Президентон æвзæрстыты дыккаг тур 8 маймæ кæй снысан кодтой æмæ ма 9 майы та Стыр Уæлахизы цытæн Театралон фæзуаты æфсæддон парад æмæ   æндæр бæрæгбонон мадзæлттæ кæй æрцæудзысты уагъд, уый фæдыл барадхъахъхъæнæг органты бахъуыд æмбæлон мадзæлттæ райсын. Ныры æндыгъд уавæры провокацитæй тас у æмæ хъусдард аздахын хъæуы канд æхсæнадмæ нæ, фæлæ ма æддагон æндæвдадмæ дæр, ома, нæ сыхаг бæстæйæ нæ хъæуы хи бахизын. Уымæ гæсгæ, æппæт тыхон структурæтæ дæр 7 майы райсомæй фæстæмæ кусын райдыдтой фæтыхджындæргонд режимы.

Мидхъуыддæгты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Пухаты Мераб дæр йæ радон æмбырды бафæдзæхста йæ хæдивджыты æмæ дæлхæйтты сæргълæуджыты, цæмæй дисциплинæмæ аздахой æмбæлон хъусдард æмæ службæ хæссыны бынæтты бæрæг кæной, сæ дæлбар кусджытæ куыд æххæст кæнынц сæ хæстæ, уый. Банысан кодта, зæгъгæ, милицийыл æвæрд ис æхсæнадон фæтк æмæ æдасдзинад бахъахъхъæныны хæс æмæ йæ бæр-зонд æмвæзадыл хъуамæ сæххæст кæнæм.

«Махæн нæ хæс у, цæмæй æвзæрстытæ дæр æмæ æфсæддон парад дæр ацæуой сабырæй, æнæфæткхалæн цаутæй. Закъоны сæрты никæмæн ис ахизæн æмæ мах дæр йæ фæлгæтты хъуамæ архайæм. Ӕхсæнады æндыгъддзинад ма хъуамæ ахиза æнæзакъонон архайдмæ, ма бауадзæм нæхи дæр æмæ искæй дæр фæрæдийын, æмæ уæд ны-мад æрцæудзæнис, нæ разы лæууæг хæстæ кæй сæххæст кодтам», – зæгъы Пухаты Мераб.

Развæлгъау мидхъуыддæгты министрады арæзт æрцыдис организацион-практикон мадзæлтты план æмæ уымæ гæсгæ алкæцы дæлхайæн дæр æмбæрстгонд сты йæ хæстæ. Ӕвзарæн фадгуыты бæстыхæйтты бонраздæр, ома, 7 майы сабаты, райсдзысты сæхимæ милицийы кусджытæ. Ацы бæстыхæйтты æмæ ма сæ алыварс территориты развæлгъау басгардзысты нæ республикæйы инженерон-саперон къордтæ сæрмагонд техникон ифтонггæрзтæ æмæ æрмахуыр куыйтæй спайда кæнгæйæ. Ӕвзарæн бюллетенты хъахъ-хъæнын дæр бахæс кодтой милицийæн.

Милицийы кусджытæ ма æхсæнадон фæтк хъахъхъæндзысты фæсарæнты æвзарæн фадгуыты дæр, ома, Мæскуыйы, Абхазы республикæйы æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы, æмæ уырдæмыты дæр æрвыст æрцыдысты снысангонд кусджытæ.

8 майы райсомы 7:30 сахатæй фæстæмæ æвзарæн фадгуыты цур автоинспекцийæн æвæрд æрцæудзысты постытæ, цæмæй адæм сæ автотранспорт æнæмбæлон рæтты ма уромой. Ӕвзарæн бæстыхæйттæм бахизæнты та милицийы кусджытæ пайда кæндзысты металлодетектортæй, цæмæй мидæмæ æхсæнгарз кæнæ æндæр цыргъаг дзаума баххæссыны фадат макæмæн уа. Горæты æмæ ма районты дæр фæфылдæр кæндзысты патрулон экипажтæ, кæцытæ нысанмæздæхт уыдзысты фæткхалæн цаутæ ма æруадзынмæ.

Ӕфсæддон парадмæ дæр æххæст цæуынц æмбæлон мадзæлттæ – 5, 6 æмæ 7 майы Театралон фæзуаты уагъд æрцыдысты генералон репетицитæ. Ӕрвылаз дæр уæлдай хъусдард здæхт фæцæуы парады хайадисджытæм, – сæ цæттæдзинадмæ, се ‘ддаг бакастмæ, бæлвырд фæцæуынц хъæндзинæдтæ. Алкæцы парадон расчеты дæр ныридæгæн уагъд æрцыдысты рæнхъон сгæрстытæ, кæцыйы фæрцы рабæрæг вæййынц лыстæг хъуагдзинæдтæ, – кæмæн æгънæг нæ фаг кæны, кæмæн йæ какарда нæ бæззы æмæ афтæ дарддæр.

Мидхъуыддæгты министрады сылгоймæгты парадон расчеты дæр уагъд æрцыд рæнхъон басгæрст æмæ Пухаты Мерабы ныхæстæм гæсгæ, цæттæ сты парадмæ. Министры хæдивæг Марданты Спартакæн хæсгонд æрцыд, цæмæй парады хайадисджытæ ифтонг æрцæуой уæлæдарæсæй, эмблемæтæй, шевронтæй.

9 майы райсомæй 7 сахатыл Театралон фæзуатмæ бахизæнтæ æхгæд æрцæудзысты автотранспортæн æмæ фистæг бæлццæтты та сгардзысты металлодетектортæй. Централон фæзуат æмæ ма паддзахадон бæстыхæйттæ дæр рагацау сгæрст æрцæудзысты. Кæмдæриддæр бæрæгбонон мадзæлттæ уагъд цæуа, уымыты æдасдзинады тыххæй ист цæудзысты æмбæлон мадзæлттæ. Мидхъуыддæгты министрад сиды горæты цæрджытæм, цæмæй ацы бонты, гæнæн уæвгæйæ, къаддæр пайда кæной хисæрмагонд автотранспортæй.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.