Португалийы Гран-при рамбулыны фæстæ ирон дзюдоист Тасойты Инал йæ хъуыдытæ загъта ерысты тыххæй.

«Иууыл уæззаудæр тох мын уыд æрдæгфиналы, цыран фембæлдтæн Башаевимæ. Тамерлан у дунейы иууыл хуыздæр богалтæй иу. Рейтинг афтæ рауад æмæ иу дæлкъордмæ бахаудтам. Зæгъæм финалы фембæлдыстæм, уæд мын уыдаит æндæр эмоцитæ, нæ мын бантыст мæ иууыл хуыздæр миниуджытæ равдисын. Финал та мын уыд принципиалон. Уымæн æмæ нæ фембæлдтыты хыгъд уыд 1:1. Æхсызгон мын у кæй йæ рамбылдтон», – загъта Тасойы фырт.

Фæстæдæр ма Инал дзыллон информацион фæрæзтæн фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ фæнды Парижы Олимпион хъæзтыты рамбулын. Æхцондзинад исын Олимпиадæмæ бахауыны тыххæй процессæй. Уыйтыххæй нæ цæуын гуырæнбонтæм, чындзæхсæвтæм, æппындæр никуыдæм. Хæдзармæ куы æрцæуын, уæд мын вæййы ахæм режим «тренировкæ-хæдзар-тренировкæ-хæдзар».

Уæлдай хатт киномæ ацæуыны фадат дæр мын нæ вæййы. Тренировкæ фæкæнын, уымæн æмæ йæ зонын алы секунд дæр мæ кæй бахъæудзæн турнирмæ ацæуын, æмæ уымæ гæсгæ хъуамæ уай хорз спортивон формæйы», – банысан кодта Инал. Дунейы чемпионы ма афарстой, зæгъгæ, чи у йæ сæйраг табугæнæг.

«Мæ уæлахизтæм мын бирæтæ æнхъæлмæ кæсынц. Фæлæ сæйраджыдæр – мæ бинонтæ. Бузныг мæ фæнды зæгъын мæ фыдæн æмæ мæ сæйраг табугæнæг – мæ мадæн. Мæ мады фæндыд, цæмæй суыдаин дзюдоист», – фехъусын кодта Инал.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Хуссар Ирыстонмæ æрцыд Ирыстоны иууыл перспективондæр богалтæй сæ иу – Багаты Арслан. Уый фембæлд Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комиеты сæрдар Хубежты Русланимæ. Дзырд цыд æмгуыстады æмæ уæгъдибар хъæбысхæсты размæцыды фæдыл. Арслан куыд банысан кодта, афтæмæй цæттæ у хуссарирыстойнаг æвзонг хъæбысæйхæцджытæн мастеркъластæ ауадзынмæ. Йæ рады йын Хубежты Руслан бузныг загъта, кæй сæм фæуазæг æмæ йын фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны командæ хуынд кæй æрцыд БРИКС-ы ерыстæм.

***

Хуссарирыстойнаг ленкгæнджытæ æртæ майданы рамбылдтой Уæрæсейы сгуыхт тренер Сергей Поповы юбилейы цытæн æвзæнгты ‘хсæн Кæсæг-Балхъары гом чемпионаты. 200 метрмæ комплексон ленккæнынæй фыццаг бынат бацахста Уалыты Александр. Уый ма æртыккаг та ссис 50 метрмæ уæгъдибар ленк кæнынæй. Æвзист призер та ссис Руслан Алиев. Уымæн та ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд 200 метрмæ комплексон ленк кæнынæй.

 

ФУТБОЛ

Зындгонд футболист Зæгъойты Алан стажировкæ рацæудзæн Самарайы «Крылья Советов»-ы. Уый тыххæй фехъусын кодта клубы сæйраг тренер Игорь Осинькин. «Зæгъойты Алан нæм бахатыд стажировкæ рацæуыны тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, махæн нæ бон не ссис æмæ йын ма сразы уыдаиккам. Мах цæттæ стæм нæ зонындзинæдтæ йын бацамонынмæ. Командæйы дыккаг сборты уыдзæн махимæ, нæ отелы, процессмæ йæ хъусдаргæйæ», – загъта Игорь Осинькин.

33-аздзыд Зæгъойты Алан йæ карьерæ фæуыны тыххæй фехъусын кодта 2023 азы ноябры мæйы.

Хуриты Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.