Ныр æртыккаг аз нæ республикæйы бар нал ис назбæлæстæ лыг кæнынæн. Хъæды хæдзарады комитет ахæм уынаффæ рахаста нæ хъæдтæ бахъахъхъæныны нысанæн. Ног азы размæ-иу уыйбæрц хихджын бæлæстæ лыг æрцыд æмæ-иу дзы бирæтæ уæй дæр не ‘рцыдысты, аннæмæй та-иу ног азы фæстæ горæты уынгты арæх фенæн уыд, цæрджытæ-иу цы назбæлæстæ раппæрстой, уыдоны. Ныр уавæр хуыздæрæр-дæм ивы. Хъæды хæдзарады комитеты сæргълæууæг Чилæхсаты Таймураз куыд зæгъы, афтæмæй уыдон бар дæттынц наз ралыг кæнынæн æрмæстдæр скъолатæн, сабидæттæн, районты культурæйы хайадтæн, сывæллæтты галуан æмæ ма иуæй-иу организацитæн.

Кæд æмæ исчи барвæндæй назбæлас ралыг кæна, уæд уыдонæн хъæды хæдзарад æмæ барадхъахъхъæнæг органтæ бафидын кæндзысты ивар. Иу метр назбæласæн ивар снысан кодтой 2 мин æмæ 500 сомы. Дыууæ метрæй бæрзонддæр бæлас ралыг кæныны тыххæй та ивар у 5 мин сомы.

***

Горæты администрацийы культурæйы хайад куыд хъусын кæны, афтæмæй уыдон бацæттæ кодтой бæрæгбонон мадзал ахæм номимæ, «Ногазон поезд», зæгъгæ, кæцы 27, 28 æмæ 29 декабры æрзилдзæн горæты микрорайонтæ – Хурзæрин, Цæгаттаг, Мæскуыйаг, Гафез, Шанхай, бигæдзаумæтты фабрикæ ЦАРЗ, цæрæн массив æмæ Вокзалгæрон фæзуаты.

Ацы районты, Горæты культурæйы хайады цы ногазон номыртæ бацæттæ кодта, уыдон цæудзысты сахаты бæрц. Сæ нысан у канд сабиты нæ, фæлæ ма хистæр кары цæрджыты зæрдæтæм цины æнкъарæнтæ бахæссын. «Нæ ногазон поезд конд у машинæты калоннæйæ. Раздзог уыдзæн Митын Дада, йемæ уыдзæн Митын Чызг æмæ 2022 азы кæй ном хæссы, уый – тигр. Сæ фæстæ «пикап» машинæйыл уыдзæн рæсугъдвæлыст назбæлас. Артисттæ ногазон зæрдæйы равг æвзæрын кæндзысты цæрджытæн. Уымæ гæсгæ хатæм микрорайонты цæрджытæй, цæмæй рахизой æмæ бакæсой. Артисттæ сын цы мадзал бацæттæ кодтой, уымæ», – зæгъы горæты администрацийы пресс-службæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.