11-æм мартъийы Галаты Барисы номыл кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд» горæт Мæскуыйы аивадуарзджытæн Чайковскийы номыл уæрæх концертон залы радта концерт. Хуссарирыстойнаг сфæлдыстадон коллективимæ Мæскуымæ сæрмагондæй ацыдис нæ бæстæйы культурæйы министр Зæгъойты Рада. Уый тыххæй нын фехъусын кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны культурæйы министрады пресс-службæйы.

Дардыл хъуыстгонд Чайковскийы номыл уæрæх сценæйыл æдзухдæр æвдыст æрцæуынц дунейы зындгонд сфæлдыстадон коллективты æмæ хицæн артистты концерттæ. Легендарон ансамбль «Симд» ацы зындгонд сценæйыл фæстаг хатт ирон культурæимæ уæрæсейаг аивадуарзджыты зонгæ кодта дыууын азы размæ, æмæ ныр æнæмæнг хъæуы раздахын уыцы кадджын традици, цæмæй та ирон зард æмæ кафтæн аргъ кæной Мæскуыйы æмбæстæгтæ дæр.

«Симд»-ы концерты хайад райстой Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр, Республикæ Хуссар Ирыстоны культурæйы министр Зæгъойты Рада æмæ Уæрæсейы Федерацийы Культу-рæйы министры хæдивæг Андрей Малышев.

Концерт цалынмæ нæ райдыдта, уæдмæ сценæмæ рахызтысты Зæгъойты Рада æмæ Андрей Малышев. Зæгъойты чызг йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, «Симд»-ы концерт Уæрæсейы столицæйы у ирон национ культурæйæн ахсджиаг æмæ нысаниуæг-джын цау. «Хуссар Ирыстон у хæдбар паддзахад, фæлæ фидар бастдзинæдтæй иугонд у хæларадон Уæрæсейы Федерациимæ. Сæйраджыдæр нын нæ адæмты чи æнгомдæр кæны, уый у культурæйы фадыг», – загъта Зæгъойты Рада.

Йæ рады Андрей Малышев дæр арфæ ракодта сценæмæкæсджытæн æмæ банысан кодта Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстон кæддæриддæр иумæ кæй сты æмæ сын рагæй фæстæмæ кæй ис хæларадон ахастытæ.

Мæскуыйаг сценæмæкæсджытæ базонгæ сты Хуссар Ирыстоны адæмон кафт æмæ зарды аивадимæ, ансамблы кафджытæ сæ репертуарæй сæххæст кодтой иууыл аивдæр æмæ цымыдисондæр номыртæ, уыдон нымæцы «Симд», «Хонгæ», «Чызджыты кафт», «Хъаматимæ кафт», «Алайнаг» æмæ æндæртæ. Концертон программæйы ма ансамблы хор барæсугъд кодтой ирон адæмон зарджытæй дæр.

Хореографион коллективы гастролтæ ацыдысты проект «Обменные культурные мероприятия России и Южной Осетии»-йы программæйы фæлгæтты, Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæты министрадты бадзырдмæ гæсгæ.

Цхуырбаты Лариса

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.