Ацы аз 12-æм февралы 135 азы сæххæст номдзыд инженер, публицист, æхсæнадон архайæг Гаглойты Рутены райгуырдыл. Ацы нысаниуæджын боны фæдыл бирæ ма-дзæлттæ уагъд æрцыд æмæ нырма дæр уагъд цæуынц. Стыр Адæймаджы юбилейы цы-тæн мысæн мадзал бацæттæ кодтой нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы 9-æм къласы ахуыргæнинæгтæ сæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæйы сæргълæудæй.

Мадзалы хайад райстой Гаглойты Рутены хъæбулы хъæбултæ Гаглойты Бэлæ æмæ Алисæ, Цхинвалы районы администрацийы культурæйы хайады минæвæрттæ, уагдоны директор Медойты Таймураз æмæ ахуыргæнджытæ, горæт Цхинвалы администрацийы ахуыры хайы минæвар Гæззаты Валерия, 5-æм къласы ахуыргæнинæгтæ.

Мадзал байгом кодта Дыгъуызты Лианæ. «Абон мах æрбамбырд стæм Ирыстоны зынгзæрдæ патриот Гаглойты Рутены номарæн мадзалмæ. Уый зæрдæйæ рыст йæ радтæг Ирыстон, йæ адæмы фидæны тыххæй. Ирон адæмæн йæ хъæбултæй стырдæр лæггæдтæ чи бакодта, уыдонæй иу уыд Гаглойы фырт», – загъта уый.

Уый фæстæ ахуыргæнинæгтæ радзырдтой Рутены цардвæндаджы тыххæй. «Астаздзыд Рутены ахуыр кæнынмæ бакодтой Згъубиры хъæуккаг Хæныкъаты Никъамæ. Фæстæдæр йæ ахуыргæнæг уыд Джиоты Пора, кæцы рецензи ныффыста Хетæгкаты Къостайы чиныг «Ирон фæндыр»-æн. 6-æм къласы куы ахуыр кодта, уæд йе ‘мбалимæ ард бахордтой сæ Ирыстонæн исты пайдатæ æрхæссынæй. Уый фæдыл ныффыста æмдзæвгæ дæр: Скъолайы бандоныл бадгæ, бахордтон чемæдæр ард: адæ-мы саудалынг цардмæ сомбон куыд дарон цырагъ. Уыцы æмбал та уыд зынгæ хирург Гаглойты Сауи. Дыууæ дæр разындысты сæ ныхасы хицау. Дыууæ дæр стыр пайдатæ æрхастой сæ радтæг Ирыстонæн, сæ мæгуыр ирон адæмæн.

1907 азы Рутен ссис газет «Ног цард»-ы активондæр уацхæссæг æмæ йæ ирон адæмы талынг цардвæндаг ныццæхæр калдта йæ рухсы цырагъæй. Газет кæд цъус «фæцард», уæддæр Рутенæн бантыст ныммыхуыр кæнын дæс радзырды æмæ уацы. «Дыууæ фæндаджы», «Цард», «Хъазт», «Теман голладжы нæ сусæг кæны», «Намыс» æмæ æндæртæ.

1914 азы самал кодта топпыхос, динамит, кусæнгæрзтæ æмæ Чъехы нарæджы къæдзæх спырх кодта. Сæрсæфæныл сырæзт уæрæх, лæгъз фæндаг. Адæм сæ риуыдзаг сулæфыдысты. Рутены цинæйдзаг зæрдæ нæ фæлæууыд æмæ къæдзæхыл  æрфыста – «Цы цух ма дæ, Ир?». Уыцы фыст уым баззад 1980 азмæ, йæ реконструкцийы агъоммæ… 1917 азы ныннæрыд Октябры революци. Рутен нылæууыд хæххон фæндæгтæ аразыны вазыгджын хъуыддагыл. Райдыдта Хуыцъейы хъæуæй. Куыстой дзы Рутен йæхæдæг æмæ Калакæй йемæ цы цалдæр китайаджы æрбакодта, уыдон. Фæлæ та уæдмæ, 1919 азы гуырдзиаг тугмондаг меньшевиктæ æрбабырстой Хуссар Ирыстонмæ. Æрцахстой Гаглойты Рутены дæр, фæлæ сын цыдæр амæлттæй æхсæвыгон цæугæ поездæй рагæпп кодта, Тугъанты Муссæ дæр йемæ, афтæмæй. Рутен Тугъанты Махарбегимæ куы базонгæ, уæд рабæрæг Рутен поездæй лидзынмæ йемæ кæй сразæнгард кодта, уый Махарбегæн йе ‘ввахс хион кæй уыд, уый.

1920 азы Рутены æрцахстой æмæ йæ арвыстой Псковмæ, фæлæ уырдыгæй алыгъд Эстонимæ, цыран фæцард 1928 азы онг. Куыддæр фæстæмæ æрæздæхт, афтæ райдыдта фæндæгтæ аразын. 1929 азы сарæзта Ручъы фæндаджы цыппар варианты дæр. 1930 азы Хуссар Ирыстоны Стыр Октябры революцийы уæлахизы бæрæгбон нысан кæныны рæстæджы тъунелы фыццаг срæмыгъд дæр Рутен йæхæдæг сарæзта. Йæ иууыл ахсджиагдæр бæллиц уыд Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны баиу кæнын. Гаглойы фырт фистæгæй æрзылд æгас Хуссар Ирыстоныл æмæ авд азы æмгъуыдмæ сарæзта картæ. Ацы картæйыл йæхи къухæй фыст ис: «Картæ аразыны куыст райдыдтон 1931 азы æмæ йæ фæдæн 1937 азы». Картæ ахаста Мæскуымæ æмæ йæ Геологи æмæ картографийы институт сфидар кодта. Ацы æхцон хабаримæ атагъд кодта Тифлисмæ, амбæлд Беряимæ. Тынг æвзæр æй райста, масты хай йæ фæкодта: «Что же вы, осетины, хотите через себя связать русских с Грузией?!, – йæ дзыхы дзаг ыл ныхъхъæр кодта Берия. Зæрдæрыстæй æрбаздæхт фæстæмæ. Ацы хабар æрцыд 1937 азы уалдзæджы æмæ уыцы аз сæрды, сусæны мæйы, та йæм хæдзармæ æрбацыдысты йе ‘рцах-сынмæ. Сæвæрдтой йыл адæмы знаджы ном.

Рутен йе ‘мкъай Цхуырбаты Надяимæ фæцард æрмæстдæр 18 мæйы. Сæ хъæбул Ботазыл цыд иу мæй æмæ æртæ боны йæ фыды йын куы амардтой, уæд, – дзырдтой ахуыргæнинæгтæ радгай. Бакастысты Рутены фыст æмдзæвгæтæ, афтæ ма йыл ирон поэттæ йæхиуыл цы æмдзæвгæтæ ныффыстой, уыдоны дæр.

Мадзалы организатортæн бузныджы ныхæстæ загътой Гаглойты Алисæ æмæ Бэлæ дæр. Уыдон мадзалмæ æрбахастой Рутен кæддæр йе ‘взонджы бонты йе ‘мкъайæн цы урс кæлмæрзæн балæвар кодта, уый. Рутенмæ æрцахсынмæ куы æрбацыдысты, уæд къаннæг агуывзæйы сæн æркодта æмæ скуывта Хуыцаумæ, зæгъгæ, сын мæ рæстдзинад ма ныппар. Семæ æрбахастой ацы агуывзæ дæр. Дыууæ дзаумайы дæр цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц йæ хъæбулы хъæбултæ. Цымыдисон цаутæ радзырдтой сæ дадайы тыххæй. Рутен йæ радтæг адæмæн цы стыр лæггæдтæ бакодта, уыдоны тыххæй ахуыргæнинæгтæ кæй бамбæрстой, уый ирдæй зынд сæ цæсгæмттыл.

Мадзалы раныхас кодта æмæ йæ организатортæ æмæ уазджытæн бузныг загъта скъолайы директор Медойты Таймураз. Кæронбæттæны мадзалмæ æрбамбырдуæвджытæ иумæ систой зæрдылдарæн къам.

                              ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.