6 марты 30 азы сæххæст уыдзæн, Цæгат Ирыстоны Сæйраг Совет Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уыцы боныл. Уыцы цауы сæраппонд Медиа-центр «Ир»-ы уыдис тымбыл фынг. Хайад дзы райстой фыццаг сæвзæрст Парламенты депутаттæ,  политикон архайджытæ, æхсæнады минæвæрттæ æмæ эксперттæ.

Райдайæны Медиа-центры къухдариуæггæнæг Гаглойты Иринæ фехъусын кодта, зæгъгæ, 1993 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадта Цæгат Ирыстон.

 «1989 азæй фæстæмæ æнкъардтам Цæгат Ирыстоны æрдыгæй æфсымæрон æххуыс, фæлæ  нæ хæдбардзинад банымайыны цау базмæлын кодта  Хуссар Ирыстоны æхсæнады. Уымæн уыд моралон-психологион мидис. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ  1996 азы онг Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонимæ уыд активон мидахастытæ. Тæболты Сергейы фæрцы Цæгат Ирыстон тынг лæмбынæг дардта йæ хъус Хуссар Ирыстоны цаутæм. Тынг ахсджиаг уыд социалон-экономикон æмæ политикон ахастыты концепци, ууыл дæр Тæболты Сергей бакуыста», – банысан кодта Гаглойты Иринæ.

Парти «Фыдыбæстæ»-йы лидер Гобозты  Вячеслав куыд радзырдта, афтæмæй, Цæгат Ирыстоны æрдыгæй нæ республикæйы хæдбардзинады банымад у интеграцийы реалон символтæй сæ иу. Хъыгагæн, уыцы хъуыддагæн æмбæлон аргъ не скондæуыд æмæ рохуаты аззад.

«Цæгат Ирыстоны Сæйраг Совет Хуссар Ирыстоны тыххæй Уагæвæрд  цы сессийы истой, уым уыд хуссарирыстойнаг делегаци, йе сконды уыдтæн æз дæр.  Уавæр тынг вазыгджын уыд. Цæмæй нын нæ хæдбардзинад ма банымадтаиккой, уый тыххæй Цæгат Ирыстоны къухдариуæгад стыр æндæвдады бын уыд. Сессийы боны фæткы бирæ фарстатæ уыд, фæстаг фарст уыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымады фарст. Мах тынг тыхстыстæм, уымæн æмæ нæ кæронмæ нæ уырныдта хæдбардзинады банымад, уымæй дæр уыцы фарсты размæ улæфт куы расидтысты, уæд фæдызæрдыг стæм. Фæлæ нæ Галазты Æхсарбег æрсабыр кодта, æппæт дæр хорз уыдзæн, зæгъгæ. Æмæ, æцæг, афтæ рауад.

Галазты Æхсарбеджы сæргълæудæй Цæгат Ирыстоны Сæйраг Совет райста уагæвæрд Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй. Кæд стыр æндæвдады бын уыд Уæрæсейы æрдыгæй дæр æмæ Гуырдзыстоны æрдыгæй дæр, уæддæр Галазты Æхсарбег стыр хъуыддаг сарæзта, Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уый тыххæй.

Уыцы хъуыддаг нæ республикæйæн тынг ахсджиаг уыд, уымæн æмæ  2008 азы Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй нæ хæдбардзинады банымадмæ фæндагыл уый уыд фыццаг реалон къахдзæф.

Цæгат Ирыстоны  æрдыгæй нæ республикæйы хæдбардзинады банымад РХИ-йы Парламенты идея уыд. Цæгат Ирыстонимæ  нын уыцы фарсты фæдыл бирæ бадзырдтæ уыд. Уыцы хъуыддаг махæн тынг ахсджиаг уыд, уымæн æмæ Гуырдзыстон йæ хæдбардзинад куы расидт, уæд тынг архайдта, цæмæй Хуссар Ирыстоны кой макуы уыдаид. Уымæй дарддæр Гуырдзыстон бирæ куыста, цæмæй термин «Хуссар Ирыстон», уымæй дæр республикæйы контексты, бынтондæр куынæг æрцыдаид политикон  фæзуатæй», – банысан кодта Гобозты Вячеслав.

I, IV æмæ V сæвзæрст Парламенты депутат Дзиццойты  Юри куыд загъта, афтæмæй æппæт дæр райдыдта Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон æмæ культурон интеграцийы концепцийы райстæй. Уыцы концепцийы дыккаг пункт та уыд Цæгат Ирыстоны æрдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайын.

Фыццаг пункты тыххæй ницы ныхдуртæ уыд. Банымады тыххæй нæ политикон домæны фæдыл бирæ серьезон дискусситæ цыд.

 «Уыцы рæстæджы нæ сæйраг нысан уыд, Цæгат Ирыстонæй электроны рухс æруадзын. Уый тыххæй та хъуыд Уæрæсейы Федерацийæ финансон фæрæзтæ райсын. Æмæ уый нæ къухы бафтыд – Цæгат Ирыстонæй райстам электроны рухс.

Хуссар Ирыстоны банымады фарсты тыххæй бирæ цæлхдуртыл æмбæлдыстæм иуæй-иу цæгатирыстойнаг политикон тыхты æрдыгæй. Дæргъвæтин рæстæджы уагътам бадзырдтæ, фæлæ уæддæр нæ равзаргæ фæндагыл размæ цыдыстæм æмæ куыдфæстагмæ æрхæццæ стæм Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй нымад паддзахадмæ», – банысан кодта Дзиццойты Юри.

Президенты Администрацийы информацион-аналитикон управленийы сæргълæууæг, эксперт Уазæгты Юрийы ныхæстæм гæсгæ,  Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны æхсæн ахастыты бæрæгæй зыны регресс.

«Мæнмæ гæсгæ, уый райдыдта нæ республикæйы банымады фæстæ, уымæн æмæ нæ политиктæй иуæй-иутæ хъуыды кодтой, зæгъгæ, акцент цæмæ хъуамæ æвæрæм Цæгат Ирыстонимæ контактты рæзтыл, кæд æмæ нын фадат ис фылдæр финансон ахастытæ федералон центримæ саразынæн.

Уыцы рæстæджы нæ политикты хистæр фæлтæрæн, аивады, культурæйы фадыджы кусджытæн æнгом ахастытæ уыд сæ цæгаттаг коллегæтимæ, уыимæ ма уыдысты иу хъуыдыйыл хæст. Абон та нæ интеграцийæн ис радгæсон контакттæ  цавæрдæр бæрæгбонты, æппæт дæр ууыл æрлæууы», – загъта Уазæгты Юри æмæ банысан кодта, зæгъгæ, абон иудзинады хъуыды къуыхцы кæны æмæ йыл реалон куыст дæр нæ цæуы.

«Уымæй дарддæр уынæм ацы темæйæ спайда кæныны секулятивон хъуыдытæ. Абоны бон реалон интеграцион процесстæ нæй. Фæстаг фондз азы дæргъы бафæлвæрдтытæ уыд ацы здæхты  оптимизацийы фæдыл. Арæзт æрцыд экспертон, терминологион къамистæ, информацион фадыджы дæр  цыдæртæ куыстой, фæлæ   диссаг уый у, æмæ инициативæтæ фылдæр уыдысты Цæгат Ирыстоны æрдыгæй. Хуссар Ирыстоны æрдыгæй уыдысты дзæвгар къаддæр.

Нæ национ идеяйы куыдфæнды ма аразæм, цахæмфæнды элементтæ йæм ма æфтауæм, уæддæр иумæйаг националон иудзи-нады тыххæй пункт хъуамæ уа сæйрагдæртæй сæ иу. Æппæт уыцы фарстатыл хъæуы æдзухæй кусын», – банысан кодта эксперт æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, æнæ Цæгат Ирыстонæй, æнæ ирон диаспорæты æххуысæй, æнæ горизонталон бастдзинадæй тынг зын у цавæрдæр идеятыл дзурын æмæ сæ реализацийыл архайын.

Экономикон бастдзинæдты тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Тыбылты Азæ дæр.

P.S. 1 марты Медиа-центр «Ир»-ы сырæзтыл 13 азы кæй сæххæст, уый тыххæй мадзалы хайадисджытæ банысан кодтой  дискуссион клубы стыр нысаниуæг, коллективæн раарфæ кодтой, загътой сын æнтыстыты фæндиæгтæ.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.