Рæстæг цæуы, фæлæ нæ адæмæй рох не сты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон салдаты уæззау тохы фæндæгтæ. Уæлахизы бонæй рацыд 75 азы, фæлæ абон дæр сабыруарзаг дзыллæтæ сæ зæрдыл дарынц æмæ кад кæнынц, уæлахизы хъуыддагмæ йын стыр хайбавæрд чи бахаста, йæ цард амондджын сомбоны тыххæй чи нæ бавгъау кодта, уыцы æдзард хæстонты рухс нæмттæ.

  Хуссар Ирыстоны æхсарджын фырттæ дæр хъæбатырæй хæцыдысты фыдгулы ныхмæ, уыдонæй дзæвгар фæмард тохы быдыры, сæрæгасæй нал сæмбæлдысты сæ фыдыуæзæгыл.

Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ фæллойы ветеранты Цхинвалы районы советы сæрдар Гуыззыттаты Аристо нын куыд радзырдта, афтæмæй зæрдылдарæн бонмæ сæхи аккагæй цæттæ кæнынц. Районы хъæуты æдзард хæстонты номыл ис 15 цыртдзæвæны, уыцы нымæцы сты Зар, Рустау, Тъбет, Къостайыхъæу, Прис, Сатихъар, Сарабукъ, Ортъеу æмæ æндæр рæтты. Уыдон саразыныл фылдæрбæрцæй бакуыстой бынæттон цæрджытæ, уымæн æмæ ахæм æдзард сахъгуырдтæ сты уый ак-каг. Ныртæккæ Ветеранты советы сæйраг хæстæй иу у, цæмæй сбæрæг кæной цыртдзæвæнты фидардзинад æмæ сæм уымæ гæсгæ цæуынц бынæттæм, кæм бахъæуа, уымыты бакæндзысты цалцæггæнæн куыстытæ. Уыдысты уал цыппар хъæуы, æввахс бонты азилдзысты иннæтыл дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ рог цалцæг бахъæудзæн Къостайыхъæуы цыртдзæ-вæны, уæлвонг бынаты ис Тъбеты хъæуы Кады обелиск, уымæ дæр хъæудзæн базилын. Дменисы хъæуы цыртдзæвæны къæйдуртæ сæ бынæттæй фæиппæрд сты æмæ уым дæр цалцæггæнæн куысты-тæм бавналдзысты рæхджы. Хæстонты цыртдзæвæнты территори ссыгъдæг кæныныл та бацархайдзысты скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ. Фæлæ зæгъын хъæуы, иуæй-иу хъæуты кæй нал ис ахуыргæнæн уагдæттæ æмæ уыцы хъæуты цæрджытæ та сæхи хъæппæрисæй ракæндзысты зиутæ æмæ сæ ссыгъдæг кæндзысты. Зæгъæм, Присы хъæууон администрацийы сæргълæууæг Уазæгты Къоста бынæттон цæрджыты æххуысæй базилдзысты, ам цы   цыртдзæвæн ис, уымæ.

 Уымæй дарддæр Совет бацархайдзæн, цæмæй æмбæлой цæрджытимæ æмæ кæстæрты зонгæ кæной нæ чысыл Ирыстоны фыртты хæстон сгуыхтдзинæдтимæ, сæхи рады ахуыргæнинæгтæ та кæсдзысты æмдзæвгæтæ, бацæттæ кæндзысты æмæ равдисдзысты советон салдаты тыххæй инсценировкæтæ. Ахæм фембæлдтытæ æввахс рæстæджы ауаддзысты Къостайыхъæу æмæ Сатихъары.

Хъыгагæн, хæсты ветерантæ ма районы сты дыууæ адæймаджы – Къусраты Илья æмæ Къæбулты Павел. Уыдонæн УФ-йы Президент Владимир Путины барамындæй лæвæрд хъуамæ æрцæуа фæйнæ 75 мин сомы. Уæлахизы хъуыддагмæ сæ аккаг хайбавæрд бахастой, фæсчъылдым чи фæллой кодта, фронтæн æппынæдзух чи æххуыс кодта, колхозон быдырты чи фæллой кодта, æмбисæхсæвтæм нæ хæстонты хъарм дарæсæй цы сылгоймæгтæ ифтонг кодтой, æппæт уыдон дæр. Районы ма абоны бон фæсчъылдымы ветерантæ сты авд. Уыдон дæр æнæхъусдард нæ баззайдзысты.  

                                                                ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.