Хæсты фыццаг бонтæй фæстæмæ ирон адæм Советон Цæдисы адæмтимæ иумæ, цыфыддæр знаджы ныхмæ равдыстой стыр æхсардзинад. Алы цыппæрæм нæлгоймаг дæр хæсты азты æрлæууыд райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты. Райгуырæн зæхх знагæй бахъахъхъæнынмæ ацыд 1943 азы Цхинвалы районы Къуернеты хъæуы цæрæг Чилæхсаты Христофор Лентъойы фырт дæр.

«Йæ азтæ йæ нæма амыдтой, уæддæр куырдиат балæ-вæрдта æфсæддон къамисариатмæ æмæ ацыд барвæндæй. Хæст карз æмæ æгъатыр уыд фæлæ, уæддæр Христофорæн йæ хъысмæт æндæрхуызон рауад. Хъуысын райдыдтой йæ хъæбатырдзинады хабæрттæ. Йæ хъысмæт æй ахаста, Новороссийскы зæххыл знагимæ цы карз тохтæ цыд, уырдæм. Иу ахæмы немыцаг снайпер схызт бæласмæ æмæ уырдыгæй куынæг кодта Советон хæстонты. Христофор развæдсгарæг уыд æмæ йын хæсгонд æрцыд, цæмæй уыцы снайперы скуынæг кæна. Уый æнæсымæй бæласмæ сбырыд æмæ йæ уырдыгæй æриста. Фæхæццæ йæ кодта йæ штабмæ. Уый тыххæй ме ‘фсымæр хуынд æрцыд Иосиф Сталинмæ æмæ уый сæрмагон-дæй йæхи къухæй схорзæхджын кодта Христофоры майданæй», –  радзырдта нын Христофоры кæстæр хо Багаты Дуня.

Дуня куыд зæгъы, афтæмæй-иу Христофор арæх рымысыд Иосиф Виссарионы фырт Сталины, хорзæх дæттыны рæстæджы уый лæппуйы фæлмæнæй куыд афарста «Чысыл нацийы минæвар дæ? Æхсызгон мын у! Стæй мын мæ къух барджынæй нылхъывта». Дуня йæ цæссыгтæ калгæ, йæ кадджын æфсымæры мысгæйæ дзырдта, зæгъгæ, Христафорæн хæстон хорзæхтæ бирæ уыд, фæлæ йын Сталин йæхи къухæй кæй радта, уымæн уæлдай кад кодта.

Чилæхсаты Христофор хæс-ты бирæ цæфтæ райста, госпиталы-иу фæхуыссыд æмæ та иу бахауд фронтмæ. Хайад иста Румынийы территорийыл цы хæстон архайдтытæ цыд, уым дæр. Хæсты фæстæ цæргæйæ баззад Новороссийскы. Ам йæхицæн скодта бинонтæ, райгуырдис, ын фырт æмæ дыууæ чызджы. Йæ хо куыд зæгъы, афтæмæй-иу Христофор алы аз дæр æрцыд йæ Райгуырæн къуыммæ бирæ уарзта йæ хъæубæсты, мыггаг, хи-уæтты. Куыд йæ бон уыд, афтæ сын лæггад кодта.

«Христофор райгуырд мæ мадæн йæ фыццаг мойæ. Йæ фыд раджы фæзиан. Мæ мад иу йæ мысинæгты куыд дзырдта, афтæмæй разы уыд йæ цардæмбалы фырты номыл бадынмæ дæр, фæлæ дам, мæ мæ хицау нал ныууагъта. Мардыкæнды митæ куы фæцарæзтой, уæд, дам, мæм фæдзырдта æмæ мын рæвдаугæ загъта, зæгъгæ, фæстæмæ дæ цæгатмæ аздæх, сывæллон та, дам, ныууадз махæн. Мæ мад кæд йæ цæгатмæ раздæхт æмæ уый фæстæ чындзы дæр фæцыд Багатæм, уæддæр æппынæдзух фарста йæ фырты. Махмæ-иу куы ‘рцыд уæд уый алыхатт дæр махæн бæрæгбонау уыд», – мысы Дуня.

29 азы рацыд Христофор куы фæзиан, уымæй. Абон дæр нæ сур кæны йæ цæссыг Дуняйæн, сæрыстыр у йе ‘фсымæрæй. Æмæ канд Дуня нæ, сæрыстыр стæм мах дæр сæ уарзон Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны рæстæджы сæ æвзонг удтыл нæ ауæрдгæйæ сгуыхтдзинæдтæ чи æвдыста. 

УАЗÆГТЫ Марфа      

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.