Нæ чысыл республикæйы тагъд парахат кæнынц хабæрттæ. Уæлдайдæр та исты æбуалгъ хабар куы æрцæуы, уæд не ‘хсæнад æгасæй базмæлы. Хъыгагæн, фæстаг рæстæджы нæм æрдзон газимæ баст цаутæ æмæ трагедитæ сарæх сты.

Хæрзæрæджы, 24 октябры Шанхайы районы Герцены уынджы ссыгъд хисæрмагонд хæдзар, æмæ дзы бабын сты дыууæ сывæллоны æмæ 70-аздзыд сылгоймаг. Ӕмæ та ныр ногæй ахæм æнгæс трагикон цау – Шанхайы районы Хъуылайы фырты уынджы ссыгъд хисæрмагонд хæдзар æмæ дзы фæмард дыууæ адæймаджы – хо æмæ æфсымæр. Мад æмæ йæ дыууæ чызджы та уæззау уавæры бахаудтой рынчындонмæ æмæ сæ фæстæдæр аластой сыхаг республикæмæ гъæдджындæр медицинон æххуыс сын бакæныны тыххæй.

Ацы дыууæ трагикон цауы иу кæны се ‘рцыды аххосаг. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ  хæдзæртты срæмыгъды æмæ стæй йæ фæстæ та зынгсирвæзты аххосаг уыдис æрдзон газ. Бæрæг нæу, сусæгæй уагъд уыд æрдзон газы хæтæл хæдзармæ, æви сæ ифтонггæрзтæ рæстмæ арæзт нæ уыдысты, уый. Фæлæ цалдæр адæймаджы фæмард сты æмæ уый хъуыдыйаг у.

 

Цы хъæуы саразын проблемæ аиуварс кæнынæн?

Сыгъдхъæстæ газ фæулæфыны цаутæ нæм æрвылкъуыри дæр æрцæуы – уæлдайдæр та зымæгон уазал рæстæджы. Ӕниу нæм сæрды дæр æрцыд цалдæр трагикон цауы – хъармгæнæн колонкæ-иу фехæлд æмæ-иу бинонтæй чидæр бабын. Проблемæмæ лыстæг куы æркæсæм, уæд дзы цæрджытæн сæхи аххос фылдæр ис, цасфæнды æмбæлон службæты ма æфхæрæм, уæддæр. Де ‘нæниздзинад æмæ æдасдзинадыл дæхицæй тынгдæр чи хъуамæ тыхса? Кæд æмæ газы ифтонггæрзтимæ архайын нæ зоныс, уæд хъæуы æрбакæнын специалисты, цæмæй дын æй гъæдджын арæзт скæна æмæ æдас уай.

Чидæртæ ахæм фарстатæм уæлæнгай цæстæй кæсынц, фæлæ фæстаг цаутæ куыд равдыстой, афтæмæй æрдзон газ у тынг тæссаг. Уымæ гæсгæ æдзух хъæуы хъус дарын хъармгæнæнтæм, хæтæлтæм, ифтонггæрзтæм, æмæ сæ рæстæгæй-рæстæгмæ та хъуамæ сгара æмбæлон специалист. Хъуыды йæ кæнын, 20 азы размæ дæр газы кусджытæ дзырдтой, æрдзон газæй чи кусы, ахæм хъармгæнæн системæйæн кæй нæй æвæрæн хинайæн хатæнты. Фæлæ абоны бон дæр нырма ис хæдзæрттæ æмæ фатертæ, кæцыты хъармгæнæн колонкæтæ æвæрд сты хинайæн хатæнты. Ахæмтæн ма сæ хъустæ саджил хъуамæ фæкæнай, цæмæй сæм бахъара?

Æрцæугæ трагикон цауты фæстиуæгæн РХИ-йы Хицауады сæрдар Джуссойты Константин æрдзон газимæ баст æдасдзинады фарстатæ æрæвæрдта Хицауады уæнгты раз æмæ æрдомдта, цæмæй цыбыр æмгъуыдмæ исты арæзт æрцæуа сæвзæргæ уавæр фæхуыздæр кæнынæн. Уæлвæткон уавæрты министр Гассеты Ибрагим банысан кодта, зæгъгæ, развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æрцæугæ æбуалгъ трагедийы аххосаг уыдис æрдзон газ.

Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты сæрдар Тедеты Руслан æрдзырдта хисæрмагонд хæдзæртты æмæ фатерты æрдзон газы ифтонггæрзты æдасдзинады тыххæй. Куыд банысан кодта, афтæмæй нæм 2000-æм азтæй фæстæмæ газы хæдзарад нал кæны техникон лæггæдтæ – кæцыдæр абоненттæ сæхæдæг барвæндонæй сгарын кæнынц сæ газы системæтæ. Цæмæй цæрджыты бахæсджын кæнай æмæ сæм специалисттæ рæстæгæй-рæстæгмæ цæуой ифтонггæрзтæ сгарынмæ, уый тыххæй та райсын хъæуы сæрмагонд закъон. Абоны бон газы организацийæн ис радгæс диспетчер æмæ аварион службæ, фæлæ уыдон бынатмæ бацæуынц, газ куы ахъуызы, уæд. Ӕмæ ныры уавæры та дзырд цæуы развæлгъау бабæрæг кæныныл, цæмæй фыдбылыз ма æрцæуа.

Ӕнæниздзинад æмæ социалон райрæзты министр Плиты Агуындæ рæгъмæ рахаста донорон туджы хъуагдзинады проблемæ. Зынгсирвæзты рæстæджы та рынчынтæн нæ фаг кодта донорон туг. Ацы проблемæ дæр рагон у – исты æвзæр хабар куы æрцæуы æмæ рынчыны туг куы фæхъæуы, уæд дохтыртæ фылдæр хатт тынг фæтыхсынц. Ам дæр райсын хъæуы сæрмагонд закъон, пропагандæ кæнын хъæуы доноры хъуыддаг. Адæм æй хъуамæ æмбарой, донорты туджы фæрцы мæлæтæй кæй фервæзынц бирæ рынчынтæ.

Джуссойты Константин банысан кодта, зæгъгæ, æнæмæнг æрбиноныг кæнын хъæуы нормативон-барадон базæ æрдзон газæй пайда кæныны хъуыддаджы. Цæмæй æмбæлон службæтæ цæрджытæн кæной техникон лæггæдтæ сæ хисæрмагонд хæдзæртты, уый тыххæй дæр райсын хъæуы барадон нормативтæ. Хицауады сæрдар ма бахæс кодта, цæмæй цæрджытимæ дæр бакусой, бамбарын сын кæной, ахæм мадзæлттæ фыццаджыдæр се ‘дасдзинады тыххæй кæй цæуынц ист.

ГУП «Энергоресурс»-ы газы ифтонгады службæйы сæргълæууæг Табуты Нугзары ныхæстæм гæсгæ, цæмæй ныры уавæрты сæ хъус дарой цæрджыты газы прибортæм, уый тых-хæй семæ бафыссын хъæуы уæлæмхасæн бадзырд техникон лæггæдты тыххæй. Уый фæстæ газы кусджытæн бар ис æмæ басгарой пецтæ, донхъармгæнæнтæ æмæ ма æндæр ахæм ифтонггæрзтæ. Фæлæ абоны бон ахæм уæлæмхас бадзырдтæ сарæзтой хæрзцъусæй. «Советон Цæдисы æндæрхуызон системæ уыдис ацы фадыджы – сæрмагонд службæ зылдис æмæ бæрæг кодта цæрджыты газы системæтæ. Абоны бон та махмæ уыцы фадæттæ нæй, цæмæй райсæм куыстмæ æмбæлон специалистты, мызд сын фидæм æмæ сæ æрвитæм цæрджытæм бæрæггæнæг. Фæлæ кæд дæхæдæг бафиппайдтай исты хъæндзинад дæ газы системæйы куысты, уæд фæдзурæн ис сæрмагонд телефоны номыртæм, мах æвæстиатæй бацæудзыстæм æмæ аиуварс кæндзыстæм проблемæ», – зæгъы Табуты Нугзар.

Горæты бирæуæладзыгон хæдзæртты ма рагæй фæстæмæ проблемон сты сæ вентиляцион каналтæ. 90-æм азты цæрджыты бахъуыд сæ фатерты пецтæ сæвæрын æмæ вентиляцион каналтæй сарæзтой фæздæгцæуæнтæ. Уый фæстæ бирæтæ газы пецты æмæ ма æндæр ахæм приборты трубæтæ дæр баиу кодтой ацы каналтæм. Фæлæ сæ рæстæгæй-рæстæгмæ фæхъæуы сыгъдæг кæнын, кæннод фæздæг фæстæмæ фатермæ здæхы. Уый тыххæй дæр нæм арæх æрцæуы фыдбылызтæ.

Ацы проблемæ ахсджиаг у æмæ йæ хъæуы æвæстиатæй аскъуыддзаг кæнын. Хорз уаид, цæрæнуæттæ ифтонг куы æрцæуиккой газоанализатор-датчиктæй. Уæййаг дзы ис алыгъуызæттæ æндæр æмæ æндæр æргътыл, фæлæ сæ куысты принцип æнгæс у. Бæлвырд кæнынц цыфæнды рæмудзæн æмæ тæссаг газты концентраци æмæ фæдисы сигнал дæттынц. Ацы датчиктæ фæахъаз уаиккой æрдзон газ ахъуызыны рæстæджы. Уымæн æмæ йæ куыд зонæм, афтæмæй цæрæнуаты бадгæйæ, адæймаг нæ фæхаты, газ кæй хъуызы, æрлæмæгъ æй кæны æмæ стæй фыдбылыз æрцæуынмæ дæр бирæ нал фæхъæуы. Афтæмæй зынаргъ дæр не сты ацы датчиктæ.

Джиоты Алыксандр