Адæмы æмæ æхсæнады культурæйы æмвæзад бирæ æвдисæнтæм гæсгæ бæрæг цæуы. Сæ ахсджиагдæртæй иу у æрдзмæ ахаст. Адæм æрдзмæ  алы ран æмхуызон нæ кæсынц. Европæйы чи уыд, уыдон арæх фæдзурынц, ома, сæ æрдз – сæ хæхтæ сæ цæугæдæттæ не сты Ирыстонæй аивдæр. Фæлæ зæрдæмæдзæугæдæр вæййынц фылдæр хатт, уымæн æмæ сæ дарынц сыгъдæгæй, стæй дзы алы гæппæлыл зыны адæймаджы аудындзинад, адæймаджы архайд, хъуыды æмæ æркаст фæлтæрæй фæлтæрмæ. Цыбыр ныхасæй, культурæ цы хонæм, уый.

Парктæн рагæй фæстæмæ адæймаг æмæ æрдзы ахастыты ис сæрмагонд бынат. Ис, зæгъæм, французаг парктæ. Кæд ахæм ном хæссынц, уæддæр сæ хъуыды фæзынд Ренессансы рæстæджы Италийы. Францы йын радтой дыккаг цард æмæ йæ æмбæлгæ æмвæзадмæ скодтой. Французаг паркты алцыдæр у раст, алы къутæрыл зыны адæймаджы æркаст. Фæндæгтæ – раст, бæлæстæ æмæ къутæртæ – æлвыд, алцæмæн дæр йæхи бынат æмæ формæ. “Адæймаг – æрдзы хицау”, – ацы хъуыды у французаг паркæн йæ бындур. Йемæ ма иумæ французаг парк ирдæй æвдисы дунейы раст уагæвæрд, адæймаджы зонд æмæ тыхы руаджы Хуыцауæй дæтгæ æрдзы ноджы рæсугъддæр кæнын. Ренессансы философийæн, французаг рационалон хъуыдыйæн æмæ бароккойы аивадон принциптæн французаг парк у иттæг хорз æвдисæн.

Ис англисаг парктæ дæр. Кæд французаг парк адæймаджы сæйраг бынат æрдзы `хсæн æвдисы, уæд англисаг паркы мидис та у æндæр. Адæймаг æрдзы хуыздæрæрдæм хъуамæ афтæ ива, цæмæй дзы йæ къух æмæ йæ архайд ма зыной. Æрдзы цы уагæвæрд ис, уый хъуамæ паркты дæр баззайа, цæмæй  адæм сæ иудзинад æрдзимæ хатой. Англисаг паркты нæй, геометримæ гæсгæ, арæзт фæндæгтæ, æмхуызон æлвыд къутæртæ кæннод бæлæстæ, афтæмæй дзы алы бæлас кæннод цад сты сæ бынæтты. Ам адæймаг хъуамæ йæхи хата, куыд æрдзы ахсджиагдæр хай. Англисаг паркты хъуыдыйы бындур бирæтæ уынынц Руссойы æрдзы философийы: сæрибар адæймаг – сæрибар æрдзы `хсæн.

Ирыстоны æрдз æмбисонд у, æмæ нæм парктæ дæр ис. Сæ бындур цы философийæ æви аивадæй рацыд, уый зын зæгъæн у. Ирон паркты аивдзинад æмæ сыгъдæгдзинад мах нæхæдæг бирæбæрцæй халæм, чъизи сæ кæнæм, нæ фæстæ брæттæ ныууадзæм. Афтæ у: кæмдæр адæймаг у æрдзы хицау, кæмдæр – йæ ахсджиаг æмæ сæрибар хай, кæмдæр та –  бронгæнæг. Æвæццæгæн, алкæмæн дæр йæхи ахаст ис æрдзмæ…

Æрмæг бацæттæ кодта Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.