Цытджын Денис Владимиры фырт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ дын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын, Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæгæй æвзæрст кæй æрцыдтæ, уый тыххæй.

Æвзæрстытæ сбæрæг кодтой Донбассы адæмы политикон культурæйы бæрзонд æмвæзад æмæ фæндвидардзинад сабырад æмæ æмбæстæгты хорз царды барыл тох дарддæр кæнынмæ. Дæ политикон курсы фарс кæй лæууынц, кæцы бæрæг у æвзæрстыты уæлахизæй, зыны мидæггагон æмæ æддагон политикæ, трагикон æгъдауæй фæмардуæвæг Захарченкойы курсыл кæй бындуриуæг кæндзæн, дарддæр дæр кæй цæудзæн республикæйы паддзахиуæгад æмæ сабырад сифтонг кæныны фæдыл куыст.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Денис Владимиры фырт, фидар æнæниздзинад, фæрныгад, æнтыстытæ бæрзонд паддзахадон бынаты, сабырад æмæ дидинæфтыд.

Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы Сæрдар Гасситы Петр

 

***

Цытджын Леонид Иваны фырт!

Айс мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ Луганскы Адæмон Республикæйы сæргълæууæгæй æвзæрст кæй æрцыдтæ, уый тыххæй.

Кæд Киевы æмæ дунеон æхсæнады æртхъирæнтæ уыди æвзæрстытæ ма банымайыны тыххæй, уæддæр Луганскы адæм равдыстой бæрзонд актвиондзинад æмæ организацион æгъдауæй æрбацыдысты æвзæзрстытæм, цæмæй сæхицæн сифтонг кæной сæ зæххыл цæрын, сабырæй рæзын, сывæллæтты хъомыл кæныны бар.

Дæ уæлахиз дзурæг у, адæм дæ политикон курсы фарс кæй лæууынц æмæ дын уый ахъаз уыдзæн практикон фарстатæ скъуыддзаг кæнын, уавæр стабилизаци кæнын, сабыр цард бæстон кæнын, социалон функцитæ æххæст кæнынмæ æппæт хъарутæ дæр аздахынæн адæмы фæрныгад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Леонид Иваны фырт, фидар æнæниздзинад, циндзинад, фæрныгад, стыр æнтыстытæ бæрзонд паддзахадон бынаты, сабырад æмæ дидинæфтыд.

Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы    Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.