АИШ-ы национ развæдсгæрсты сæргълæууæг Джон Рэтклифф йæ уацы куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ Китай тырны дунейыл уæлиондзинад кæныны уавæр бацах-сынмæ æмæ йæхи цæттæ кæны АИШ-имæ дæргъвæтин конфронтацимæ. Рэтклифф куыд нысан кæны, афтæмæй Китай ныридæгæн райтынг кодта масштабон компани Вашингтоны ныхмæ, дзыллон æгъдауæй америкæйаг технологитæ давгæйæ, кибератакæтæ æххæст кæнгæйæ æмæ æфсæддон потенциал тыхджындæр кæнгæйæ.

Китай у АИШ, глобалон дуне æмæ демократийы нырыккондзинады иууыл сæйрагдæр тæссагдзинад Дыккаг дунеон хæстæй фæстæмæ. Китай фæнд кæны экономикон, æфсæддон æмæ технологон, глобалон уæлиондзинад къухы бафтын кæнын. Ацы бæстæ æххæст кæны экономикон дзырдхæссыны тактикæ. Китай давы америкæйаг компаниты технологиты, рауадзы сæ йæхимæ æмæ уый фæстæ базарæй америкæйæгтыл æддæмæ ахæцы. Рэтклифф цæвиттонæн æрхаста китайаг компани Sinovel-ы, кæцы америкæйаг фирмæ American Superconducto-йæ адавта дымгæйы турбинæты кондады тенологи, кæцыйы фæстиуæгæн йæ акцитæ цæхгæр фæасламдæр сты. Рэтклифф банысан кода, зæгъгæ, фæдагуырды федералон бюро арæх æрцахсы китайæгты, кæцытæ сфæнд кæнынц технологон сусæгдзинæдтæ адавын. Америкæйаг хицауад куыд нысан кæны, уымæ гæсгæ Китайы ‘рдыгæй интеллектуалон исады адавыны цаутæ æрвылаз дæр АИШ-æн слæууынц 500 миллиард доллары. Уыимæ ма Китай давы ахсджиаг хъахъ-хъæнынадон информаци, афтæ-мæй æххæст кæнынц бæстæйы сæргълæууæг Си Цзиньпины плæнттæ Китайы дунейы раззагон æфсæддон паддзахад саразыны фæдыл. Рэтклиффы ныхæстæм гæсгæ, Пекинæн нæй моралон арæнтæ, америкæйаг спецслужбæты развæдсгарæн бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Китай, æгæрыстæмæй, фæлварæнтæ уагъта йе ‘фсады салдаттыл, био-логон модифицированон хæстонты райсыны тыххæй бафæлваргæйæ.

Уымæй дарддæр ма, китайаг спецслужбæтæ пайда кæнынц ахæм фирмæтæм æнцонвадатæй, куыд Huawei, сæ архайды эффективондзинад фæбæрзонддæр кæныны нысанæн. Рэтклиффы хъуыдымæ гæсгæ, Китайы ноджы активондæрæй фæнды интеллектуалон исад давын æмæ æппæт дунейы пайдагæнджыты хисæрмагонд тыгъдадмæ тыхæй бабырсын. Китай ныридæгæн уадзы массивон киберкампанитæ АИШ-ы ныхмæ.

Ацы бæстæйæ цæуæг тæссагдзинæдты ныхмæ тох кæныны тыххæй, Рэтклифф фæндон хæссы китайаг здæхты америкæйаг спецслужбæты бюджетмæ æркæсын æмæ ацы курс хъуамæ хъахъхъæд цæуа дарддæр дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ æнæхъæн дуне ис  дыууæ æнæрайсгæ идеологийы равзæрсты раз. «Китайаг лидертæ тырнынц индивидуалон сæрибардзинæдтæ коммунистон партийы фæндондзинады дæлбар бакæнынмæ. Китай йæхи цæттæ кæны АИШ-имæ конфронатцимæ, кæцымæ хъæуы бацæттæ кæнын». Уый æрсидт америкæйаг политиктæм, цæмæй  уыдон ныууадзой æхсæнпартион быцæудзинæдтæ, бамарой тæссагдзинад æмæ мадзæлттæ райсой йæ аиуварс кæныны тыххæй. Афтæ ма уый цæвиттонтæ æрхаста сæудæджерадон, технологон æмæ зонадон дзырдхæссыны китайаг æмбæстæгтыл АИШ æрцахсыны æмæ сыл стæрхон кæныны факты тыххæй.

Рэтклифф ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй Китай Уæрæсейæ стырдæр тæссагдзинад у АИШ-æн. «Мæн нæ фæнды Уæрæсейы нысаниуæг фæкъаддæр кæнын. Уый серьезон тæс-сагдзинад у национ æдасдзинадæн, фæлæ ныртæккæ Китайы ‘рдыгæй тæссагдзинæдтæ бæрæг серьезондæр сты. Уый рзмæ куыд хъусын чындæуыд, уымæ гæсгæ 2021 финансон азæн америкæйаг бюджеты проекты Уæрæсе æмæ Китайы схуыдтой АИШ-ы сæйраг тæссагдзинæдтæ. Уæрæсейы ныхмæ архайыны тыххæй Урс хæдзар фæндон бахаста 700 милуан доллары рахицæн кæныны тыххæй. Уыцы фæрæзтæ хардз æрцæудзысты Европæ, Еврази æмæ Централон Азийы АИШ-ы æмцæдисонты фарсхæцынады æмæ иумæйаг æдасдзинад сфидар кæныны тыххæй. Уæлæмхас 24 милуан доллары та план кæнынц бахардз кæнын «уæрæсейаг пропагандæ æмæ дезинформацийы» ныхмæ тох кæныны тыххæй.

АИШ-ы Китайы минæварады хъусынгæнинаг

АИШ-ы Китайы минæварад фехъусын кодта, зæгъгæ, АИШ-ы национ развæдсгæрсты директор зыгъуыммæ кæны факттæ. Дипломатон минæварады ма банысан кодтой, зæгъгæ, АИШ-ы хицауад æмæ иуæй-иу компанитæ дæргъвæтин рæстæджы архайынц «уæрæхмасштабон, организацигонд кибердавыны цаутæ æмæ атакæтæ сæххæст кæныныл». Китайы минæварады ныфс ис, АИШ кæй нал кæндзæн æнæбындурон атакæтæ, Китай æмæ бæстæйы компанитыл хахуыртæ мысын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.