Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Галаты Барисы номыл Паддзахадон ансамбль «Симд»-æн XI Æхсæнадæмон фестивалы – Махмуд Эсамбаевы номыл солон кафты конкурсы æнтыстджын ралæуды тыххæй.

Президент фембæлд ансамблы коллективимæ æмæ сфæлдыстадон коллективæн йæ цæст бауарзта дарддæры æнтыстытæ.

«Сымах æхсæнадæмон конкурсы аккагæй равдыстат Хуссар Ирыстоны, бацахстат фыццаг бынат. Уый у стыр æнтыст, фæлæ сымах нырма бирæ тыхтæ хъæуы, цæмæй ног программæ бацæттæ кæнат æмæ «Симд» ракæнат бæрзонд æмвæзадмæ», – загъта Бибылты Анатоли.

XI Æхсæнадæмон фестиваль – Махмуд Эсамбаевы номыл солон кафты конкурс уагъд æрцыд 15 октябры Грозныйы. Номинаци «Парный танец»-ы фыццаг бынат бацахстой РХИ-йы сгуыхт артист Санахъоты Инал æмæ Биазырты Алана, артисттæ сæххæт кодтой «Хонгæ» кафт æмæ Алайнаг кафт.

Фестиваль уагъд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Культурæйы министрады æххуысæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.