1899 азы 6 июны мыхуыры рацыд Къостайы æнæмæлгæ «Ирон фæндыр»

 

Адæймаг цæмæ фæбæллы, уый йæ къуыхты куы бафты, уæд уый амонд у. Æцæг иуæй-иу адæймаджы бæллицтæ баст вæййынц, йæ хиуарзондзинад цы амоны, уыимæ. Фæлæ Иры номдзыд поэт Хетæгкаты Къоста йæхицæн ницы агуырдта ацы дунейы. Йæ царды алы фæзилæны дæр йе ‘нкъарæнтæ уыдысты уæздан æмæ сыгъдæг уды тæмæнæй хъæздыг æмæ ифтонг. Цæуыл рысти Къоста, уый фæдыл дзырдæуы йе ‘мдзæвгæ «Тæхуды»-йы. Йæ сагъæс уыди, мады рæвдыдæй кæй нæ бафсæст, уый. Йæ бæллиц та уыди йæ адæмæн, йæ фыдæлтæн аккаг фырт басгуыхын, æмæ зæгъы:

Тæхуды, йæ уарзондзинад,

Йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад,

Чи уадзы уæлæуыл зæрондæй!..

Уымæй дарддæр ма куыднæ бæллыд йæ уарзон чызджы иудзинады фæрцы йæ фæллад уд батавынмæ, фæлæ уыцы хъуыддаджы иу адæймаджы фæндон фаг нæ уыд, дыууæ уды æмразыдзинадæй аразгæ уыд, æмæ нæй æндæр амал йæ аскъуыддзаг кæнынæн. Фæлæ поэт ацы хъуыддаджы æвдисы стыр лæджыгъæд. Тохы хъæбатырдзинад ницы у уарзты хъуыддаджы фидар æмæ уæздандзинады цур. Зæрдæйы ныхмæ тохы бирæтæ нæ фæуалхиз вæййынц, æмæ къæм абады сæ уаз æнкъарæнтыл.Фæлæ диссаг куыднæ уыди, Къоста йæ уарзон чызг Цæлыккаты Аннæйæн цы диссаджы хиуылхæцгæ, нывондгæнаг æмæ аудгæ рæнхъытæ балæвар кодта, уый:

Чи зоны, искуы æрыфта дæ зæрдыл

Иунæджы сагъæс, мæгуыры бæллын, –

Чи зоны, искуы куы уайа дæ цæстыл –

Уазал æхсæвы фæндагыл мæлын, –

 

Ма иу фæтæрс, чызгай! Ахæм фыдфынтæ

Дардæй дын амонд хæсдзысты уæддæр, –

Исчи та исы йæхимæ дæ рынтæ,

Исчи дын хъары нывондæн йæ сæр…

Уарзт, æцæг уарзт афтæ амоны. Хъуамæ адæймаг ма æвгъау кæна йæ уд уарзоны сæрыл æрхæссынмæ. Æгæрыстæмæй афтæ тынг кæй уарзыс, удæнцой дын кæй тыххæй нæй, æхсæвæй бонæй йæ иу фендмæ кæмæн бæллыс, уый стыр амонды сæраппонд уымæй фæхицæнмæ дæр хъуамæ цæттæ уай. Бирæтæ зæгъдзысты, ома, уый та куыд! Кæй уарзын, уыимæ цæуылнæ хъуамæ арвитон мæ зæххон цыбыр цард! Уый раст у, уарзтæн йæ кæрон иудзинад хъуамæ уа, фæлæ мах зонæм, царды алы хатт афтæ кæй нæ рауайы. Уымæн æвдисæн у Гениалон Къостайы хъысмæт. Ахæм æгæрон тæмæнкалгæ уарзтæй кæй тыххæй сыгъди, уый нæ бафтыд йæ къухы царды иумæйаг фæндагыл ацæуыны сæраппонд. Æмæ куыд уыдаид амондджын уый фæстæ, фæлæ стыр удыхъаруйы хицау чи вæййы, уый йæхи æнкъарæнты сæрты ахизын дæр бафæразы, æмæ фæзæгъы: «…Так дай вам Бог любимой быть другим!» (А.С.Пушкин, «Я вас любил»). Ацы æнкъарæнтæ Къоста та æвдисы мæнæ æхæм рæнхъыты хуызы:

…Исчи та исы йæхимæ дæ рынтæ,

Исчи дын хъары нывондæн йæ сæр…

Ома, æз цæуын, «нал мæ уындзынæ», науæд дын мæ уынд зын хæссы… Уый та уарзæг зæрдæйæн йæхицæн зын у, æмæ йæ фæнды, цæмæй сæххæст кæна, йæ уарзоны цæстæнгас ын цы дзуры, «ацу», зæгъгæ, уый. Афтæмæй йæ зоны, æнæ уый йæ цард ницæйы аргъ у, фæлæ сæрныллæгæй разы кæны «ацу»-йы хъысмæтыл.

Поэт стыр диссаджы арф æнкъарæнтæ дары йæ зæрдæйы йæ райгуырæн бæстæйы уарзгæйæ дæр. Уый нæ, фæлæ цалдæр хатты æвдисы, æнæхъæн дунейы фаг дæр кæй у йæ уарзт æмæ аудындзинад:

…Ах, как хотелось жить и верить беззаветно,

Любовью к ближнему переполняя грудь!

Ах как хотел расскрыть горячие объятья

И в них вселенную, как друга, заключть…»

Ацы рæнхъытæ кæсгæйæ адæймагæн йæ риу ахгæны æнахуыр æнкъарæнæй, авторы æгæрон уарзты æндæвдад хъарм уылæны хуызы азилы дадзинты. Куыд диссаджы адæймаг æрцард кæддæр нæ чысыл Иры, куыд æгæрон уыди йæ зæрдæ, куыд уæрæх уыди уым, адæймаджы стырадæн сæйраджыдæр цы хъæуы, уыцы уарзты æнкъарæнæн. Æмæ кæд бирæ æмæ бирæ хæттыты бавзæрста поэт æфхæрд йæ раттæг адæмы цардамонды сæрыл тохгæнгæйæ, уæддæр æй тынг хъыгдары, цæрын ын кæй нæ бантыст йæ зæрдæйы фæндиаг æмæ: Простить врагам своим, в ответ на их проклятья, Старадать за них, любя, страдая, их любить!

Фæнды йæ, йæ судзгæ зæрдæйы арфы кæд иу чысыл тæргай у йе ‘фхæрджытæм, йæхи йыл цы сау рæсугъд атигъ кодта, уымæ, стæй йæ хъысмæтмæ, уæд уыцы иугай сау æндæргтæ дæр мауал уой æмхиц йæ фæллад удмæ. Царды иууыл стырдæр хæзна уарзт æмæ хатырдзинад у. Куыд ын бантыст цымæ адæймаджы уæвынады æппæты стырдæр сусæгдзинад базонын, йæ рафæлгъауын, царды нысан дзы скæнын, уымæ тырнын!

Тынг бирæ ныффыстæуыд абоны онг Хетæгкаты Къостайæн йе ‘гъуыстаг сфæлдыстад, йæ уæззау хъысмæтыл. Æмæ хъуыдийаг сты йæ хæдхуыз цардвæндаг, ацы дунемæ йæ фæзынд, йæ хъысмæты æууæлтæ. Сæйраджыдæр уый нæ адæмæн Хуыцауæй лæвæрд кæй уыд, уый бæлвырд у кæвдæсы кæй райгуырд, уымæй. Уыцы хабар уын уæ зæрдыл ницы лæууын кæны?.. Дыууæ мин азы размæ ма дунемæ фæзынд ахæм хуызы Ирвæзынгæнæг Йесо Чырысти. Къоста та уыцы хъуыддагмæ цыма йæхæдæг касти Вифлеемы искæцы къуылдымæй, уыйау æцæгдзинадæй дзаг у йæ поэмæ «Се человек»:

Не дрогнет лист… Простор, покой…

Чу! Тихий стон… Вот он… босой,

В хитоне, ризе обветшалой,

Стоит коленопреклоненный…

Глаза в слезах, лик изнуренный,

Чело прикрыла прядь волос…

То был молящийся Христос.

Ацы рæнхъытæ баст сты Къостайы конд ныв «Хъынцъымгæнæг зæд»-имæ дæр. Уыцы нывы зæд цæуыл хъынцъым кæны, уый æвиппайды зын рахатæн у, фæлæ зæды рахиз фарс ауыгъд у, Чырыстийы сæрыл цы сындзын худ уыд йæ байтындзыны размæ, уый. Уымæй дарддæр ма зæдæн йæ галиу къух æвæрд у Ирвæзынгæнæджы дзуарыл. Зæды цæстытæ дзаг сты цæссыгтæй. Йæ рахиз къух æвæрд ис йæ ныхыл. Уый нысан кæны, кæй байтыгъдæуыд, уый хъизæмæрттæ йæ æвирхъау хъынцъымы æнкъарæнты ахæсты кæй баппæрстой.

Дарддæр поэмæйы цы дзырдæуы, уыдон ист сты Сыгъдæг Фыстæй, æмæ дзы иу цалдæр лыстæг хъуыддагæй дарддæр Хуыцауы ныхæстæй иуварс нæ фæивгъуыдта автор. Бæрæг у, Чырыстийы æрцыды нысан йæхицæн дæр тынг ахсджиаг кæй у, æмæ чырыстон ныхфыстмæ гæсгæ, йæ фæдыл цæуæг адæймаг æнæмæнг хъуамæ хай айса йæ тухæнтæй. Бæлвырд, ацы хæс иттæг хорз сæххæст кодта Хетæджы фырт. Афтæ куынæ уыдаид, уæд куыд баци йæ бон мæнæ ахæм рæнхъытæ ныффыссын:

Я счастия не знал, но я готов свободу,

Которой я привык, как счастьем, дорожить,

Отдать за шаг один, который бы народу

Я мог когда-нибудь к свободе проложить.

Æмæ тæрк ныхæстæ афыссын алкæйы бон дæр у, фæлæ бирæ хатт адæймаг сусæгæй цы дзуры, уый йæ царды æргом сæххæст вæййы. Афтæ, Хетæгкаты Къоста цыдæриддæр дзырдта йе ‘нæмæлгæ уацмысты, уыдон йæ царды цæстæвæрæны хуызы сæххæст сты. Æмæ йæ царды уæззаудæр сахатты дæр нæ банымæг ис йæ судзгæ зæрдæйы арт. Йæ уарзтыл ын уазал зæрдæйæ йæхи чи атигъ кодта, уымæн зæгъы:

Но я не дерзал возмущаться, роптать,-

Любовь – этот акт всепрощенья,

Умеет без меры, безмолвно страдать,

Не знает ни злобы, ни мщенья.

 

Ответить обидой тебе я не мог

За сердце, облитое кровью…

Ты вправе смеяться… Но я,- видит бог,-

Тебе заплачу лишь любовью.

«Сердце облитое кровью», уый, ома, тугæрхæм зæрдæ… Уый чи нæ бавзæрста, уый йæ нæ бамбардзæн. Æмæ уæддæр уымæн фаг кæны ахъаздзинад, барындзинад, хатырдзинад, уарзт.

Уæдæ сæрæй цæуыл дзырдтам, бæллицтæ сæххæсты кой кæнын, уыцы хъуыддаджы Хетæджы фырт æнæхъуаджы мæт кодта. Йæ бæллицтæ сæххæст сты уæлдайджынтæй. Кæд цардамондæй æнæхай фæци йæхи иунæг уд, уæддæр адæмæн цæмæ бæллыд, уыдон йæ амæлæты фæстæ æрцыдысты, æмæ афтæ кæм зæгъы, Тæхуды, йæ дзыллæйы раз Чи ракæ-ны барджын ныхас, Кæй фæрсынц, кæй равзарынц зондæй! Тæхуды, йæ уарзондзинад, Йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад, Чи уадзы уæлæуыл зæрондæй, зæгъгæ, уыцы бæлицтæм гæсгæ абон сси тæхудиаг…

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.