Æрвылбон дæр сæ цардуагон æмæ хисæрмагонд уавæртæ æрбæстон кæныны тыххæй дæсгай адæймæгтæ бацæуынц Цхинвалы Модæты ательейы хæдзармæ. Уыдон зонынц, сæ фарстатæ æрбæстон кæныныл сын æвæстиатæй кæй бацархайдзысты, йæ куысты дæсныйад хорз чи зоны æмæ йæ сæххæст кæныныл дæр æнæзæрдæхудтæй чи бацархайы, ахæм куыстуарзаг арæхстджын специалисттæ. Уыдон нымæцмæ та хауынц къахыдарæс, уæлæдарæс, къамисæг, гæрзтæхсæн æмæ æндæрты сцалцæг æмæ сифтонг кæныны   фæдыл дæснытæ Оттаты Гела, Мулдарты Аленæ, Цхуырбаты Риммæ, Тыджыты Ацæмæз, Багаты Таня, Мчъедлидзе Мая, Къæбулты Тамилæ æмæ æндæртæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, хорз у, фæлхасгæнæгæн æвæстиатæй йæ хъуыддаг куы срæвдз кæнынц, сæ лæггады хай йын куы бакæнынц ацы   къабазы кусджытæ. Фæлæ ма уыимæ иумæ, хъуамæ æрбацæуæг райгонд уа, лæггæдты хæдзары иумæйаг хуызæй. Йæ зæрдæ дзы хъуамæ  рухс кæна. Ацы бæстыхай рагон у, сырæзт ивгъуыд æнусы 60-æм азты æмæ дзы уæдæй нырмæ бирæ ивындзинæдтæ æрцыд мæгуырауæрдæм. Стæй ма йыл сæ тыхтæ бавзæрстой, гуырдзиаг хотыхджынтæ Хуссар Ирыстоны сабыруарзаг адæмы ныхмæ æнæмсæр хæст куы расидтысты, уæд дæр. Бæстæ куы æрсабыр, уæд ацы бæстыхаймæ дæр йæ хъусдард аздæхта горæты администраци, сæрмагондæй та цæрджыты цардуагон лæггæдты управленийы директор Тасойты Анжелæ. Уый фæстиуæгæн Ательейы бæстыхай, рæстæджы цыдимæ, йæ хуыз хуыздæрырдæм фæивта. Ахсджиаг хъуыддаджы Анжелæйы æнцой балæууыдысты кусджытæ сæхæдæг дæр. Афтæмæй йын раивтой йæ рудзгуытæ æмæ дуæрттæ. Хуыздæр уавæры нæ уыд йе ‘мбæрзт дæр – къæвдайы дон-иу тагъдиc æмæ ныр уый дæр ногæй сагъуыстой .

Фæлæ æрмæст арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытыл не ‘рлæууыд Тасойты чызг. Æрæджы та йæм фæзындысты кусджытæ æмæ ныртæккæ цалцæггæнæн куыстытæ æххæст кæнынц дыккаг уæладзыджы тыргъы. Зæрдиагæй дзы архайынц сæ хъуыддаджы дæсны адæймæгтæ Пухаты Роберт æмæ Хуыбецты Алан. Æххæст сты арæзтадон æрмæгæй æмæ цыбыр æмгъуыдмæ фæуыдзысты сæ куыст.

Хуыбиаты Никъала

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.