1989 азæй фæстæмæ суанг 2008 азы онг нæ «дзæбæх» сыхæгтæ махæн,  ирон адæмæн цы хъизæмæрттæ бавзарын кодтой, уыдон не ‘мбæстæгтæй иуæй-иутæн зондзонæн нæ фесты. Кæнæ та сын ис тынг цыбыр хъуыдыкæнынад æмæ бынтондæр ферох кодтой  уал азы дæргъы, уæлдайдæр 2008 азы августы æнæмсæр хæсты æбуалгъы цауты. Ферох сæ сты, гуырдзы нын нæ чысыл уарзон горæт-хъайтар Цхинвалы туджы зæйтæ кæй рауагътой, нæ горæты уынгты алы дур, алы кæрдæджы хал дæр нæ хъæбатыр лæппуты æмæ сабыр цæрджыты тугæй ахуырст кæй сты, уыдæттæ. Ферох сæ сты 2008 азы августы хæсты нæ гуырдзы бынтон скуынæг кæнынмæ кæй æрхъавыдысты, пайда кæныны бар кæмæй нæй, ахæм кассетон бомбæтæ ныл кæй калдтой, уый.

Афтæ кæй у, уымæн мæхæдæг сдæн æвдисæн. Нæ горæты Хъайтарты уынджы дыууæ цардæмбалы байгом кодтой халсæрттæуæйгæнæн магазин, цыран нæ горæты æндæр магазинтимæ абаргæйæ  уæййæгты æргътæ сты ныллæгдæр. Магазинмæ цæуынц бирæ æлхæнджытæ, уыимæ ацы районы цæры бирæ адæм. Куыд базыдтон, уымæ гæсгæ магазины хицау ирон нæлгоймагæн йæ цардæмбал у гуырдзиаг сылгоймаг. Раст зæгъгæйæ, сылгоймаг уæздан ахаст дары фæлхасгæнджытæм, тæригъæд ма хъуамæ зæгъай, никуы йæ федтон искæмæ гуымир æвзагæй сдзургæ. Гуырдзиаг сылгоймаг кæд хорз зоны иронау дæр æмæ уырыссагау дæр, уæддæр æм фæлхасгæнджытæй иуæй-иутæ дзурынц гуырдзиагау. Æрæджы та магазины баййæфтон иу ацæргæ нæлгоймаджы. Уый цыма гуырдзиагау дзурынмæ бæлгæ кодта æмæ ныр йæ мондæгтæ суа-дзынмæ хъавыд, уыйау нал æфсæст сылгоймагимæ гуырдзиагау дзурынæй. Цыма-иу æй барæй афарста иу кæнæ иннæ халсары аргъæй, афтæ мæм фæкаст. Мæнæн мæ маст рафыхт, хъуамæ йын бауайдзæф кодтаин, фæлæ мæхицæй хистæр кæй уыд, уымæ гæсгæ йæм мæ цæсгом нæ бахъæцыд. Фæлæ фæстæдæр тынг фæфæсмон кодтон, кæй йын нæ ба-уайдзæф кодтон, уый тыххæй. Уый фæстæ дæр ахæм цаутæн цалдæр хатты сдæн æвдисæн. Иу хатт дзы иу сылгоймагмæ нал фæлæууыдтæн æмæ магазинæй куы рахызт, уæд йæ фæстæ рауадтæн æмæ йын бауайдзæф кодтон, зæгъын, цы дæ гуырдзиагау дзуринаг уыд. Уæййæгты аргъæй йæ иронау кæнæ уырыссагау цæмæннæ фарстай. Уый мæм æнæмбаргæ цæстæй æрбакаст æмæ мын загъта, зæгъгæ, уым диссагæй цы ис? Цы ма хъуа-мæ сдзырдтаин ахæм æнæмбаргæ сылгоймагмæ.

Августы  тугуарæн хæстæй цыппар азы дæр æххæстæй нæма рацыд, афтæмæй Гуырдзыстоны католикос Илья II-аг  ирон тугæй хъулон пæлæзы балцы æрцыд Мæскуымæ. Уым фембæлд «ирон» лæги-мæ, кæцы йын апъа кодта йæ чъизи къухæн. Иннæ ахæм гуырдзиаг делегацийы æрцыд  Цæгат Ирыстонмæ. Цыма уа уы-мæй диссагдæр, æмæ ирон адæмы цыфыддæр знæгты Беслæны скъолайы хъизæмарæй цы сывæллæттæ фæмард сты, уыдоны сыгъдæг уæлмæрдмæ бакæнай! Кæй зæгъын æй хъæуы, гуырдзиаг делегацийы уæнгтæ хъынцъым хуыз равдыстой, фæлæ сын сæ зæрдæтæм ныккæсæн куы уыдаид, уæд уым та цины æнкъарæнтæ федтаиккам. Иннæ диссаг та мæм фæкаст гуырдзиаг делегацийыл РЦИ-Аланийы Парламенты иуæй-иу депутаттæ кæй æмбæл-дысты, уыцы хъуыддаг дæр. Æниу уый фæстæ азты дæр иу æмæ дыууæ хатты не ‘рцыдысты гуырдзиаг делегацитæ Цæгат Ирыстонмæ. Ирыстоны зæххыл иу æмæ дыууæ хатты концерттæ нæ равдыстой гуырдзиаг ансамблтæ. Советон Цæдисы рæстæджы-иу ирон фынджы уæлхъус 20 ироны æмæ иу гуырдзиаг куы бадт, уæддæр-иу иууылдæр гуырдзиагау дзурын райдыдтой, кад кодтой сæ гуырдзиаг уазæгæн, кæд-иу гуырдзиаг йæхæдæг иронау хорз зыдта, уæддæр. Фæлæ, уый цæмæ æркодта, уымæн мах иууылдæр систæм æвдисæнтæ  уал  азы дæргъы  хъизæмайраг цардæй цæргæйæ.

Æрæджы нæ горæты кафе-ресторантæй сæ иуы. Бадæм æмæ чысыл фæстæдæр чындзæхсæвы гуырдзиаг зарæг куы ныццæлхъ кæниккой музыканттæ. Гуырдзиаг музыкæйы зæлтæм æрхонгæ уазджытæй бирæтæ кафын райдыдтой. Хорз уыд æмæ дыууæ нæлгоймаджы бауадысты музыканттæм æмæ сын ахицæн кодтой сæ микрофон, нал сæ бауагътой гуырдзиагау зарын. Цы ма нын хъуамæ саразой нæ цæрæнбонты цыфыддæр знæгтæ, цæмæй сын се ‘взагæй дæр æмæ сæхицæй дæр нæ удхæссæг уынæм. Гуырдзиæгтæ сæ сы-вæллæтты хæрзчысылæй ахуыр кæнынц ирон адæмæй сæ удхæссæг уыныныл, уæд мах цы кодтам, цæмæннæ йæ æмбарæм, уыдонæй знаг дæр махæн кæй ничи ис, уый. Ныр дæр сын гæнæн куы фæуаид, Стыр Уæрæсейæ куынæ тæрсиккой,  уæд та ирон адæмæй нæ раздахиккой сæ хæцæнгæрз-тæ, æнæмæнгæй та нæм æрбацæуиккой  «сыгъдæг быдыр» аразынмæ…

Фидæнмæ, 2020 азы 100 азы æххæст кæны, гуырдзы ирон адæмæн фыццаг геноцид куы сарæзтой, уыцы боныл. Уый фæдыл РХИ-йы Парламент сидт арвыста УФ-йы Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володинмæ. Уæрæсейаг парламентаритæ ныфс бавæрдтой, хъуыддагмæ кæй æркæсдзысты æмæ йæ кæй сахуыр кæндзысты, уымæй. Ирон адæмы геноцид банымайыныл дзырд куы цæуы, уæд иуæй-иутæ та гуырдзиагау дзурынмæ фæкъæртт сты.

Мæрдты рухс дзæнæты бадæд ирон адæмы аккаг фырт Джыккайты Шамил. Уый æнæхъуаджы нæ фыста:«Нырма нын национ миниуджытæ кæй нæй, нæ бæллæхтæ иууылдæр уырдыгæй æвзæрынц. Æмæ национ миниуджытæ куы нæ уа, уæд нæ уыдзæн национ идейæ дæр, нæй ахæм нысан, кæцы адæмы иумæ рамбырд кæна æмæ йын концентраци кæна йæ тых æмæ хъомыс…Адæймаг гæнæн ис æмæ ныппара йæхи æфхæрд, фæлæ дæ адæмы æфхæрд макуы хъуамæ ныппарай. Мах ферох кодтам 1920-æм азы геноцид, æмæ махæн сарæзтой ног геноцид – æрмæст ноджы æгъатырдæр хуызы. Афтæ рохгæнаг кæй стæм, уымæ гæсгæ бафыстам нæ хуыздæртæн сæ хуыздæрты тугæй. Национ идейæ бæрзонд æмвæзадыл ис гуырдзиæгтæн. Уыдонæн сæ бæллиц у стыр, хæдбар паддзахад саразын, цыран цæрой æрмæстдæр гуырдзиæгтæ. Уый у сæ уарзон бæллиц, сæ уарзон нысан. Хъыгдары сæ æрмæстдæр Хуссар Ирыстон. Октябры революцийы фæстæ спайда кодтой моментæй æмæ басыгътой Хуссар Ирыстоны. Фæлæ цард иваг у. Хъайтар Сырх Æфсад алыг кодта уыдонæн сæ хъыхъхъаг ныфсы базыртæ. Гуырдзиæгтæ бамбæхстысты, ныссабыр сты. Демократтæ æмæ гуманисттæй исчи йæ фæсмондзинад равдыста гуырдзиаг адæм, гуырдзиаг паддзахад цы фыдракæндтæ сарæзта, уый фæдыл? Исчи уы-донæй хатыр ракуырдта, æнæхъуаджы кæй бафхæрдтой, уыцы ирон адæмæй? Ничи!

Уыдон бынаты ирон интеллигенци куы уыдаид, уæд абоны онг дæр сæ разы сæ аххосджыны цæссыг калдтаиккой. Абон мæхъæлæтты национ идейæ у экстремистон, гуырдзиæгтæн та – фашистон, мах та хъæуы патриотон национ идейæ. Йæ мидис æмæ нысан – ирон адæмы фервæзын кæнын…»

Уæдæ нын зондзонæн фæуæд гуырдзы ирон адæмæн дыууæ геноциды кæй сарæзтой, нæ хуыздæр фыртты нын кæй ныццагътой, уыцы хъуыддаг. Бамбарæм нæхи, бауарзæм не ‘взаг, кад ын кæнæм æмæ зонæм знаг æмæ нын хæлар чи у, уый…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.