Сылгоймаджы тыххӕй бирӕ хъарм ныхӕстӕ зӕгъӕн ис. Рагӕй фӕстӕмӕ сыл поэттӕ дзӕвгар уацмыстӕ снывӕзтой ӕмӕ абон дӕр нывӕндынц, фӕлӕ уӕддӕр уыцы темӕ нӕ фӕуд кӕны ӕмӕ йын, ӕвӕццӕгӕн, фӕуӕн дӕр нӕй. Цымӕ цӕмӕн афтӕ у, зӕгъгӕ, куы бафӕрсӕм нӕхи, уӕд ын дзуапп раттын ӕнцон у. Уый уымӕн, ӕмӕ сылгоймаг у, цард кӕмӕй фидауы, кӕй фӕрцы рӕсугъд ӕмӕ аив кӕны, цыфӕнды боныгъӕды дӕр ӕрдз кӕй уындӕй ныййирд вӕййы, ахӕм ӕгӕрон тых ӕмӕ хъаруйы хицау. Уый нын у цыфӕнды зындзинӕдтӕ дӕр ныссӕттыны разӕнгарды хос, ноджы нын хъару чи радты, тых нӕм чи бафтауы, размӕ, хуыздӕр фидӕнмӕ нӕ чи разӕнгард ӕмӕ цырын кӕны, ахӕм уды хицау. О, цард рӕсугъдгӕнӕг сылгоймаг у. Ӕппӕты тынгдӕр ын цӕй тыххӕй кад ӕмӕ аргъ кӕнынц? Уый у, цард дарддӕргӕнӕг. Уӕвджыйӕдӕр, цас фӕразондзинад ӕм разыны, ацы дунемӕ ноггуырд куы фӕзыны, уӕд. Фӕхаты, разӕй йӕм дзӕвгар фыдӕбон кӕй фенхъӕлмӕ кӕсы, ӕгъуыссӕг ӕхсӕвтӕ кӕй арвитдзӕн. Фӕлӕ уыдон мурмӕ дӕр нӕ фӕдары,уымӕн ӕмӕ рагацау йӕ кадджын хӕс фӕзоны, ноггуырды фӕзынд ын ӕгӕрон ӕхцондзинад кӕй ӕрхӕсдзӕн. Ныййарӕг мады уарзт йӕ цотмӕ ӕрмӕст йӕ чысылӕй нӕ вӕййы. Уымӕн ӕвдисӕн, зӕры бонтӕм дӕр «хъӕбул» дзырд ӕдзухдӕр йӕ былалгъыл кӕй вӕййы.

Сылгоймаг царды ӕппӕт фадгуыты дӕр хорз арӕхстдзинад ӕвдисы. Уымӕн йӕ армы бӕркад ӕндӕр у. Фынг уый куыд рафидауын кӕна, йӕ къухæй конд хæрзад хæринæгтæ йыл куыд æвæра, афтæ – ничи. Йӕ армыконд никӕимӕ хӕццӕ кӕны. Стӕй йӕ рӕдаудзинад ӕмӕ фӕлмӕн ахаст уазӕгмӕ кӕуылты у. Ӕрмӕст фынгыл дзул ӕмӕ цыхт куы ӕрӕвӕра, уӕддӕр йӕ фӕлмӕн ӕмӕ уарзӕгой цӕстӕнгасӕй уазӕгӕн йӕ фӕллад фӕсуры, нӕртон фысымӕй йын йӕхи равдисы. Ӕмӕ цас сты уыцы раппӕлинаг миниуджытӕ нӕ сылгоймӕгтӕм, уыдонӕн рагӕй фӕстӕмӕ стӕм ӕвдисӕн.

Мӕ ныхасмӕ ма бафтаудзынӕн уый, ӕмӕ сылгоймаг кӕй у уарзт цырынгӕнӕг. Ӕв-зонг, цардбӕллон лӕппуйы зӕрдӕйы уарзты цырӕгътӕ чи ссудзын кӕны, уарзондзинад кӕй фӕрцы райхъал вӕййы, уый сылгоймаг у.

Уайдзӕфы тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ чысыл ахудыны тыххӕй зӕгъын. Афтӕ ма банхъӕлут, ӕмӕ бынтон ӕнӕлаз стут, ницы аипп уӕм ис ӕрхӕссӕн.  Куыд фæзæгъынц, хурыл дæр ма, дам, разыны сау тæпп. Хатт тӕргайгӕнаг стут, ницӕй тыххӕй дӕр уӕхи фӕхъуынтъыз кӕнут…   Уӕдӕ уӕ алчи дӕр йӕ нӕлгоймӕгтимӕ дзӕбӕхӕй цӕрӕд зӕрыбонтӕм. Амондмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон та хорз амӕндтӕй хайджын уӕнт!

 Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.