Галаты Барисы номыл Хуссар Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд» ралæууыд Махачкалайы Максим Горькийы номыл уырыссаг драмон театры сценæйыл æхсæнадæмон фестиваль «Горцы»-йы фæлгæтты. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй дарддæр ма фестивалы хайад исынц Азербайджан, Беларус, Узбекистан, Индонези, Казахстан, Хъыргъызтан, афтæ ма Уæрæсейы æппæт регионтæй хайадисджытæ.

Пресс-службæйы ма куыд загътой, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы культурæйы министрадты бадзырдмæ гæсгæ ацы аз «Симд» хаст æрцыд æппæтуæрæсейон гастролон-концертон планмæ «Мы – Россия»-йы программæйы фæлгæтты.

Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн стыр куыст цæуы гуманитарон æмгуыстады фæдыл. Хæлардзинады сæйраг нысан у æндæр адæмты традицитæ æмæ культурæимæ зонгæ кæнын. Уый ахсджиаг къахдзæф у ацы здæхты: æхсæннацион диалог, æмразыдзинад, сабырдзинад æмæ адæмты ‘хсæн хæларадон бастдзинæдтæ сфидар кæнын.

Паддзахадон ансамбль «Симд» ма гастролон туры фæлгæтты  ралæудзæн Каспийскы, афтæ ма Хъæрæсе-Черкеси æмæ Республикæ Цæцæны сценæтыл.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.