Цæгатирыстойнаг Габуты Алинæ æрдæг азæй фылдæр кусы иумæйаг-уæрæсейаг федералон спортивон канал «МАТЧ ТВ»-йы. Уый размæ та æвзонг журналисткæ Фæндзæм каналы уагъта ног хабæртты эфир, афтæ ма — НТВ-йы спортивон хабæрттæ. Йæ телевизион карьерæ райдыдта телеканал «Осетия-Ирыстон»-ы. «Абон мæ куыстæй дæн стыр райгонд. Æхсызгон мын у æххæстæй дæр ног хабæрттæ хъусын кæныны чи аныгъуылд, уыцы адæймæгты ’хсæн кусын. Мæ коллегæтæ сты сæ хъуыддаджы æцæг профессионалтæ», — радзырдта Габуты Алинæ.

«МАТЧ ТВ»-йы кусгæйæ, Алинæ цымыдис кæнын райдыдта спортивон дунемæ. Абон уый арæх бацæуы хоккейон матчтæм. Растдæр спорты ацы хуыз цæуы йæ зæрдæмæ иууыл тынгдæр. «Хоккей уарзджытæ тынг экспрессивон сты, æмæ уый та мæ зæрдæмæ æввахсдæр лæууы», — зæгъы журналисткæ. Чызгæн йæ уарзон спортсмен у йæ фыд — Габуты Валери. Уый у теннисист, æмæ ныр 30 азы дæргъы ралæууы теннисон кортты. Чызджы уырны, йæ фыды уæлахизтæ нырма разæй кæй сты, уый.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.