УФ-йы Президент Владимир Путины Барамындмæ гæсгæ Стыр Уæлахизы 75-азы цытæн парад уагъд æрцæудзæн 24-æм июны. Уыцы бон  1945 азы  24-æм июны Мæскуыйы Сырх фæзуаты уагъд æрцыд Уæлахизы легендарон парад. Уый уыд советон адæм-уæлахиздзауы триумф, кæцы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы слæууыд Европæйы баиугонд тыхты сæргъ æмæ афтæмæй фæуæлахиз гитлерон Германыл.

Уæлахизы фыццаг парад ауадзыны тыххæй уынаффæ райста Уæлдæр Сæйраг командæгæнæг Иосиф Виссарионы фырт Сталин Уæлахизы боны фæстæ – 1945 азы майы æмбисы. «Хъæуы бацæттæ кæнын æмæ хицæн сæрмагонд парад ауадзын. Уадз, хайад дзы райсæт æппæт фронтты æмæ æфсæдты æппæт хуызты минæвæрттæ…», – йæ мысинæгты фыста Генералон штабы хистæры хæдивæг, армийы инæлар С.Штеменко. Генералон штаб домдта дыууæ мæйы æмгъуыд, парадмæ бацæттæ кæныны тых-хæй, фæлæ Сталин бардзырд радта, парад иу мæйы фæстæ ауадзыны фæдыл. Мæскуыйы хуыйæн фабрикæты бахъуыд цыбыр рæстæг-мæ инæлартæ, афицертæ æмæ салдаттæн парадон формæ 10 мин комплекты бахуыйын.

Бæрæгбонон мадзалы хъуамæ хайад райстаиккой фронтты дæс баиугонд полчы æмæ Æфсæддон-денджызон флоты баиугонд флот. Æфсæдтæ æвæстиатæй æрæвнæлдтой баиугонд полктæ аразынмæ. Парадмæ хæстонтæ æвзæрст цыдысты карз фæткмæ гæсгæ. Фыццаг рады истой ахæмты, кæцытæ тохты равдыстой хъæбатырдзинад. Нысаниуæг лæвæрд цыд хæстонты бæрзæнд æмæ карæн дæр. Сæ бæрзæнд  176 см къаддæр ма хъуамæ уыдаид æмæ сыл ма хъуамæ цыдаид 30 азæй фылдæр. Бардзырдмæ гæсгæ баиугонд полкы хъуамæ уыдаид 1059 адæймаджы æмæ 10 фæсауæрц адæймаджы, фæлæ сын сæ нымæц скодтой 1465 адæйма-джы онг. Баиугонд полкты командиртæй бæрæг æрцыдысты: Карелы фронтæй – инæлар-майор Г.Калиновский, Ленинградаг фронтæй – инæл. армайор А. Ступченко, 1-аг Прибалтиагæй – инæлар-лейтенант А. Лопа-тин, 3-аг Белорусагæй – инæлар-лейтенант П.Кошевой, 2-аг Белорусагæй – инæлар-лейтенант К.Эрастов, 1-аг Белорусаг фронтæй – инæлар-лейтенант И.Рослый æмæ афтæ дарддæр, æдæпптæй 11 командиры.

Уæлахизы парад иста Сталин нæ, фæлæ Советон Цæдисы Маршал Георгий Жуков. Парадыл командæ кодта Советон Цæдисы маршал Константин Рокоссовский. Мадзалы æппæт организацийыл командæ кодта Мæскуыйаг æфсæддон зылды командæгæнæг æмæ Мæскуыйы гарнизоны хистæр, инæлар-булкъон Павел Артьемев.   Парадæй иу къуырийы размæ Сталин йæхимæ дачæмæ æрбакодта Жуковы æмæ йæ бафарста, зæгъгæ, ма бæхыл бадын зоныс. Жуков ын сдзуапп кодта, зæгъгæ, сæрибар рæстæджы тырнын бæхыл цæуынмæ. «Дæу бахъæудзæн парад райсын. Парадыл командæ кæндзæн Рокоссовский», – загъта йын Сталин. Жуковмæ диссаг фæкаст ацы хабар, фæлæ йæ нæ равдыста. «Бузныг ахæм цыты тыххæй, фæлæ хуыздæр уаид, парад дæхæдæг куы райсис, уый», – загъта йын Жуков.  Уæд ын Сталин сдзуапп кодта: «Æз зæронд дæн парадтæ исынæн. Райс æй ды, ды мæнæй æвзонгдæр дæ», – банысан кодта Сталин.

24-æм июны уыд къæвда бон. Боныгъæд фæхуыздæр æрмæстдæр изæрырдæм. Уымæ гæсгæ ивд æрцыд парады авиацион хай æмæ советон фæллойгæнджыты рацыд. Растдæр 10 сахатыл кремлы курантты цагъды бын, маршал Жуков йæ урс бæхыл рацыд Сырх фæзуатмæ. 10 сахат æмæ 5 минутыл райдыдта æфсæдтыл æрзылд. Полктыл æрзилгæйæ, Георгий Жуков схызт трибунæмæ. Маршал арфæ ракодта советон адæмæн æмæ бæстæйы æхсарджын гарзджын тыхтæн Уæлахизы цытæн. Уый фæстæ айхъуыст Советон Цæдисы гимн, кæцыйы сæххæст кодтой 1400 æфсæддон музыканты, лæвæрд æрцыд артиллерион салюты 50 æмæхсты. Æфсæдтимæ цыд егъау оркестр 1400 адæймаджы скондæй. Парад фæцис иугонд оркестры рацыдæй.

Парад аххæссыд 2 сахаты тыхджын къæвдайы бын. Фæлæ  уый адæмы зæрдæйы уаг нæ фехæлдта. Изæры уыд бæрæгбонон салют. 23 сахатыл аэростаттæй æмæхстæй атахтысты 20 мин ракетæйы. Уый уыд адæм-уæлахиздзауы, советон цивилизацийы æцæг триумф. Советон Цæдис бафæрæзта æмæ  фæуæлахиз  адæймагады историйы иууыл тæссагдæр хæсты. Советон адæм æмæ æфсад фæуæлахиз сты  ныгуылæйнаг дунейы иууыл эффективондæр æфсæддон машинæйыл. Скуынæг кодтой  «Ног дунеон фæткы» – «Æнусон рейхы» тæссаг гуырцы, цыран фæнд кодтой æппæт славяйнаг дунейы скуынæг кæнын.

1945 азы 20-æм июны Мæскуымæ цы Уæлахизы Тырыса æрластой, уый хъуамæ Сырх фæзуаты рахастаиккой, рейхстагы сæрмæ тырыса чи æрсагъта, уыдон – тырысахæссæг Неустроев æмæ йæ ассистенттæ Егоров, Кантария æмæ Берест. Фæлæ уыдон репетицийы рæстæджы рæнхъæй хорз нæ рацыдысты, сæ рæнхъон цæттæдзинад æмбæлон нæ уыд. Уыимæ Неустроевыл цалынмæ 22-азы сæххæст, уæдмæ фæцис 5 цæфы æмæ йæ къæхтæ дæр бахъыгдард сты. Уымæ гæсгæ Жуков аскъуыддзаг кодта, цæ-мæй Тырыса ма рахæссой, нывæрын æй кодта Советон Цæдисы Гарзджын тыхты Централон музейы. Фыццаг хатт ацы Тырыса рахастой 1965 азы парады.

10-æм июнмæ столицæмæ цæуын рай-дыдтой сæрмагонд поездтæ парады хайадисджытимæ. Æдæпптæй парады хайад истой 24 маршалы, 249 инæлары, 2536 афицеры, 31116 рæнхъоны æмæ сержанты. Парадмæ бацæттæ кодтой хæстон техникæйы сæдæгай иуæджы. Салдаттæ æмæ афицертæ æр-вылбон дæр  тренировкæ  кодтой 6-7 сахаттæ, Сырх фæзуатыл æртæ минут æмæ æрдæджы бæрц маршы рацæуыны тыххæй. Парады хайадисджытæ-фыццæгтæ хорзæхджын æрцыдысты «1941-45 азты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Германыл фæуæлахизы тыххæй» майдантæй, кæцы фидар æрцыд 1945 азы 9-æм майы.

Генералон штабы бацамындмæ гæсгæ Берлин æмæ Дрезденæй Мæскуымæ æрластой трофейон тырысаты æмæ штандартты 900 иуæджы. Уыдонæй равзæрстой 200 тырыса æмæ штандарты, кæцыты бафснайдтой специалон хатæны æмæ сæ хъахъхъæдтой. Парады боны сæ æхгæд уæзласæн машинæтыл раластой Сырх фæзуатмæ æмæ сæ радтой хæстонтæм. Знаджы тырысаты æмæ штандартты  советон хæстонтæ хастой æрмкъухты, уымæй уыдон равдыстой,  гом къухтæй знаджы тырысайы хъæдтæм бав-налынмæ кæй æлгъ кæнынц, уый. Парады рæстæджы сæ æппæрстой специалон рахи-цæнгонд бынаты (помосты), цæмæй штандарттæ ма аныдзæвдтаиккой сыгъдæг Сырх фæзуаты  астæрдыл. Фыццаг аппæрстой Гитлеры сæрмагонд штандарты, фæстагмæ та – Власовы армийы тырыса. Фæстæдæр уыцы помост æмæ æрмкъухты дæр басыгътой.

1945 азы 24-æм июны уагъд чи æцыд, уыцы легендарон парад цæрæнбонтæм бацыд советон адæмы историмæ.

Æрмæг бацæттæ кодта

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.