Нæ горæты 2-æм астæуккаг скъолайы корпустæй сæ иуы бынаты аразынц ног бæстыхай. Зæронд бæстыхай уыдис аварион уавæры. Конструкцитæн сæ 70% нал бæззыдысты. Æмбыд пъолтæ, зæронд рудзгуытæ, къултæн сæ змис рагæй згъæлдис. Скъолайы фарст скъуыддзагкæнинаг рагæй уыд, фæлæ æрмæстдæр 2024-25 азтæн Инвест­программæмæ бахаудис. Скъолайы директор Ольга Михайлиди ацы лыггæнинаг фарстыл дзырдта алы æмвæзадты, нæ дзы уыд ахуыр кæнынæн æмбæлон уавæртæ. Ацы ахуыргæнæндон сырæзт 1937 азы. Капиталон цалцæг дæр-иу æй скодтой, фæлæ уый дæр уавæр хуыздæрæрдæм бирæ ницы ивта. Ахæм уавæрты скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ фæрæзтой æмæ ныр зæронд бæстыхайы бынаты сырæздзæнис ног, нырыккон домæнтæн дзуаппдæттæг бæстыхай.

Бæстыхай арæзт фæуыдзæн 2025 азы кæронмæ, йæ фæзуат бæрæг фæуæрæхдæр уыдзæн. Объекты иу хай сырæздзæнис афæдзы кæронмæ, иннæ хай та фидæны азы. «Сæйрагдæр у алцыдæр æмбæлгæ æмæвæзадыл саразын. Уæлдай фылдæр æргом здахдзыстæм æдасдзинады æмæ зынгсирвæзты ныхмæ домæнтæ куыд æмбæлы, афтæ сæххæст кæнынмæ. Электроны системæ дæр арæзт æрцæудзæн нырыккон дуджы æдасдзинады фæткмæ гæсгæ. Скъолайы кæрты спортивон залæй дарддæр сырæздзæн футбол æмæ баскетболæй хъазæн фæзтæ. Скъолайæн йæхи мидæг сараздзыстæм æппæт уавæртæ, цæмæй сывæллæттæн нырыккон домæнтæм гæсгæ ахуыр кæныны фадат уа. Бынат дзы уыдзæн 900 скъоладзауæн. Бæстыхай сцæттæ кæнынæн Инвестпрограммæйæ радих кодтой 367 милуан сомы бæрц», – зæгъынц Ахуырады министрады.

Куыстытæ куыд æххæст цæуынц, уымæ йæ цæст дарынц.  Арæзтад æмæ архитектурæйы министрад. Ведомствойы куыд зæгъынц, афтæмæй  сæ  нысан у сывæллæттæн ахуыр кæнынæн æдас уавæртæ саразын, сæйраджыдæр, зæххæнкъуыстæн фидар чи фæллæууа, ахæм.

Сентябры мæйы Зонындзинæдты боныл йæ ахуыргæнинæгтæ сæмбæлдзысты иннæ корпусы. Ахуыртæ уагъд цæудзысты дыууæ сменæйы. Зындзнæдтыл кæй æмбæлдзысты, ууыл дызæрдыг нæ кæнынц, фæлæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй бабыхсдзысты…

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.