ гæсгæ, мах бацархайдтам нæ бæстæйы хотыхджын тыхтæ æмæ уыцы сферæйы Уæрæсейы Федерациимæ æмархайд æрфидар кæныныл.  Ахæм информаци парахаткæнинаг нæ вæййы, фæлæ уын мæ бон у зæгъын, абоны бон регионы уавæрыл æххæстæй контроль  кæй цæуы. Æфсæддон сферæйы ног проекттæ дæр реализацигонд цæуынц.

Æхсæнадæмон аренæйы Гуырдзыстоны республикæйы минæвæрттимæ, уыцы нымæцы Женевæйаг дискусситы фæзуаты дæр нæ æмахастытæ арæзт цæудзысты, дарддæр кусдзыстæм, быцæутæ ныллыг кæнынæн тыхæй  нæ пайда кæныныл разыдзинадимæ æмхæсджынгæнæг документ бафыссыны ахсджиагдзинад нымайгæйæ.

Ныртæккæ махæн ис конструктивон æмæ хæларадон æмахастытæ Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр разамынадимæ. Æмбаргæ цæстæнгас æвдисы уый республикæйы проблемон фарстатæм æмæ цæттæ у хъæугæ æххуысмæ политикон, экономикон æмæ æндæр сферæты. Бæрзонд æмвæзадыл сты Уæрæсейы Федерацийы фадыгон министрадтæ æмæ ведомствотимæ ахастытæ – реализацигонд цæуынц республикæйы социалон-экономикон райрæзты æххуысæн ахъаз проекттæ. Цæгат Кавказы республикæтæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы иннæ субъекттимæ рæвдз кæнæм æнгом æмахастытæ. Мах дарддæр дæр нысан кæнæм Уæрæсейы Федерациимæ æххæстварсон баввахсдзинад фидар кæнын.

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланиимæ æмахастытæ та дарддæр активонæй рæздзысты алы фадыджы – хицауадонæй  хицæн гоймæгтимæ ахастыты онг.

Нæ хæдбардзинад цы паддзахадтæ банымадтой, уыдонимæ æппæт сферæты  æмгуыстадмæ цæттæ стæм. Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ориентаци кæны æддагполитикон контакттæ рауæрæх кæнынмæ, кæцыты фæстиуæгæн республикæ нымад цæудзæн æндæр æмæ æндæр фæсарæйнаг паддзахадты æрдыгæй.

Ацы куысты максималон æгъдауæй хъæуы пайда кæнын ног информацион-коммуникацион технологитæй. Оперативон æгъдауæй реагир кæнын хъæуы нæ паддзахады интерестæм цыдæриддæр хауы, уыдæттæм. Нæ позици æмæ нæ цæстæнгас æнæмæнг хъæуы уæрæхæй парахат кæнын фæсарæйнаг æвзæгтыл дæр, цæмæй нæ бæстæйы истори, йæ ивгъуыды æмæ нырыккон дуджы, йæ мидæггагон æмæ æддагон политикæйы тыххæй дунейы  адæмтæ исой объективон информаци.

Æддагполитикон ведомствойы куысты хицæн хахх хъуамæ суа Уæрæсейы Федерацийы æмæ фæсарæнты ирон диаспорæтимæ контакттæ рауæрæх кæныны хъуыддаг.

Æддагон политикæйыл дзургæйæ, мæ фæнды нæ арæнты сæрты хизыны æмæ сæ хъахъхъæныны ахсджиаг хъуыддаджы тыххæй зæгъын. Фæнды мæ раарфæ кæнын Арæнты демаркаци æмæ делимитацийы къамисы чи куыста, Парламенты  уыцы депутаттæн. Уе стыр æмæ лæмбынæг куысты фæрцы сымах бацæттæ кодтат хатдзæгон доклад, кæцыйы равдыстат Уистайы (Цънелисы) цур паддзахадон арæны æмæ ма Хуссар Ирыстоны республикæйы æппæт арæнтыл хизыны уавæртæ дæр.

Доклады юридикон аспект ныртæккæ иртасынц Юстицийы министрады æмæ уый хæдфæстæ та нæ бахъæудзæн спълан кæнын æмæ царды ныббиноныг кæнын доклады хатдзæгтæ реализацигæнæн фæрæзтæ. Ацы куыст мах хъуамæ аразæм æхсæнадæмон барадон нормæтæ нымайгæйæ æмæ нæ паддзахадон арæнтæ хъахъхъæнæг уæрæсейаг фарсимæ иумæ архайгæйæ.

  1. Мидæггагон политикæ. Закъондзинад æмæ æхсæнадон фæтк.

Мидæггагон политикæйы фарстатæм рахизыны разæй мæ фæнды бафиппайын, уый æмæ куысты æрлæугæйæ, мæ сæйраг хæсыл кæй нымадтон республикæйы æхсæнадон-политикон æмæ парламентон кризистæн кæрон скæнын. Уыдон адæмы æхсæн расайдтой нæразыдзинады митингтæ æмæ барадхъахъхъæнæн органты деградаци. Махæн бантысти мидæггагон политикон æндыгъдады градус æрмынæг кæнын æмæ æппæт политикон тыхтимæ сабыр, констуктивон диалогмæ рахизын.

Фидæны дæр афтæ архайынмæ хъавын, уымæн æмæ мидæггагон политикон стабилондзинад у паддзахады размæдзыд æмæ райрæзты æнæмæнгхъæуæг бындур.

Ногæй цæттæ дæн парламенты депутаттимæ дзурын Парламенты пайдайæн Президенты æххæстбарты хай бадæттыны фæдыл. Хицауиуæгадæй рынчын нæ дæн æмæ цæттæ дæн æххæстбартæ адих кæнынмæ.  Махæн нæ сæйраг хæс у ахæм паддзахадон механизм саразын, цæмæй фидæны макæмæн уа фадат президентон æххæстбартæй фыдхъомыс кæнын æмæ республикæйы кризистæ æмæ фæстæмæдзыды амæттаг бакæнын.

Нæ пълæнттæм хаст сты республикæйы районты æмæ горæт Цхинвалы бынæттон хæдуынаффæйы æмæ минæварадон органты сæндидзыны фарстатæ. Фæнды мæ консультативон органтæ, куыд, зæгъæм, Президенты цур Закъондæттынад æххæсткæнæны фæдыл къамис æмæ Политикон совет ногæй скусын кæнын. Ранымад органты фæлгæттæм фæхондзыстæм республикон политикон партиты, æхсæнадон иугæндты разамонджыты, зындгонд æхсæнадон æмæ политикон архайджыты. Ахæм фæрæзты фæрцы хуыздæр кæндзæн республикæйы æхсæнадон-политикон уавæр.

Сæрмагондæй бахахх кæндзынæн – уавæр æрсабыр кодтам, фæлæ йæ дестабилизацийы аххосджынтæ, стыр бынæтты кусæг гоймæгты фыдракæндтæ, махæй рох не сты. Закъонмæ гæсгæ архайгæйæ, æнæмæнг, кæронмæ æркæндзыстæм Дзабиты Иналы амарыны фæдыл фæдагуырд æмæ ма уыимæ иннæ фыдракæндты аххосджынты дæр ссардзыстæм. Уыцы фыдракæндтæ сты прокуратурæ æмæ Мидхъуыддæгты министрады органты деградацийы æвдисæндартæ. Ахæм уавæрмæ та сæ æркодтой сæ раздæры разамонджытæ. Сæ ныхмæ гомгонд сты уголовон хъуыддæгтæ, слест цæуы.

Цы йæ æмбæхсон, зынтæй цæуæм уыцы фæндагыл. Профессионалон, æмæ уыимæ хæрзуаг кусджыты хъуагдзинад фарста карзæй лæууы. Цыбыр рæстæгмæ уыцы хъуагдзинад баххæст кæнын нын нырма нæ бантыст.

Фæлæ уын дзырд дæттын, прокуратурæйы органтæ кæй ссыгъдæг кæндзыстæм æнаккаг кусджытæй æмæ уыцы стыр ахсджиаг орган кæй æххæст кæндзæн паддзахады закъонад ифтонг кæныны функцитæ. Барадхъахъхъæнæн органты куысты гъæд æмæ эффективондзинад фæфылдæр кæнынæн махæн ныридæгæн бантыст кадрон ивддзинæдты хай  саразын æмæ уыцы куыст адарддæр кæныны пълæнттæ æххæст кæныныл архайдзыстæм.

Райст æрцыд уынаффæ, цæмæй Æфхæрдтытæ æххæст кæныны управлени бацæуа Мидхъуыддæгты министрады дæлбармæ. Уый æрмæст фыдракæндты æргомкæнынад нæ фæбæрзонддæр кæндзæн, фæлæ ма фадат ратдзæн ацы управленийы кусджыты куыстмызд Мидхъуыддæгты министрады кусджыты куыстмызды æмвæзадмæ скæнын æмæ, æппынфæстаг, сæ пенсион ифтонгады фарст аскъуыддзаг кæнынæн дæр.

Банысан кæндзыстæм уый дæр, кæй нын бантыст барадхъахъæнæг иуæй-иу дæлхæйтты æмæ тыхон структурæты кусджытæн æхцайы æххуыс сæндидзын кæнын. Уæрæсейы æххуысы фæрцы Мидхъуыддæгты, Уæлвæткон уавæрты министрадты, Хъахъхъæнынады паддзахадон службæйы, Ӕдасдзинады паддзахадон комитеты, Ӕддагон развæдсгæрсты службæйы кусджыты мыздтæ сырæзтысты. Кæронмæ хæццæ кæны Таможнæйы службæйы кусджыты мыздты сырæзты фарста дæр.

Уырны мæ, уыцы ивддзинæдтæ хорзæрдæм кæй разындзысты республикæйы закъонад, æдасдзинад æмæ æхсæнадон фæткыл.

Мидхъуыддæгты министрадæй домын, цæмæй уæлдай лæмбынæгæй кæсой наркомани парахат кæныны æмæ æмбæстæгты мæлæтхæссæг фæндагон-транспортон цауты проблемæтæм.

  1. Экономикæ æмæ финанстæ

Экономикæйы фадыджы нын ныууагътой уæззау бынтæ. Фыццаджыдæр, уый у электроэнерги æмæ газ дæттæг уæрæсейаг компанитæн 1 миллиард сомы хæс. Паддзахадон куыстуæттæн сæ фылдæр, уæлдайдæр  раздæры пайдаджын РГУП «Дорэкспострой», зиан хæссын райдыдтой. Финансон хæлддзинæдты стыр хай уыдис Уæрæсейы фарсы ‘рдыгæй цæуæг æхцайы фæрæзтæй. Уæрæсейы Казначейад цы финансон хæлддзинæдтæ сбæлвырд кодта, уыдон æмткæй сты 625 миллуан сомæй фылдæр.

Уыцы хæлддзинæдты се ‘ппæты дæр аиуварс кæнын хъæуы. Финансон сферæйы хъуамæ уа фæтк æмæ æргомдзинад. Уæрæсейы Федераци нын егъау æххуыс дæтты æмæ махæн нæ хæс у уымæй рационалон æгъдауæй пайда кæнын. Хорз æнтыстытыл нымайын практикон æгъдауæй нын ивгъуыд азы кæй бантыстис Инвестицион программæ сæххæст кæнын. Афтæмæй та йыл æрмæст азы æмбисы райдыдтам кусын.

Бантыстис нын Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй разыдзинад райсын республикæйы районты газификацийы фæдыл – ног схемæмæ гæсгæ, ома, Уæрæсейы Федерацийы субъектты принциптæм гæсгæ. Проекты реализаци нын фадат ратдзæн республикæйы хъæууон районты кондады рæзтæн базæ саразын, царды уавæртæ фæхуыздæр кæнын æмæ хъæууон цæрджыты ивылынад æруромынæн. Уыимæ ма баныхас кодтам «Дæллаг Зæрæмæджы» уадзæн пункты реконструкцийыл æмæ афтæмæй паддзахадон арæнтыл хизгæйæ, стыр радты проблемæ иуварсгонд æрцæудзæн.

Дарддæры бакуысты стадийы сты республикæйы районты БТК-4 филиалтæ байгом кæныны фарстатæ.

Нæ сæйраг хæсыл нымайæм нæ республикæ инвестицитæн химæлвас саразын. Æнæ уымæй экономикæйы дарддæры рæзтыл дзрæн нæй. Паддзахадон органты хæс у архайæг æмæ потенциалон амалиуæггæнджытæн алыварсон æгъдауæй – бизнес-пълæнттæ зæгъай, бухгалтерон документтæ цæттæ кæныны, юридикон консультацитæ дæттыны – алцæмæй дæр æххуыс кæнын. Амалиуæггæнæг иунæгæй хъуамæ ма баззайа йæ зындзинæдтæ иуварс кæныны рæстæджы.

Хицауад æнæрынцойæ архайы инвестор-тæ æрбахоныныл. Райсом æз дæр  сæмбæдзынæн Мæскуыйы областы хицауады структурæ «Российский экспортный центр»-ы разамынадимæ æмæ уыцы фембæлд дæр амалиуæггæнджыты дывæрсон æмархайд æмæ бизнес-проектты цыбыррæстæгон реализацийы пайдайæн уыдзæн.

Фæд-фæдылонæй, къахдзæфгай мах хъуамæ цæуæм республикæйы экономикон хæдæфсисады рæзынады фæндагыл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзынæн, абоны бон нæ бюджеты æфтиæгты 90 проценты кæй цæуынц Уæрæсейы Федерацийы лæвар æххуысæй. Уымæ гæсгæ Хъалонтæ æмæ æмбырдты, Таможнæйы комитеты хæс у хъалонон æмæ таможнæйон администрирады æмвæзад фæхуыздæр кæнын. Бюджет æххæсткæныны потенциал нæ республикæйы ис. Ацы дыууæ фадыджы æвæстиатæй хъуамæ рахизой нымæцон администрирадмæ.

Экономикон архайды перспективон фадгуытæй сæ иу у туристон фадыг. Республикæйы егъау потенциалы хатдзæг ныртæккæ у ноль. Ацы сферæмæ ахаст фæивын хъæуы. Экономикон райрæзты министрады хæсджын кæнын Туризмы рæзты агентады тыххæй фæндæттыл бакусын.

Хъæууон хæдзарады, нæ фадæттæм гæсгæ, бирæ цыдæртæ арæзт цæуы. Хорз дæнцæгæн æрхæссæн ис Консервон завод æмæ Дзидзайы комбинаты реконструкциты пълæнттæ, «Южный сад»-ы рауæрæх кæнын.

Уыимæ нырма уыцы сферæйы фаг куыст нæ бакодтам. Зæххæй пайдакæнынад нырма ныллæг æмвæзадыл ис. Бирæнымæц факттæм гæсгæ æнæбындур æгъдауæй субарендæйы зæххытæ æххуырсты лæвæрд цæуынц. Уый гæнæн нæй. Кусгæ кæй нæ кæнынц, пайда кæмæй нæ кæнынц, уыцы зæххытæ хъæуы исын æмæ сæ зæрдиагæй чи бакуса, уыдонæн дæттын. Хъæууон хæдзарады министрад æмæ республикæйы районты сæргълæуджытæй домын зæххы фадгуытæй пайдагæнджыты тыххæй æххæст информаци.

Уæлдай лæмбынæг æркæсын хъæуы хъæууон хæдзарады архайæг амалиуæггæнджыты нымæц фæфылдæр кæныны фарстмæ. Уыцы нысанæн къаннæг хæдзарадгæнæг формæйы фæлгæтты кусджытæн уæлæмхас паддзахадон æххуысы фæрæзты фарстайыл хъæуы бакусын.

Серьезон æххуыс хъæуы паддзахадон унитарон куыстуат «Ирагропромсервис»-æн –  йæ машинæты æмæ тракторты парк практикон æгъдауæй кусынæн нал бæзы. Уыцы хъуыддаджы фæдыл мæ фæнды бафиппайын, ныртæккæ кæй кусæм Уæрæсейы Федерацийæ республикæмæ хъæууон хæдзарадон техникæйы стыр парти лизингон æгъдауæй æрласыныл. Аунеуы хъæуы фермæйы агъуыст æмæ инфраструктурæ фехæлынæй бахъахъхъæнын хъæуы æмæ йæ скусын кæнын хъæуы.

Æнæмæнг, экономикæйы, хъæууон хæдзарады хаххыл стыр зындзинæдтæ æвзарæм. Хуымæтæг факт: районты администрациты бухгалтертæ кæд нæ фаг кæны, уæд коммерцион куыстуæттæ æмæ организациты тыххæй та ма цы зæгъæн ис. Зоотехниктæ, агрономтæ, ветеринартæ æмæ æндæр специалисттæ нæй.

Райрæзты процесс ахæм уавæр тынг къуылымпы кæны, фæлæ мах хъуамæ æппæт зындзинæдтыл дæр фæуæлахиз уæм.

Нæ куысты нысан та хъуамæ уа экономикæйы этапгай райрæзт æмæ республикæйы хæлцадон æдасдзинад сифтонг кæныны нысан.

  1. Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон фадыг

Æнæниздзинад хъахъхъæнын абоны бон у иууыл уæззаудæр æмæ проблемондæр фадыг. Дзæвгар æхца хардз кæнæм, фæлæ хæрдзтæм нæ кæсгæйæ, не ‘мбæстæгтæн квалификацион медицинон æххуыс нæ дæттæм æмæ нæ рынчынты æрвитæм кæнæ Уæрæсейы Федерацимæ, кæнæ – Гуырдзыстонмæ. Æмæ ма рынчындоны, цæмæдæр гæсгæ, вæййы хосты хъуагдзинад дæр. Ацы уавæр хъæуы сраст кæнын, Агуындæ Феликсы чызг, зонæм æй, æрхауд дæм зын фадыг, фæлæ æнхъæлмæ кæсæм уавæр кæд сраст кæндзынæ, уымæ.

Æмбæстæгтæй æвæстиат информаци исынæн хæс кæнын тæвд хахх бакæнын. Уырдæм цæрджытæн сæ бон бахатын уыдзæн, медицинон æххуыс райсыны фадыджы, цыфæнды проблемæты фæдыл.

Афтæ ма хæс кæнын Хуссар Ирыстоны телемедицинæйы рæзты фадæтты фарстатыл бакусын Уæрæсейы Федерацийы Æнæниздзинад хъахъхъæныны хызæгтæм баиу кæныны фæдыл, цæмæй нæ пациенттæ æмæ дохтыртæ исой консультацитæ сæйраг уæрæсейаг специалисттæй.

Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыгыл егъау уæз ис, уымæ гæсгæ æнæхъусдардæй зайы социалон фадыг. Уымæй зындзинад æвзарынц адæм, паддзахады фарсæрдыгæй æххæст хъусдард нæ исынц. Ис бирæ æнæсæххæстгонд проекттæ фæллойады æмæ куыстифтонгады системæ фæхуыздæр кæныны, демографион политикæйы фадыджы. Ацы фадгуыты нæ рæзы нормативон базæ.

Æз æй уынын, дыууæ ахсджиаг функцийæн иу министрады фæлгæтты кусын не ‘нтысы. Уымæ гæсгæ ист æрцыд уынаффæ – Æнæниздзинад хъахъхъæныны скондæй социалон блок рахицæн кæныны тыххæй. Йæ бындурыл мах сараздзыстæм хицæн Фæллойад æмæ социалон рæзты министрад. Æнæмæнгхъæуæг у социалон политикæйы ревизи, зын цардуагон уавæрты чи бахауд, уыдонæн æххуыс кæнын.

  1. Фæсивæдон политикæ, сывæллæтты хъахъхъæнынад. Демографи

Фæнды мæ хицæнæй æрныхас кæнын фæсивæдон политикæйы проблемæтыл. Нæ паддзахады цæуы тæссаг процесс – республикæйæ цæуынц фæсивæд.

Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты цы æвзонг фæсивæд райстой хорз ахуырад, уыдонæн дæр сæ бон нæ вæййы республикæйы куыстмæ бацæуын. Йæ аххосаг – нæй бынæттæ. Æвзонг, куыстхъом адæм фыдæнхъæл фæвæййынц æмæ ацæуынц республикæйæ. Ацы процесс нæ паддзахадæн у халæн, мах хъуамæ уый æрлæууын кæнæм.

Æз куыд æмбарын, афтæмæй, æвзонг фæлтæрæн фадат хъуамæ уа кусын æмæ сæ бинонты дарынæн. Фыццаг мадзал уыдзæн паддзахадон службæйы æмæ бюджетон фадыджы фæтк æрæвæрын. Махмæ нал уыдзæн ахæм æмбæстæгтæ, кæцытæ кусынц дыууæ кæнæ фылдæр бынæтты. Райдайдзыстæм хицауады уæлдæр органтæй. Республикæйы Хицауадæн, Президенты Администраци, Парламенты Аппарат, Уæлдæр тæрхондон иу мæйы æмгъуыдмæ мæ хæстæ сæххæст кæныны фæдыл хыгъд саразæнт.

Паддзахадон органтæ æмæ уагдæтты æндæр къухдариуæггæнджыты раз æвæрын хæс æнæзакъонæй дыууæ кæнæ фылдæр бынаты кусыны проблемæ аскъуыддзаг кæнын ацы азы 1-æм сентябрмæ.

Фæдзæхсын æппæт къухдариуæггæнджыты: ацы хæс æххæст кæм не ‘рцæуа æмæ факттæ кæм сбæлвырд кæнæм, уым персоналон бæрндзинад хæсдзыстут уæхæдæг.

Афтæмæй мах ссæрибар кæндзыстæм 1000 кусгæ бынаты нæ фæсивæдæн æмæ æгуыст адæмæн.

Бинонты институтæн æххуыс бакæныны нысанæн горæты æмæ районты сæргълæуджытæн хæс кæнын æмкъайад регистраци кæныны рæстæджы зæххы фадыг рахицæн кæныны фарстыл бакусын – хæдзар аразын, хæдзарад кæнынæн фаг куыд уа, ахæм.

Хицауады раз æвæрын хæс: бирæсывæллонджын бинонты арæн фæкъаддæр кæныны фарсты фæдыл уæ фæндтæ бавдисын, цæмæй бирæсывæллонджын бинонтыл нымад цæуой цыппар сывæллонимæ нæ, фæлæ æртæ сывæллонимæ æмæ сæ бон уа æппæт паддзахадон льготæтæй пайда кæнын.

Æнæмæнгхъæуæг у сывæллон райгуырын æмæ сывæллонмæ кæсыны рæстæджы бафыстытæ фæфылдæр кæнын.

Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитетæн Культурæйы министрадимæ, хæс кæнын, фæсивæды сæрибар рæстæг фæхуыздæр кæныны мадзæлтты пъланыл бакусын, кæцытæм хауы: кинотеатры актуалон ногдзинæдтæ æвдисын, зынгæ артистты хонын, фæсивæды сæрибар рæстæджы æндæр формæтæ. Нæ фæсивæд куыстæй ифтонг кæй не сты, уый расайы негативон фæстиуджытæ.

Паддзахад хъуамæ æххуыс кæна фæсивæдон-æхсæнадон организацитæ æмæ змæлдтытæн, сæрмагондæй æххуыс кæна фæсивæды хайадистæй амалиуæгадон проекттæн.

Ахсджиаг проблемæ у нæ сывæллæтты сæ низтæй дзæбæх кæнын. Æз райстон уынаффæ «Сывæллæтты фонд» саразыны тыххæй, цæмæй уым коммерцион куыстуæтты, организациты æмæ хицæн æмбæстæгты хæрзаудæн æхцатæ æмбырд цæуой. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадæн йæ бон куы нæ уа хос кæнынæн бафидын, уæд фонды æхцатæй фыст цæудзысты сывæллæттæн хос кæныны хæрдзтæ. Фонд æххуыс кæндзæн сывæллæтты æмæ æнахъомты спорты рæзтæн, афтæ ма аивады къабазы курдиатджын сывæллæттæн.

  1. Культурæ, ахуырад, национ идеологи

Ныстуаны фæлгæтты мæ фæнды æрныхас кæнын культурæ, ахуырад æмæ национ идеологийы фадыджы рæзты фарстатыл. Уыдонæн ис егъау нысаниуæг æхсæнады царды. Ранымайгæ здæхтыты фæдыл бакæнгæ куыстæн аргъ кæнгæйæ, мæн фæнды банысан кæнын, Культурæйы министрады архайды активизаци. Республикæйы сфæлдыстадон коллективтæ æмæ ансамблтæ гастролтимæ цæуынц Уæрæсейы Федерацийы регионтæм, æнтыстджынæй хайад исынц алыгъуызон конкурстæ æмæ фестивалты.

Ацы аз бæрзонд æмвæзадыл республикæйы уагъд æрцыдысты Абхаз æмæ Цæцæны республикæты Культурæйы бонтæ. Уый фæстæ та Хуссар Ирыстоны Культурæйы бонтæ Цæцæны республикæйы, кæцы фадат радта ацы республикæтимæ хæларадон ахастытæ сфидар кæнынæн.

Уæлдай хъусдард аздахын хъæуы ирон æвзаг бахъахъхъæныны фарстамæ. Ам ахсджиаг у ирон æвзаджы паддзахадон статус баххæст кæнын. Актуалон хæс у ирон æвзаджы бахъахъхъæныны æмæ рæзты паддзахадон программæтыл дарддæр кусын æмæ реализаци кæнын. Уыдон хъуамæ æххæссой æвзаджы фадыджы иууыл проблемон фарстатыл, ирзонынады рæзты æмæ ахуырадон-методикон литературæ уадзыны фарстатыл, афтæ ма аразой проекттæ, кæцытæ здæхт сты рæзгæ фæлтæры ‘хсæн мадæлон æвзагыл дзурыны æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны ‘рдæм.

Уымæ гæсгæ мæ фæнды нысаниуæгджын мадзал телепроект «Дзырд»-ы организатортæн бузныг зæгъын. Мах фылдæр хъусдард здахын хъæуы ахуырдзауты хайадистæй ахæм конкурстæ æмæ мадзæлттæм.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын аивгъуыйгæ Уæлахизы Парады æмæ Æнæмæлгæ полчы маршы æппæт организатортæ æмæ хайадисджытæн. Уыдон нæ патриотизм æмæ хистæр кары адæммæ цыты ахаст дарыны æвдисæнтæ сты.

  1. Ахуырад

Иумæйаг астæуккаг ахуырады фадыджы акцент хъæуы саразын ахуырдзауты ахуыры процесс æмæ моралон-хæрзнамысон хъомылады гъæд дарддæр фæбæрæзонддæр кæнынмæ. Махæн ис курдиатджын, активон фæсивæд æмæ нæ хæс у аккаг фæлтæр схъомыл кæнын, ирон адæмы традицитæ,  Советон Цæдисы ахуырады хуыздæр æмæ нырыккон æнтыстытыл бындуриуæгкæнгæйæ.

Æз æй зонын, республикæйы кæй нæ фаг кæны географийы, физикæйы, астрономийы, суанг ма математикæйы ахуыргæнджытæ. Курæг дæн Ахуырады министрадæй, цæмæй Хуссарирыстойнаг паддзахадон университетимæ бакусын ацы уавæр сраст кæныныл.

Уымæй уæлдай ма хæс кæнын Ахуырады министрадæн, Æнæниздзинад хъахъхъæнын, Хъахъхъæнынады, Мидхъуыддæгты, Уæлвæткон уавæрты министрадтимæ нысанон бынæттæ дих кæныны фарсты фæтк æрæвæрой. Мах хъуамæ фæсивæды Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм æрвитæм ахæм дæсныйæдты фæдыл, кæцытæ хъæуынц нæ экономикæйы, ома, республикæйæ фæсивæды ацыдæн нæ, фæлæ экономикæйы фадгуыты æмæ паддзахадон аппараты рæзтæн. Ахуыры сразыдзинæдты хъуамæ нысангонд цæуа паддзахадон органы хæс, рауагъдоны куысты бынатæй сифтонг кæныны тыххæй, æмæ рауагъдон йæхимæ иса хæс республикæйы 3 азæй къаддæр ма бакусыны тыххæй.

Хуссарирыстойнаг паддзахадон университеты архайдыл дзургæйæ мæ фæнды банысан кæнын уæлдæр ахуыргæнæндоны къухдариуæгады архайдтыты фæрцы Уæрæсейы æмæ æндæр хæларадон бæстæты зынгæ университеттæ æмæ зонад-ахуырадон центртимæ бастдзинæдтæ уæрæх кæй кæнынц. Уый фадат дæтты ахуыргæнджыты сконды квалификаци бæрзонддæр кæнынæн, диссертацитæ бахъахъхъæнынæн æмæ зонадон нæмттæ райсынимæ баст фарстатæ скъуыддзаг кæнынæн. Ацы куыст адарддæр кæнын æмæ уыимæ иумæ æппæт тыхтæ радтын хъæуы республикæйы хъæугæ дæсныйадты фæдыл квалификациджын кадртæ бацæттæ кæнымæ.

Ахуыры фадыджы æртымбыл бирæ скъуыддзагкæнинаг фарстатæ.

Хицæнæй мæ фæнды æрныхас кæнын Хуссар Ирыстоны ног историйы фæдыл гъæдджын чиныг бацæттæ кæныны фарстыл. Нæ фæсивæд хъуамæ хуыздæр зоной Хуссар Ирыстоны историйы хъайтарон цаутæ. Хъуамæ сæ зæрдыл дарой, националон-сæрибаргæнæн змæлды райдианæй чи лæууыд æмæ гуырдзиаг агрессийæ Райгуырæн зæхх чи хъахъхъæдта. Махæн бар нæй, хæдбардзинады сæраппонд тохы ирон адæмæй чи фæмард, уыдоны рох кæнынæн.

Ирон адæмы традицион монон-хæрзуагон традициты мидис æвдыст у цыбыр æмæ хъомысджын дзырдбастæй – «Ирон æгъдау». Бæрндзинад æмæ рæстдзинадимæ «Ирон æгъдау» суыдзысты национ идеологийы бындур.

Ацы миниуджытæ иу æмæ дыууæ хатты не ‘ххуыс кодтой ирон адæмæн, историйы æппæты зындæр рæстæджыты фидар фæлæууынæн. Абоны зын рæстæджы национ гуырæнтæм раздæхт, фадат ратдзæн растæй сбæрæг кæнын приоритеттæ Хуссар Ирыстоны рæзты æнтыстыты фæндагыл.

  1. Хатдзæг

Мæ ныстуаны кæрон, курæг дæн æмæ домын министрадты æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæй, горæтты æмæ районты администрациты сæргълæуджытæй цæрджытимæ диалог фæхуыздæр кæнын, æхсæнадимæ æргомдæр уæвын. Активонæй дæр здахын хъæуы æхсæнады минæвæртты актуалон фарстатыл уынаффæ кæнынмæ, дзыллон байхъуыстытæ æмæ тымбыл фынгтæ уадзынмæ. Мах кусæм адæмы тыххæй, нæхи тыххæй нæ кусæм.

Фыццаджы уал хатыр курын, фæстаг рæстæджы мæн куыд фæнды, афтæ нæ ныхас кодтон адæмимæ. Мæн бахъуыд рæстæг, цæмæй ног бынаты хъуыддæгтæ арфдæр базонон.

Æз ардæм уый тыххæй не ‘рбацыдтæн æмæ адæмы сайон. Цы адæймаг уыдтæн, ахæм дæн. Æмæ уымæ гæсгæ мæн фæнды зæгъын æргомæй: æз куыд æнхъæлдтон, уымæй паддзахады хъуыддæгтæ сты æвзæрдæр. Цæмæй цухдзинæдтæ сраст кæнæм, уый тыххæй мах хъæуы бирæ кусын. Иумæ кусын, кæрæдзийыл æууæндын.

Ныртæккæ у зын рæстæг. Не ‘мцæдисон тох кæны, æмæ йын мах æххуыс кæнæм, нæ бон куыд у, афтæ. Фæлæ нын уый финансон æгъдауæй куы æххуыс кодта, уыцы рæстæг фæцис. Ныртæккæ йын зын у. Æмæ уый мах хъуамæ æмбарæм. Уымæ гæсгæ махæн æнцон нæ уыдзæн.

Фыццаджы уал æз домдзынæн Хицауады уæнгтæй, горæтты æмæ районты къухдариуæггæнджытæй. Куы йæ уынон, уыцы иу кæнæ иннæ къухдариуæггæнæг адæмæн нæ кусы, уæд уый ивд цæудзæн. Ивд цæудзысты, цалынмæ не ссарæм аккагдæры.

Æз балцы цæуын Мæскуымæ ахсджиаг фембæлдтыты фæдыл. Фæлæ куы æрыздæхон, уæд райдайдзынæн районтыл балцтæй. Æмæ алы районы сæргълæууæджы дæр бафæрсдзынæн: уадз æмæ адæмы раз радзурæд, цы сарæзта адæмæн. Æмæ уæд райсдзынæн хъæугæ уынаффæ.

Алы къухдариуæггæнæг дæр йæ зæрдыл дарæд, мах кæй равзæрстой адæм æмæ алкæй хæс дæр у, цæмæй адæмы фыдæнхъæл ма фæкæнæм.

О, мæнæн уыдис рæдыдтытæ, ис, уыцы нымæцы кадронтæ. Фæлæ æнæ уыдонæй дæр гæнæн нæй. Ахсджиагдæр у кæрæдзийыл æууæндын, кæрæдзийæн æххуыс кæнын. Алчидæр йæ бынаты хъуамæ куса: дохтыр – адæмæн хос кæна, ахуыргæнæг – сывæллæтты ахуыр кæна, фермер – тыллæг зайын кæна.

Уырны мæ алцыдæр нын кæй бантысдзæн. Хуыцау нын æххуыс кæнæд!

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.