Ног азы райдианмæ нæ республикæйы районты цæрджытæй ногарæзт хæдзæртты дæгъæлтæ лæвæрд æрцæудзæнис къорд амондджын бинонтæн. Æрмæст фæстаг дыууæ азы Президенты æххуысæй сырæзт 50 хисæрмагонд хæдзары. Ивгъуыд аз ног хæдзæртты хицæуттæ баисты Цхинвалы район Хеит, Къостайыхъæу, Ход, Гъуертеу æмæ горæты Комаровы, Дмитровы, Плиты Ароны, Сталины уынгты хицæн цæрджытæ. Дзау, Знауыр æмæ горæтæн йæхи мидæг цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ рæзынц, уыдон кæд Инвестпрограммæйы фæлгæтты рæзынц, уæд сæрмагонд хæдзæрттæ та арæзт цæуынц РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы хæрзаудæн фонд «Аланийы Иудзинад»-ы финансон æххуысы руаджы.

Ацы фонды фæрцы цы хæдзæрттæ рæзы, уыдонæн сæ иу хай ныппырх 2008 азы августы хæсты рæстæджы, иннæ хай та уыдысты кæлæтдзаг хæдзæрттæ.

Æрмæст Цхинвалы районы Сатихъары хъæуы ацы аз рæзы цыппар хæдзары. Уыдонæй æртæ ныридæгæн агъуысты бын фесты. Иннæ дæр, аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы бонты æрæмбæрздзысты. Хæдзары хицау Уазæгты Мани ныртæккæ рынчынтæ хæссы. Йæ хæдзар 2008 азы ныппырх. Цæрæн дзы нал уыд, тас уыд куы ныккалдаид, уымæй. Манийæн йæ сывæллæттæ Уæрæсейы цæрынц, æвзæнгтæ ма куы уыдысты, уæд ахуыр кæ-нынмæ ацыдысты, уым скодтой бинонтæ дæр. Сылгоймаг Сатихъары хъæуы йæ цардæмбалимæ цард. Йæхæдæг цыппор азы бæрц колхозы фермæйы фæкуыста. Йæ цардæмбал Габайты Харитон та скъолайы ахуыргæнæгæй. 2008 азы 8-æм августы Харитоны гуырдзиæгтæ амынæты акодтой, уымæй фыднад фæкодтой, цалдæр боны фæстæ цыдæр амæлдтæй раирвæзт, фæлæ нал ссæрæн æмæ амард. Сылгоймаг цалынмæ къахыл лæууыд, уæдмæ хъæстмæ арæх цыд хицауадмæ, хæдзары тыххæй. Къамис æм цалдæр хатты æрбацыд, ныфсытæ-иу бавæрдтой æмæ та-иу ууыл хъуыддаг фæцис. Фæстагмæ Уазæгонæн йæ ныфс асаст, хæдзар аразынмæ нал æнхъæлмæ каст. Фæлæ йæм иу мæйы размæ арæзтадон фирмæ «Гъаристау»-ы кусджытæ куы æрбацыдысты æмæ йын куы загътой, ома, президенты амындмæ гæсгæ æрбацыдыстæм, хæдзар дын хъуамæ саразæм, уæд йæ цинæн кæрон нал уыд.

         Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.