Рацыд 71 азы, Стыр Уæлахизы номыл хæцæнгæрзты æхст куы айхъуыст, Советон Æфсад Германы фашизмы куы ныссаста æмæ Уæлахизы тырыса Рейхстаджы сæрæй куы сфæйлыдта, уæдæй. 1945 азы 9 майы советон салдат дуне ссæрибар кодта гитлерон тыхæйисджытæй.

Ацы кадджын æмæ нысаниуæгджын бæрæгбон æрвылаз дæр нысан цæуы цытджын уавæрты. Нæ Республикæйы сæйраг горæт Цхинвалы Театралон фæзуатмæ æрæмбырд сты бæрæгбонвæлыстæй, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ фæсчъылдымы уæлахиз чи æввахс кодта, уыцы зынаргъ ветерантæ. Уыцы стыр уæлахиз чи æввахс кодта, тохы быдыры знаджы судзгæ нæмыгмæ йæ риу чи дардта, уыдон æнæмæлгæ хъæбатырдзинадæн аккаг аргъ кæнæм мах — сæ хъæбултæ, хъæбулы хъæбултæ, нæ чысыл хуртæ. Уыдон дæр бæрæгбонвæлыстæй кад кодтой Стыр Уæлахиз хæсджытæн.

Цытджын трибунæмæ схызтысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид, Хицауады æмæ Парламенты уæнгтæ, æрхонгæ уазджытæ.

Сæрибары фæзуатмæ Хъахъхъæнынады министрады Цытджын караул æрбахастой Сæрибары æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Тырысатæ.

Фашистон Германыл Стыр Уæлахизы боныл 71 азы цытæн æфсæддон парад иста Республикæйы Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг, инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагим. Парадыл командæ кодта РХИ-йы Гарзджын тыхты генералон штабы къухдариуæггæнæг, инæлар-майор Цъæритты Тамерлан. Уыдон æрзылдысты рæнхъæйлæууæг æфсæддонтыл æмæ сын раарфæ кодтой бæрæгбоны цытæн.

РХИ-йы Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим схызт Цытджын трибунæмæ æмæ рапорт радта сæйрагкомандæгæнæг, Президент Тыбылты Леонидæн, Гарзджын тыхтæ бæрæгбонон парады рацæуынмæ цæттæ кæй сты, уый тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид арфæ ракодта Стыр Уæлахизы боны цытæн нæ ветерантæн, советон салдаттæн — уыдон æрхастой ацы уæлахиз. (Йæ доклад мыхуыры цæуы).

Айзæлыдысты Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон гимнты зæлтæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон адæмы Стыр Уæлахизы боны цытæн æфсæддон парад байгом. Хайад дзы райстой РХИ-йы Гарзджын тыхты æфсæддон дæлхæйттæ; Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Федералон æдасдзинады службæйы Арæнгæрон управлени; РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæ; Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады 4-æм гвардион æфсæддон базæйы æфсæддон службæгæнджытæ; РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд; Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдты фæстиуджытæ аиуварс кæныны хъуыддæгты фæдыл министрады кусджытæ; Хъахъхъæнынады министрады кадетон скъолайы курсанттæ.

Уæлахизы боны цытæн æфсæддон парады ма хайад райстой РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады сылгоймаг æфсæддон службæгæнджытæ.

Афтæ ма парады хайад райстой РХИ-йы Хъахъхъæнынад æмæ Мидхъуыддæгты министрадты æфсæддон техникæ; Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады 4-æм æфсæддон базæйы техникæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид æрхызт Хицауады трибунæйæ æмæ сæрмагондæй раарфæ кодта æфсæддон парады хайадисæг командиртæн.

Стыр уæлахизыл Ацы кадджын æмæ нысаниуæгджын бæрæгбон æрвылаз дæр нысан цæуы цытджын уавæрты. Нæ Республикæйы сæйраг горæт Цхинвалы Театралон фæзуатмæ æрæмбырд сты бæрæгбонвæлыстæй, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ фæсчъылдымы уæлахиз чи æввахс кодта, уыцы зынаргъ ветерантæ. Уыцы стыр уæлахиз чи æввахс кодта, тохы быдыры знаджы судзгæ нæмыгмæ йæ риу чи дардта, уыдон æнæмæлгæ хъæбатырдзинадæн аккаг аргъ кæнæм мах — сæ хъæбултæ, хъæбулы хъæбултæ, нæ чысыл хуртæ. Уыдон дæр бæрæгбонвæлыстæй кад кодтой Стыр Уæлахиз хæсджытæн.

Цытджын трибунæмæ схызтысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид, Хицауады æмæ Парламенты уæнгтæ, æрхонгæ уазджытæ.

Сæрибары фæзуатмæ Хъахъхъæнынады министрады Цытджын караул æрбахастой Сæрибары æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Тырысатæ.

Фашистон Германыл Стыр Уæлахизы боныл 71 азы цытæн æфсæддон парад иста Республикæйы Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг, инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагим. Парадыл командæ кодта РХИ-йы Гарзджын тыхты генералон штабы къухдариуæггæнæг, инæлар-майор Цъæритты Тамерлан. Уыдон æрзылдысты рæнхъæйлæууæг æфсæддонтыл æмæ сын раарфæ кодтой бæрæгбоны цытæн.

РХИ-йы Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим схызт Цытджын трибунæмæ æмæ рапорт радта сæйрагкомандæгæнæг, Президент Тыбылты Леонидæн, Гарзджын тыхтæ бæрæгбонон парады рацæуынмæ цæттæ кæй сты, уый тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид арфæ ракодта Стыр Уæлахизы боны цытæн нæ ветерантæн, советон салдаттæн — уыдон æрхастой ацы уæлахиз. (Йæ доклад мыхуыры цæуы).

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.