Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы тренер Черчесты Станислав сæххæст кодта фыццаг рады йæ разы лæууæг хæс. Йæ къухдариуæгадæй, фыццаг хатт Уæрæсейы æмбырдгонд командæ дунейы чемпионаты йæ къордæй рахызт радон этапмæ. Бæстæйы æмбырдгонд командæ дыккаг хъазты 3:1 хыгъдæй рамбылдта Египеты командæйы æмæ æрæмбырд кодта 6 очкойы. Афтæмæй рахызт финалон хаймæ. Фембæлд уыд Санкт-Петербурджы стадионы, цыран цæуы 64 мин адæймаджы. Уым иу сæрибар бынат дæр нæ уыд. Хъазт комкоммæ эфиры æвдыста телеканал «Россия-1». Æрмæст уæрæсейаг спортуарзджытæ нæ, фæлæ ма фырцинæй сæ эмоцитæ нæ урæдтой, ацы телеканалы кусджытæ дæр. Æмæ ма хъазты тæккæ фæстæ Черчесты Станиславы цытæн  эфиры баиу кодтой зарæг «Ты – космос, Стас», – зæгъгæ. Дзыллон информацийы фæрæзтæ дæр æппæлынц тренерæй. Бирæ журналисттæ æмæ специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыдон раздæр критикæ кодтой Черчесты Станиславы, фæлæ ныр бамбæрстой, тренер раст фæндагыл кæй цыд, уый.

Ныр ма Уæрæсе йæ къорд  25 июны ахъаздзæн Уругвайы командæимæ, кæцы нымад у «А» къорды фаворитыл. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ уæрæсейæгтæ уый размæ цы чемпионатты хайад райстой, уыдоны  цал хатты рамбылдтой, уал хатты ныр фæуæлахиз сты иу турниры мидæг.

Уыцы бон ма уагъд æрцыд дыууæ хъазты. Дыууæйы дæр æрцыд сенсацитæ. Нырма уал Японы командæ 2:1 хыгъдæй рамбылдта Колумбийы. Сенегал дæр ахæм хыгъдæй æнæнхъæлæджы фæуæлахиз Польшæйы командæйыл. Уый размæ бон дæр чемпионаты фæлгæтты уагъд æрцыд æртæ хъазты.  Швеци 1:0 хыгъдæй рамбылдта Хуссар Кореяйы, Бельги 3:0 хыгъдæй ныддæрæн кодта Панамайы æмæ Англи та рамбылдта Тунисы – 2:1.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.