Сылгоймаг… Иууыл уæздандæр æмæ рæсугъддæр сконд. Уалдзæджы æрбалæудимæ алкæцы адæймаджы, уæлдайдæр та нæлгоймæгты зæрдыл вæййы 8-æм марты бæрæгбон – Сылгоймаджы дунеон бон. Ацы бæрæгбон уый тыххæй фæнысан кæнæм, æмæ царды бирæ хæрзиуджытæ ис баст йæ бæрзонддзинад сылгоймагимæ. Сылгоймаг сæйраджыдæр у ныййарæг, мад, хо, нана, чызг æмæ йæ фæлмæн зæрдæ, йæ уæздандзинад абарæн никæимæ ис. Йе сконд, йæ фæзынд у раст аив дидинæгау.

Ирыстоны уæлдай кад кодтой сылгоймагæн. Йæ номыл ын рыг абадын дæр нæ уагътой, йæ сæрыл та-иу æрцыд лæгмæрдтæ. Абоны бон дæр нырма æрцæуы ахæм бæллæхтæ. Тынг бæрзонд æвæрд уыдис хæдзары æфсины бынат бинонты æхсæн. Бæхджыны размæ-иу сылгоймаг куы фæцис, уæд-иу æнæмæнг хъуамæ йæ бæхæй æрхызтаид æмæ салам радтаид. Уæдæ сылгоймæгтæ нæлгоймæгты раз фæцæйцæуой æмæ сын ма сыстадаиккой, уый гæнæн куыд уыд! Сылгоймаджы бафхæрын нæ фыдæлтæм нымад уыдис стыр фыдракæндыл, æмæ йын хастой карз тæрхон, суанг туг исыны онг. Ирон адæммæ бирæ ис, сылгоймагæн кад кæнынимæ баст чи у, ахæм æгъдæуттæ. Зæгъæм, дыууæ нæлгоймаджы хыл кæнынц, æмæ сылгоймæгтæй исчи се ‘хсæн йæ кæлмæрзæн æрæппæрста, уæд-иу уайтагъд сæ хыл ныууагътой, æмæ-иу сæ кæрдтæ кæрддзæмты нывæрдтой. Ацы æгъдауы тыххæй диссаджы ныв ныффыста номдзыд нывгæнæг Тугъанты Махарбег, цыран сылгоймаг, йæ урс кæрдæныл хæцгæйæ, лæууы хылгæнæг нæлгоймæгты тæккæ астæу. Ам нывгæнæг æвдисы сылгоймаджы стыр кад, нæлгоймæгтæ æгъдаумæ гæсгæ æдых кæй сты йæ разы, уый.

Царддæттæг, хъомылгæнæг, цардаразæг æмæ фарнхæссæг сылгоймаджы тыххæй рагæй фæстæмæ бирæ рæсугъд ныхæстæ загътой æмæ зæгъынц поэттæ æмæ фысджытæ. Дунейы нывгæнджытæ абоны бон дæр кæттагыл ирд ахорæнты руаджы кæддæриддæр сылгоймаджы æвæрынц бæрзонд æмæ кады бынаты, раст сæ цыма уд бауадзынц, афтæ сæ сæнусон кæнынц. Ирыстоны ахæм нывгæнæг нæ разындзæнис æмæ алыгъуызон фæлгонцты сылгоймаджы тыххæй ма ныффыстаид. Нывгæнджыты сфæлдыстады сылгоймаг у, куыд æнусон символ, афтæ. Ирон сылгоймаджы рæсугъддзинады сусæгдзинæдтæ раргом кæнын æмæ йын йæ арф æмбæхст миддуне базоныныл сæ сæртæ цъæл кæнынц сфæлдыстадон дунейы минæвæрттæ, се ‘хсæн нывгæнджытæ дæр. Гъе, афтæ дзырдтæ æмæ ахорæнты руаджы алкæцы сфæлдыстадон гоймаг дæр йæхирдыгонау сфæлдисы рæсугъд сылгоймаджы – æнусон музæйы. Зæгъæм, Ирыстоны нывгæнджытæй сылгоймæгты тыххæй цымыдисон уацмыстæ сфæлдыстой Чилæхсаты Магрез, Мæргъиты Таймураз, Цæгæраты Валери, Гасынты Жорж, Бигъуылаты Рудольф, Гæбæраты Георги, Цхуырбаты Тамерлан æмæ бирæ æндæртæ.

Ирон нывгæнджытыл дзырд куы цæуа, уæд фыццаджыдæр зæгъдзыстæм, ирон хуызфыссынадæн бындур чи æрæвæрдта, уый ном – Хетæгкаты Къостайы тыххæй. Куыд литературæйы, афтæ нывкæныны аивады Къостайæн стыр æххуыс уыдысты йæ «музæтæ». Къоста Петербурджы Нывкæнынады академийы ахуыры фæстæ 1887 азы фыццаг хатт адæмы рæгъмæ рахаста йæ куыстытæй иу «Святая равноапостольская Нина, просветительница Грузии». Йæ хæдфæстæ та аивадуарзджыты базонгæ кодта йæ уацмыс «Хъыггæнæг зæд»-имæ æмæ йын стыр аргъ скодтой. Стыр аргъ ын скодта Тугъанты Махарбег дæр йæ рæстæджы. Сусæг уарзондзинады æнкъарæнтæ райхъал сты 27-аздзыд Къостайы зæрдæйы Аннæ Поповамæ. Къоста аив, зæрдæмæ арф чи хъары, ахæм ахорæнтæй равдыста цардбæллиц рæсугъд, интеллигентон чызг Аннæ Поповайы сурæт. Уымæн йæ сыгъдæг зæрдæйы уаг бæлвырдæй зыны йæ хæлар æмæ уарзæгой цæстæнгасыл.

Аннæ Поповайы уарзты сыгъдæг æнкъарæнтæн дзуапп дæтгæйæ, Къоста уый сæраппонд иу æмæ дыууæ хатты нæ ныффыста æмдзæвгæтæ, лæвар ын кодта йæ конд нывтæ. Æгæрыстæмæй ма йын йæ конд портрет «Хъыггæнæг зæд»-ы дæр равдыста йæ сурæт. «…Мах зындоны дзæмбытæй дæр ратондзыстæм нæ амонд», – фыста йæ иу фыстæджы Аннæмæ. Фæлæ… Уыцы амондæй сæ дыууæ дæр фесты æнæхай. Хетæджы фырты нывты æхсæн уæлдай зынгæдæр бынат ахсы «Цæлыккаты Аннæйы портрет». Уый дæр уыд, Къоста сыгъдæг æмæ æнæкæрон уарзондзинады æнкъарæнтæ кæмæ æнкъардта, ахæм сылгоймаг æмæ йæ уыцы тыхджын æнкъарæнтæ равдыста уæлдæрбанысангонд портретон уацмысы. Къоста йæ уарзон чызджы хуыз скодта ирон рæсугъд къабайы, йе уæхсчытыл кæлмæрзæн æппæрст, афтæмæй.

Хохаг сывæллæтты æмæ сылгоймаджы царды уæззау нывтæ ирд æмæ бæлвырдæй кæм разындысты, уый у ныв «Дон хæссынмæ». Къоста йæ ацы уацмысы æвдисы йæ зæрдæйы хъарм, афтæ ма стыр маст кæй кæны, уый. Нывы цы æрыгон, рæсугъд сылгоймаджы уынæм, уымæй нын равдыста, уый хæстæгмæ кæй нæ зыдта, афæдз дæр ыл нæма цыд, афтæмæй цы ныййарæг мадæй фæхицæн, уый сурæт. Къостайы конд нывтыл нæ цæст лæм-бынæг куы ахæссæм, уæд адæймаг бамбары, йæ куыстытæ цардæй ист кæй сты æмæ сæ бындур у царды рæстдзинад. Уымæ гæсгæ тынгдæр агайынц адæмы зæрдæтæ. Къоста нывкæнынады аивады хуызтæй йе ‘ргом фылдæр здæхта портреты жанрмæ æмæ йæ фæстæ ныууагъта фараст конд портреты. Уыдонæй цыппары равдыста сылгоймаджы сурæттæ.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.