Хъыгагæн, ацы аз Фыдыбæстæйы хæсты Уæлахизы 9-майы бæрæгбон Хуссар Ирыстоны нал банысан кæндзæн иунæг ветеран дæр. Фæстаг ветеран  Цоциты Амыран  йæ цардæй ахицæн фарон октябры мæйы 97 аздзыдæй.

Ивгъуыд аз Цоциты Амыранимæ ныхасгæнгæ дисы бахаудтæн, нырма куыд куырыхон зонды хицау у, уымæй. Кæд йе уæнгты айст фæцудыдта, уæддæр йæ хъуыдыкæнынад йе сныхасмæ азтæ ницы бар дардтой, æмæ æхцондзинад истон интервью исгæйæ. Хорз бахъуыды кодта, гыццыл лæппу ма куы уыд, уыцы цаутæ дæр. Стæй хæст куыд райдыдта æмæ йæ райгуырæн хъæуæй куыд цыдысты фæсивæд.

Цоциты Амыран райгуырд 1926 азы Цхинвалы районы Ортъеуы хъæуы. 1943 азы йæм æрсидтысты Сырх Æфсадмæ. «Мæ ныййарджытæн ницы загътон, афтæмæй мæхи сцæттæ кодтон æмæ горæтмæ æфсæддон къамисариатмæ рараст дæн. Фæндагыл мæ фыдыл амбæлдтæн. Уый куы бамбæрста, кæдæм цæуын, уæд мæ фæстæмæ раздахын афæлвæрдта. Фæлæ мæ фæнд конд уыд. Мæ фыд инвалид лæг уыд, æз та зæнæджы хистæр, чизоны исты амæлттæй фæфæстæ кодтаин мæхи, фæлæ алыг кодтон, æнæцæугæ мын кæй нæй фронтмæ», – дзырдта мын уæд Цоциты Амыран йæ мысинæгты.

Цоциты лæппуйы райдианы арвыстой Азербайджанмæ, горæт Кировобады цы æфсæддон ахуыргæнæндон уыд, уырдæм. Ам æвзонг курсант цæттæдзинад иста 124-æм полчы. Уый фæстæ та æрвыст æрцыд 127-æм фæсауæрц полкмæ, кæцы уыд Гуырдзыстоны территорийыл горæт Гуры. Ардыгæй сæ акодтой Украинæйы зæххыл хæсты цæхæрмæ.

Хæсты фæстæ Амыран службæ кодта 414-æм дивизийы Бакойы. Иууыл тынгдæр йæ зæрдыл бадардта, 9-æм майы  Плиты Иссæ Уæлахизы парад куыд иста Бакойы горæты».

Цоциты Амыран Советон Æфсады рæнхъыты службæ кодта суанг 1956 азмæ. Йæ райгуырæн бæстæм куы æрцыд, уæд бинонтæ æркодта. Уарзта, бинонтæ куыд æркодта, ууыл дзурын. «Скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уæд-иу спектаклты тынг уарзтон хъазын. Иухатт мæм зæронд лæджы рол æрхауд. Мæ бинойнаджы ролы та ахъазыд нæ хъæуккаг чызг Тамарæ. Уый адыл нæ  мæстæй мардтой, ома, ус æмæ лæг стут. Чызг-иу йæ цæссыгтæ фæкалдта. Æфсады куы службæ кодтон, уæд мæ иу хатт улæфты рауагътой. Уыцы рæстæджы мæ хъæуы чындзæхсæв уыд. Чызгæмбал та дзы уыд Тамарæ. Уæдæй фæстæмæ мæ цæстытæй нал хицæн кодта йæ фæлгондз. Æфсадæй куы æрыздæхтæн, уæд та фембæлдыстæм æмæ бамбæрстон, нæ хъысмæт иу кæй у. Нæ цард баиу кодтам æмæ нын райгуырд чызг. Стæй уымæй цалдæр азы фæстæ та – лæппу. Мæ бинойнагимæ кæрæдзи хорз æмбæрстам. Архайдтам, цæмæй адæмы рæгъы цæуæм, нæ сывæллæттæ схъомыл кæнæм æхсæнадæн бæзгæ адæймæгтæй».

Цалдæр азы размæ Цоциты Амыран нæ газеты фæрцы бузныг загъта нæ паддзахады къухдариуæгадæн, йæ хæдзары фыццаг уæладзыг ын кæй сцалцæг кодтой.

Ветеран, йæ райгуырæн бæстæм æрыздæхгæйæ куыста автотранспортон колоннæйы шофырæй. Фæкуыста дзы 40 азы. Уый фæстæ ноджы 10 азы куыста ХИПУ-йы æмдзæрæндоны комендантæй.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.