Тагъд Знауыры районы цы æртæуæладзыгон хæдзар сырæзт, уый уæрст æрцæудзæн 18 бинонтыл. Районы администрацийы цы сæрмагонд къамис ис, уым цы бирæ куырдиæттæ ис, уыдонæй равзардзысты иууыл тыхстдæр бинонты.

Æртæуæладзыгон хæдзар арæзт у нырыккон домæнтæм гæсгæ æмæ дзы цæрынæн уыдзæн æппæт уавæртæ дæр, йæ кæрт дæр хæрзарæзт цæуы. Бирæуæладзыгон цæрæн агъуыстæн уыдзæн дыууæ бахизæны. Æртæхатæнон фатерты иумæйаг фæзуат у 75 квадратон метры, дыууæхатæнонтæ та сты 65 квадраты. Хæдзары ныккæнд цæрджытæн у иумæйаг. Уым сæрибарæй саразæн уыдзæн алы бинонтæн дæр хицæн ныккæнд. Хæдзармæ бацæуæнты арæзт æрцыд пандустæ, инвалидты хæрзиуæгæн. Кæрты сабитæн арæзт цæуы хъазæн фæзуат дæр.

Знауыры поселочы дыууæ азы размæ дæр сырæзт ахæм æртæуæладзыгон корпус. Ныртæккæ дзы цæрынц амондджын бинонтæ. Дыууæ хæдзары дæр сарæзта бынæттон арæзтадон фирмæ «Престиж». Ацы фирмæйæн хорз фæлтæрддзинад ис, уый размæ та эксплуатацимæ радтой сабиты цалдæр рæвдауæндоны, скъола, культурæйы хæдзар.

Ног хæдзæртты байуæрстимæ, районы цæрæнуатон фарста лыггонд не ‘рцæудзæн, ууыл нæ фæуыдзæн. Районы нырма  ис æнæхæдзар æмбæстæгтæ æмæ сæ цæрæн уавæртæ хуыздæрхъуаг кæмæн сты, ахæмтæ, се ‘хсæн æвзонг бинонтæ дæр.

Районы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй Президент æмæ хицауад кæй архайынц дарддæры  арæзтадыл, цæмæй æвзонг фæсивæд ма тырной æндæр рæттæм цæрынмæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.