Уæрæсеимæ нæ ахастдзинæдтæ скифтæй, сæрмæттæй, алантæй райдыдтой. Афтæ зæгъæн ис, уыдон рæзтысты скæсæн-славяйнаг знæмтимæ æмæ фæстæдæр систы уырыссаг адæмы рæзтæн бындур. Уырыссаг историон зонады фыд Василий Татищев комкоммæ амоны, скæсæн-славяйнаг æмæ ирайнаг индо-европæйæгты, ома нæ рагфыдæлты ‘хсæн цавæр æнгом ахастдзинæдтæ уыдис, уый.

Цалынмæ уæрæсейаг паддзахад арæзт æрцыд, уæдмæ цыдис уырыссаг адæмæн сæхи æмбарыны процесс. Æмæ уыцы ахсджиаг хъуыддаджы тынг стыр ахадындзинад уыдис алантæн. Василий Татищев сæ роксалантæ хоны. Уый куыд зæгъы, афтæмæй роксаланты иу хай бацыд скæсæйнаг-славяйнаг знæмты скондмæ.

Астæуккаг æнусы скæсæны цæрджытæ ирæтты хуыдтой «алайнæгтæ», ныгуылæны – «асстæ», Европæйы ныгуылæны  «ясстæ», Фæскавказы та – «остæ». Уыдоны лæгдзинад æмæ ‘хсарæн æмбал нæ уыд. Ирон адæмы рагфыдæлтæн – скифтæ, сæрмæттæ, алайнæгтæн – дунейыл сæ ном уыд хъуыст-онд.

Цы зæххытыл цардысты, уым археологтæ цы дзаумæттæ ссардтой, уыдон нымад сты, æмбал кæмæн нæй, ахæмтыл, хаст æрцыдысты дунейы культурæйы хæзнадонмæ. Фыццаг сæ археологтæ сбæрæг кодтой ХХ  æнусы 60-æм азты кæрон Ирыстоны, Хъобанмæ хæстæг. Стыр францаг ахуыргонд, Жорж Дюмезиль фыста, зæгъгæ, ирон адæм, суанг Уæрæсеимæ баиуы агъоммæ, бахъахъхъæдтой тынг рагон фыдæлты  индо-ирайнаг, арийаг адæмты цардарæзт æмæ æхсæнадон уагæвæрд.

XIII-XIV æнустæ алантæн систы фыдох æмæ трагедийы, хъаймæты æнустæ. Ирон адæмон сфæлдыстады, историйы хорз æвдыст цæуы тæтæр-монголты ныббырст алайнаг зæххытæм. Дур дурыл нал ныууагътой. Басыгътой горæттæ, хъæутæ, æгъатырæй мардтой адæмы. Ныддæрæн кодтой культурæйы цыртдзæвæнтæ. Адæмæй бирæтæ фæлыгъдысты Европæмæ, Византиямæ, Дард хурыскæсæнмæ. Фыдызæххыл ма чи баззад цæргæйæ, уыдонмæ та цыппæрдæсæм æнусы кæрон Тимур ныббырста. Афтæмæй алайнæгтæ хæхтæм тард æрцыдысты. Сæ зæххытыл цæгаты æр-цардысты кæсгон æлдæрттæ æмæ тюркæгтæ. Хуссар Иры хæхты дæлвæзты та æрцардысты гуырдзиаг æлдæрттæ æмæ кънийæзтæ.

Æвддæсæм æнусы æмбисы, нæ рагфыдæлтæ Иры кæмтты уæззау цард æмæ иудадзыг сыхæгты ныббырстытæй куынæуал фæрæзтой, уæд, сæ фидæныл хъуыды кæнгæйæ, равзæрстой фæрнджын æмæ рухсмæ амонæг фæндаг. Хохы цъассытæй хохрæбынты дæлвæзтæм ралидзын ахсджиаг уыди Ирыстоны царды. Хъырымы хан иудадзыг кæй лæбурдта, Турк æмæ Иран Цæгат Кавказмæ ныхилыны хæстмондаг политикæйыл лæуд кæй уыдысты, уымæ гæсгæ Кавказы иннæ адæмты хуызæн ирæтты дæр домбай æмцæдисон æмæ сæрхъызой агурын бахъуыд Уæрæсейы паддзахады.

Магкæты Зураб зындгонд уыд Кавказы. Ирон адæмæн уыд хуыцауæй æрвыст, арфæйаг лæг, куырыхон зонды хицау, цалдæр æвзаджы зонæг, ахуыргонд, дипломат. Чырыстон дины чингуытæ тæлмац кодта ирон æвзагмæ. Дæс азы фæцард Уæрæсейы, хорз зыдта дипломатон-политикон хабæрттæ. 1751-æм – азы йæ хъæппæрисæй фидаргонд æрцыд Уæрæсейы хицауадмæ курдиатимæ фæцæуыны минæварад цал-дæр номдзыд лæгæй. Зураб Зæрæмæгæй, минæварады сæргълæууæг, Туалгомæй – Хъесаты Еба, Куырттаты комæй – Цопанаты Батыр. Суагъæмæ гæсгæ ма семæ уыдис æртæ æххуысгæнæджы. Уыдонæй иу уыд Зурабы фырт Хъанæмæт, иннæ дыууæ та Абайты Дживи (Сыбайæ) æмæ Æгъуызаты Сергей. Минæвæрттæ 1749-æм азы 28 сентябры араст сты Петербургмæ бæхтыл. Бæлццæттæ Астраханмæ куы ныххæццæ сты (уым бадтис губернатор æмæ уый лæвæрдта бар), уæд бамбæрстой, ахæм дард фæндагыл саргъы бадгæйæ тынг зын цæуæн кæй у, уый.

Астраханы губернатор ирон минæварады лæгтимæ куы базонгæ, Зураб уырыссагау сыгъдæг йемæ куы дзырдта, уæд сæм хионы цæстæнгасæй ракаст æмæ ныффыста паддзахмæ фыстӕг: «Мæ цæсты ацы адæм афтæ кадджын сты, афтæ аив сты алцæмæй дæр, æмæ мæм цы каретæтæ ис, уыдонæй ацы адæмæн куы раттин, афтæ мæ фæнды». Елизаветæ Петыры чызг сразы йемæ.    

Уæрæсейы успаддзах – императрицæ Елизаветæимæ Ирыстоны минæварад сæмбæлд. Зурабы мидисджын, хъуыддаджы ныхасмæ куы байхъуыста сылгоймаг паддзах, уæд æм фæкаст, раст цыма дзырдаивады бардуаг ныхас кодта йæ разы. Дыууæ метрæй бæрзонддæр лæгæн йæ сæвджын уæнгтыл аивæй фидыдта йæ уæлæйы дарæс. Йæ цæсгомыл хъазыд сæуæхсиды уæлтæмæн, артау сыгъдысты ирд цæхæр цæстытæ. Петры чызг сæм ракаст хорз цæстæнгасæй. Сæ уæздандзинад, хиуылхæст æмæ куырыхон зонд зæрдæйыл æмбæлдысты. Минæвæртты лæггад æмæ фыдæбон бирæ рæстæгмæ аххæссыд, уæддæр Иры дзыллæйы бæллиц сæххæст. Минæвæрттæ æнустæм бабастой Иры дзыллæйы хъысмæт цытджын Уæрæсеимæ.

Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, уæд тыхгæнджытæ сæхи иуварс айстой. Æстдæсæм æнусы æмбисæй ирæттæн бар радтой хæхбæстæй быдырмæ ралидзынæн. Ирон адæмæн бар уыд базарадон куыст кæнынæн Хъызлары æмæ Астраханы. XVIII æнусы мыхуыры рацыдысты фыццаг ирон чингуытæ уырыссаг графикæйы бындурыл. 1799 азы уырыссаг æфсæддонтæ бынæттон цæрджытимæ сарæзтой Арвыкомы фæндаг, 1888 азы та – Мамысоны æфцæгыл фæндаг.

Ирон адæмы цытджын хъæбул Къоста Стыр Уæрæсейы хуыдта йæ дыккаг райгуы-рæн бæстæ. Йæ хъомысджын сфæлдыстадæй бæлвырд æвдисы, фæллойгæнæг хæххон адæм цытджын уырыссаг адæммæ цы æфсымæрон ахастдзинæдтæ æвдыстой, уыдон.

20-æм æнусы кæрон Советон Цæдис куы фехæлд, уæд ирон адæмы хъысмæт куыд уыдаид, Уæрæсе куынæ уыдаид, уæд?

Æнæ Уæрæсейæ махæн фидæн нæй. Нæ историйы хъысмæт уый мидæг ис, æмæ ирон адæм цардцæрæнбонты, æнустæм хъуамæ уой Уæрæсеимæ. Уæрæсеимæ уæвын махæн удыбæстæ у, Уæрæсе махæн не стыр ныфс у.

2008 азы Цхинвалы хæст Уæрæсе æр-урæдта…

Путин æмæ Медведев уæд цы хъæбатырдзинад, цы куырыхон зонд равдыстой, уыдон сты, Ирыстонæн нæ, фæлæ, фыццаджыдæр, Уæрæсейæн цы æгъдау æмбæлдис æмæ цы политикæйыл æрхæцыдаид, уый ӕвдисӕг.

Æнусты дæргъы Ирыстоны хуссайраг хайы дзыллæтæ кæмæ бæллыдысты, уыцы фæрнæйдзаг бон ралæууыд – Хуссар Ирыстон ссис хæдбар паддзахад. Уыцы хæдбардзинад адæм балхæдтой сæ тугæй. Фыдыбæстæйы сæрвæлтау уыцы дæргъвæтин уæззау рæстæг йæ туг чи ныккалдта, уыдоны нæмттæ æнустæм баззайдзысты ирон адæмы зæрдæты. Нæй ферохгæнæн нæ зынгхуыст хъæбултæ, мадæлтæ, фыдæлтæ æмæ, йæ риу знаджы нæмыгмæ чи дардта, уыцы хъайтар хæстонтæн. Нæй ферохгæнæн, нæ хæдбардзинады сæрыл сæ цард нывондæн чи æрхастой, уыцы уæрæсейаг хæстонтæн.

Уæрæсеимæ Ирыстон раздæрау, цæнгæт рæхысы цæгтау, у æнгом баст, æмæ дарддæр  дæр æнустæм уыдзыстæм уарзон, цæдисон æфсымæрон бæстæтæ!

ГУЫЛÆРТЫ Барис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.