8-æм августæй 15-æм августмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл фыдракæнд не ‘рцыдис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй, урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕн-дӕгтыл ӕрцыдис иу фæндагон-транспортон цау.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдис иу адӕймаг.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 342 фæткхалæн цауы. Уыдонæй æхсæз уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

15-æм августы Знауыры районы Уахтъанайы хъæумæ ввахс фæндагыл ссыгъд автомашинæ «ВАЗ-21111», кæцыйы шофыр разынд Знауыры районы Цъорбисы хъæуы 73-аздзыд цæрæг. Зынгхуыссынгæнæн службæйы кусджытæ æвæстиатæй ссыдысты бынатмæ æмæ йæ ахуыссын кодтой. Уымæй уæлдай ма 17-æм августы Знауыры районы Циглаты хъæумæ ‘ввахс ссыгъдис хус кæрдæг, кæцыйы фæстиуæгæн басыгъдысты 39-аздзыд бынæттон цæрæджы хæдзарадон арæзтæдтæ.

18-æм августы Дзауы районы Бузалайы хъæуы 54-аздзыд цæрæг уæззау уавæры бахаудта рынчындонмæ. Барадхъахъхъæнæг органтæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй ацы æмбæстаг хъавыд йæхи амарынмæ æмæ йæхи фехста автомат Калашниковæй. Фехсыны фæстиуæгæн ныппырх сты йæ дыууæ фсæры дæр æмæ йæ ныридæгæн аластой Цæгат Ирыстонмæ хос кæнынмæ.

Дзауы районы милицийы кусджытæ Бузалайы хъæуы баурæдтой 42-аздзыд го-рæттаг цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта наркотиктæй спайда кæнынмæ. Медицинон басгæрст куыд рабæрæг кодта, афтæмæй фæткхалæг спайда кодта «метадон»-æй. Уымæй уæлдай ма баурæдтой горæт Цхинвалы 28-аздзыд цæрæджы дæр, кæцы спайда кодта марихуанайæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.