Уалдзæджы райдианы, 8-æм марты бирæ бæстæты банысан кæнынц Сылгоймæгты дунеон бон. Бæрæгбон нымад цæуы уалдзæджы, сылгоймаджы рæсугъддзинады, уæздандзинад, куырыхондзинады боныл. Нырыккон традицитæм гæсгæ 8-æм марты раарфæ кæнынц сылгоймæгтæн се ‘ппæтæн дæр кармæ, национ хаттмæ æмæ æндæр хицæндзинæдтæм нæ кæсгæйæ. Бæрæгбоны символыл нымад цæуынц дидинджытæ (сæрмагондæй, уалдзыгон дидинджытæ – тюльпантæ кæнæ мимозæтæ). Кæй зæгъын æй хъæуы, сылгоймæгтæ дæр раарфæ кæнынц сæ кæрæдзийæн, фæлæ сæм ацы бон фылдæр хъусдард здæхт æрцæуы нæлгоймæгты ‘рдыгæй.

Сылгоймæгты дунеон бон у ахсджиаг æмæ адæмы уарзон бæрæгбон. 8-æм марты сафтид вæййынц дидинджытæ уæйгæнæн магазинтæ, уымæн æмæ алкæйы дæр фæфæнды сæ уарзон чызджытæн, цардæмбæлттæ, мæдтæ, хотæ, коллегæтæн дидинджытæ балæвар кæнын, хъарм ныхæстæ сын зæгъын. Сылгоймæгты дунеон бон цытджын æгъдауæй банысан кæнынц Хуссар Ирыстоны дæр. Уыцы бон нæ республикæйы дæр уæлдай хъусдард здæхт фæцæуы адæймагады рæсугъддæр минæвæртты æмбисмæ.

8-æм марты нæ горæты уынгты сылгоймæгтæн дидинджытæ лæвар кæнгæйæ фенæн уыд æвзонг адæймæгты. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ æрвылаз дæр Хуссар Ирыстоны уагъд фæцæуы Сылгоймæгты дунеон бонимæ баст бæрæгбонон акци. Йæ организатортæ сты республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон» æмæ ацы партийы дæлбар фæсивæдон организаци «Иугонд Алани». Уыцы бон фæсивæдон организацийы дæсгай активондæр минæвæрттæ, Плиты Ланæ, Хæбæлаты Аннæ, Джиголаты Илонæ, Фæрниаты Алан, Тедеты Элинæ, Бестауты Виктория, Дыгъуызты Миленæ, Бибылты Линдæ, Къусраты Миленæ, Агаджанян Ани æмæ æндæртæ рацыдысты горæты уынгтæм, цæмæй раарфæ кодтаиккой сылгоймæгтæн æмæ сын хъарм ныхæстимæ балæвар кодтаиккой тюльпантæ. Дидинджыты бастытимæ ма уыдон хæдзæртты бабæрæг кодтой Ирыстоны зынгæ сылгоймæгты – ветерантæ æмæ ацы политикон партийы уæнгтæ Багаты Заидæ, Размадзе Медея, Кокойты Нателæ, Джиоты Клавдия æмæ æндæрты, кæцытæн тынг æхсызгон уыд, кæй сæ æрхъуыды кодтой, уый. Æмæ сын загътой бузныджы ныхæстæ.

ХИПУ-йы журналистикæйы 3-æм курсы студенткæ Плиты Ланæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уыдон æрвылаз дæр райзæрдæйæ хайад райсынц ацы акцийы æмæ раарфæ кæнынц нæ горæты сылгоймæгтæн, балæвар сын кæнынц бæрæгбоны символ – дидинджытæ.

8-æм март у уалдзæджы æмæ рæсугъддзинады бæрæгбон. Æмæ алкæцы сылгоймаджы дæр уыцы бон фæфæнды уæлдай рæсугъддæр уæвын æмæ сæ къухты æфтгæ дæр бакæны. Уадз, æмæ хæствæллад Хуссар Ирыстоны зæххыл цæрæнбонтæм нысан цæуæд ацы рæсугъд бæрæгбон æмæ нæ хъæбатыр нæлгоймæгтæн та уæд сæ уарзон сылгоймæгтæн дидинджытæ лæвар кæныны зæрдæйы равг.

ДЖИОТЫ Е.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.