Тедеты Георгийы номыл Цхинвалы 1-æм музыкалон скъолайы уагъд æрцыд бæрæгбонон концерт Сылгоймæгты дунеон боны цытæн. Концерты хайад райстой музыкалон скъолайы фортепиано, хор, скрипкæ, гитарæ, аккордеон, вокалон æххæсткæнынады, домрæйы хайадты хъомылгæнинæгтæ. Музыкалон скъолайы традицион ссис æрвылаз дæр ахæм бæрæгбонон концерттæ уадзын.

Мадзалмæ æрбацыдысты горæт Цхинвалы Администрацийы культурæ, фæсивæд æмæ спорты управленийы хистæр Тасойты Игорь, сывæллæтты ныййарджытæ. Мадзал амыдта РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг Котолиты Тамарæ. Уый зæрдæбын арфæтæ  ракодта залы æрæмбырдуæвджытæн бæрæгбоны сæраппонд.

Бæрæгбонон концерт байгом кодтой ацы скъолайы кæстæр хоры хъомылгæнинæгтæ РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг Тасойты Валентинæйы къухдариуæгадæй. Уыдон сæххæст кодтой æртæ зарæджы: «Бабушка», «Мама», «Здравствуй мир». Уый фæстæ концерт адарддæр кодтой иннæ æххæстгæнджытæ, кæцытæ тырныдтой сæ арæхстдзинад иттæг хорз равдисынмæ. Залы хъуыстысты зынгæ ирон композитортæ Хæбæлаты Зинæ, Галаты Барис, Æлборты Феликс, Гæздæнты Булат, Плиты М. уацмыстæ, афтæ ма композитортæ П. Чайковский., Ф. Шуберт., Ш. Гуно., В. Гомес., æмæ æндæрты уацмыстæ.

Алы музыкалон уацмыс дæр цымыдисон вæййы, йе ‘ххæстгæнæг æй куыд сæххæст кæна, сценæмæкæсæгмæ йæ куыд радæтта, уымæй. Программæ адарддæр кодтой, нырма фæлтæрддзинад кæмæ нæй, уыцы фыццагкъласонтæ. Кæд тыхстысты, уæддæр сæ арæхстдзинад хорз равдыстой Дзабиты Моникæ, Гатыгкоты Линæ; 2-аг къласы ахуыргæнинæгтæ – Клим Леонтьев, Гасситы Нинæ, Гæбæраты Дианæ. 3-аг къласы ахуыргæнинæгтæ – Козаты Дианæ, Плиты Аннæ, Къæбулты Кристинæ, Джиоты Анитæ, Козаты Александр, Букуылты Еленæ. 4-æм къласы ахуыргæнинæгтæ – Хуыбылты Алан, Тасойты Анастасия, Азимова Мавлуда, Мамытаты Дзерассæ. Джиджджойты Викæ, Гæджиты Кирæ æмæ Цхуырбаты Миленæ аивæй сæххæст кодтой композитор Гæздæнты Булаты зарæг «Зарæг хæстонтыл» РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг Гæджиты Жаннæйы сæргълæудæй. Сæ номыртæ хорз сæххæст кодтой 6-æм къласы ахуыргæнинæгтæ Тедеты Сæрмæт, Джиоты Мария, Гасситы Ланæ, Малышева София, Быценты Анна-Мария æмæ æндæртæ дæр. Кæронбæттæны концерты иумæ азарыдысты хистæр хоры хъомылгæнинæгтæ æмæ ацы скъолайы ахуыргæнджытæ, РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг Дзаттиаты Маринæйы сæргълæудæй, сæххæст кодтой цалдæр зарæджы: «Фыдыбæстæ», «Журавли», «Дороги», «Спасибо, счастье». Сывæллæттыл æрæмбырдуæвджытæ æмбæлдысты къухæмдзæгъдимæ.

Концерты кæрон Тасойты Игорь раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн се ‘ппæтæн дæр Сылгоймæгты дунеон боны цытæн. Уæлдай бузныджы ныхæстæ загъта ахæм хорз концерт чи бацæттæ кодта, уыдонæн. Уый фæстæ Тасойты Игорь Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæджы боны цытæн Кады грамотæтæй схорзæхджын кодта скъолайы ахуыргæнинæгтæ Гатыгкоты Линæ, Быценты Анна-Мария æмæ Зассеты Максимы. Сылгоймæгты Дунеон боны цытæн та дипломтæй схорзæхджын кодта ахуыргæнджытæ Гатыгкоты Нинæ, Гæджиты Жаннæ æмæ Сланты Ацæмæзы сæ цæсгомджы æмæ æвæллайгæ куысты тыххæй.

Чертхъоты Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.