Республикæйы Национ музей хайад райсдзæн, Санкт-Петербурджы Ирыстоны минæварадыл 270 азы сæххæсты цытæн цы мадзæлттæ уагъд æрцæудзысты, уыдоны.

Музейы директор Зассеты Мерабы ныхæстæм гæсгæ, æртæ боны дæргъы, 23-25 октябры, мультимедион историон парк «Россия-Моя история»-йы Санкт-Петербурджы Хицауад æмæ Эрмитажы къухдариуæгады æххуысæй уагъд æрцæудзысты Ирыстоны культу-рæйы бонтæ.

«Уагъд æрцæудзæн культурон программæ, цыран уыдзысты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны хайы музейон фондты артефакттæ æмæ экспонаттæ. Национ музей равдисдзæн археологон хайадæй артефакттæ, сæйраджыдæр Тлийы ингæнæй æмæ хъобайнаг культурæйæ предметтæ, темæйы фæдыл æндæр æрмæджытæ.

Уырдæм æрбацæуджытæн сæ бон фенын уыдзæн Хетæгкаты Ле-уаны фырт Къостайы конд нывтæ: зынгæ поэты музæ Аннæ Поповайы æмæ «Спас Нерукотворный»-йы сурæт. Уымæй дарддæр ма мах аласдзыстæм Къостайы портрет дæр, кæцы скодта Тугъанты Махарбеджы номыл нывгæнæн скъолайы зынгæ ирон минæвар, æмæ Нарты эпосы темæйы фæдыл уый арæзт дæс графикон куыстытæ. Мах экспонаттæн хицæн æрцыд Эрмитажы залтæй сæ иу.

Зын у ацы мадзалы нысаниуæгæн  аргъ скæнын, уæлдай дæр абоны реалиты контексты. Уый у эпохалон бæрæгбон, Ирыстоны æмæ Уæрæсейы дипломатон ахастыты райдиан æмæ Уæрæсеимæ æмдзу кæныны равзæрст. Æмæ ныр сæдæ азы дæргъы Ирыстон æнувыд у, иу хатт равзаргæ æддагполитикон курсæн», – загъта Зассеты Мераб.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.